• Карикатуры Арсена Коцоева

    Главная > Карикатуры Арсена Коцоева

    — Чысыл мыл хъуынтæ куы рахæцыди, уæд бакаис кодтон... Ныр мæ бирæ нал хъæуы : Хуыцауы фæндæй дыууæ-æртæ азы фæстæ ирæд фыст фæуыдзынæн æмæ уæд мæ бинойнаджы æрхæсдзынæн.



    — Мæ къонайыл!.. Ацы уæззау къуыстилы бын искуы æрхаудзынæн æмæ худинаг кæнын.
    — Цы хорз фидауы уыцы ног чындз къуыстилимæ!



    — Гуыбынниз дæ адава, цæуылнæ бакуымдтай Текайы-фыртæн, æгæр дзæбæх лæппу у?
    — Цыфæнды фестæд, уæддæр, йе афицер куынæ уа, кæнæ та студент, уæд æз мой не скæндзынæн.



    — Диссагæй та цынæ фехъусдзынæ!.. Уæртæ уыцы даргъæвзаг афтæ зæгъы, æз, дам, мæ усæн мæй иу над йеддæмæ нæ кæнын!..
    — Уæдæ!.. Фæвæййы ахæм æдылытæ... Усæн бон дыууæ нады хъæуы — ну над, райсомæй куы сыста, уæд, иннæ та, изæрæй куы хуысса, уæд. Хаттæй-хатт ма æмбисбон анæмын дæр ницы хъыгдары!..



    Цы хуызæн уыди ракуырды бон.


    Цы хуызæн уыди чындзы цæуыны бон.



    — Мæнæ мын ацы арахъы авгæй мировоймæ прошенæ ныффысс, иннæ авгæй — пъырыстыфмæ, а бабызæй та — губернаторæн йæхимæ.
    — Ныффысдзынæн, фæлæ дæ нымад мæ зæрдæмæ нæ цæуы. Ды мын хъуамæ иннæ «аблакатты» хуызæн æнхъæл дæ!.. Хицæуттæ мæ къухæй фыст куыддæр ауынынц, афтæ уыцы сахат хъуыддаг алыг кæнынц. Уый дæ рох ма уæд... Мировоймæ ныффыссæггаг хъæуы арахъы авг æмæ 20 капеччы, пъырыстыфмæ — карк æмæ 40 капеччы, губернатормæ та карк, бабыз, арахъы авг æмæ æхцайæ сомырдæг... Уымæй асламдæр æз никуы фыссын.


    — Габо, Уæрæсейæ куы ссыдтæ, уæдæй фæстæмæ дæ сыгъдæг иронау дзургæ никуы федтон... Цæй тагъд дæ ферох ирон æвзаг, дыууæ азы йеддæмæ Уæрæсейы куынæ фæдæ?
    — Не понимайт... Моя чаловик ученай... Моя твоя шалтай- балтай осатинцкий не лубит!..


    ÆРТÆ ЧЫЗДЖЫ ФЫД
    — Хистæр чызг кæд уыйас рæсугъд нæу, уæддæр дзы ирæд дыууиссæдз туманы райсдзынæн æмæ уæд кæрты алыварс дурын быру амад фæуындзынæн... А дыккаг рæсугъд чызг у æмæ йæ мины æрдæгæй дæлæмæ нæ ратдзынæн. Мины æрдæгæй, хуыздæр нал хъæуы, афтæ мæ æгъуыстытæ сцæттæ кæндзынæн... Уый фæстæ у мæнæ ацы саби. Йæ арæзт куыд у, афтæмæй иттæг рæсугъд чызг кæндзæни. Уымæн йæ аргъ уыдзæни æртиссæдз туманы. æртиссæдз туманы æз мæ дзыппы куы цæвæрон, уæд, иу къах иннæуыл сæвæрдзынæн, афтæмæй цæрдзынæн.


    Малхаз хистмæ фæцæуы.
    Малхаз хистæй рацыди.


    Къутæрджынхъæуы устытæ сабатизæры фæцæуынц.
    Къутæрджынхъæуы устытæ сабатизæрæй раздæхтысты.


    — Мæ фыд хæрынæн стуртæ йеддæмæ ницы давта. Стур дæр хорз у. Нард уæныг адав æмæ дзы зæрдæйы фаг физонджытæ фæкæн — уый бæззы. Фæлæ мæнмæ карчы фыдæй хуыздæр ницы кæсы. æвзаргæ кæрчытæй фынддæс аргæвд æмæ æгас къуыри, æнцад бадгæйæ, минас кæн, уымæй хуыздæр ма цы ис ацы дунейыл?.. Диссаг: дæ давд, дам, ныууадз, худынц, дам, дыл адæм, къух дæм ничиуал дæтты. Сæ къух мæ ницæмæн хъæуы, худæнт, цас сæ фæнды уыййас. æз иунæгæй дæр фæцæрдзынæн!..


    РАГÆЙ ДÆР ИУХУЫЗОН УЫДЫСТЫ
    — Хуыцауыстæн, Тембол, нал дæ базыдтаин — иронхуызæй дæм
    ницыуал ис!

    — Æз дæр дæ нал базыдтаин, Хуыцауыстæн, Саукуыдз — къаролы хуызæн сдæ! Кæм æрбынат кодтай?
    — Африкæйы, Трансвалы... Зæххытæ дзы балхæдтон, хæдзар дзы самадтон.
    — Уæдæ ды дæр мæнау фыдыбæстæ ферох кодтай... æз та Америкæйы æрбынат кодтон...
    — Фыдыбæстæ нæ зæгъыс? Дæ гуыбын хуыздæр кæм дзаг кæнай, уый дын фыдыбæстæ...
    — Раст зæгъыс уымæй.. Мæнæн дæр ахæм зæрдæйы конд ис.
    Рагæй дæр иухуызон уыдыстæм


    СÆРМÆГОНД КЪУЫДИПП

    — Цы чызгыл сдзурон, æмæ мын цы чызг нæ бакомдзæн!


    АЦЫ ÆНХЪÆЛЦАУ ФÆССИВÆД ЦЫМÆ КÆЦОН СТЫ?


    — Цы фестут? Сзарут, цæй! «Гашбулат удалой, Бедна шакли твоя, Жалатой казна
    Я ушиплу тебе...»


    ДЗæУДЖЫХЪæУ. Нæ æНХЪæЛЦАУ АХУЫРГæНДТЫ ХЪУЫДЫТæ



    Хуссайраг Цæгатаг
    — Мæ хæлар, чысайнаг, Христос воскресенæ!
    — Икнеба мын куадзæны арфæтæ кæныс? Чырысти дзы бамбæрстон, фæлæ а «воскресенæ» цы у, ме ар уици. Зæгъ, куыд æмбæлы, афтæ: «Чырысти агъдга», æмæ йæ бамбарон!
    — Чорт знаит, цы дзуры! «Агъдга» та цы у, пъоздравлиат скæн, куыд æмбæлы, афтæ, ай та цыдæртæ дзуры, чорт знаит, кæцонау.
    — Иугай ныхæстæ нæм фæвæййы гуырдзиагау, уый къи у, фæлæ сымах, рогорц уырыс, афтæ дзурут...


    — Хъуыдайнат, нæ разы ничи ис, зæгъ ма мын раст: цал бæхы, цал стуры радавтай дæ цæрæнбонты?
    — Цы кæны, зæгъдзынæн дын æй. Радавтон нымадæй 250 бæхтæ æмæ 320 стуртæ.
    — æмæ уæдæ уыйæппæт фосæй, йе дæ хæдзарыл куы ницы зыны, йе та дæхиуыл, уыцы тынд мæгайы хуызæн куы дæ!
    — æз дын, Тотырадз, мæ ныхас зæгъын: уырны дæ æви нæ, уый та дæхи хъуыддаг у...
    — Уырны мæ, уырны, Хъуыдайнат, фæлæ ныр бам-
    бæрстон фыдæлты æмбисонд раст кæй у: «давæггаг фарсыл нæ хæцы».


    КАЛАЧЫ ИРОН БОГÆЛТТÆ
    — Кæрæдзи ныппырх кодтам, æфсæр æнæхъæн нал ныууагътам, къах — нал, къух — нал, фæрск — нал, дарæс — нал... Ныр та ма цы кæнæм?
    — Цы зæгъыс? Кæнинаг ссардзыстæм, уæдæ нæ хæст æрдæгыл
    ныууадзæм! Ныр мæнæ куадзæн у, куадзæны æгъдауæй æйчытæ æркъуырæм, æмæ кæй айк фæтыхджындæр уа, уый иннæйы бæласы цонгыл йæ дыууæ къахæй æрцауындзæд.
    — Худæгæй марыс, ме знаг, иуæй-иухатт — къæхтæ та ма кæм ис?!
    — Уæд та къубалæй.
    — Уымæй цы зæгъыс, уый зæгъ...
    Къубæлттæ ма нын ис, æмæ ныр та хъуамæ уыдонмæ бавналæм!

    Об-ство «Рухс» «Тифл. осет. изд. об-ство»


    Чысыл нæ йæхиуыл чи фервæссы, уый мæгуыр адæмы астæу йæхимæ куыд кæсы.
    Йæхицæй тыхджындæрты, кæнæ хицæуттæй искæй раз та цы хуызæн æрвæййы.


    Афтæ цæрынц бирæтæ Хуссар Ирыстоны.

    Афтæ цæрынц бирæтæ Цæгат Ирыстоны.
    Райсом. Сихор изæр.
    Æмбисæхсæв.

    — Мæ хур акæнæд давæггаг роды фыд цъæх арахъимæ — уымæн æмбал бæргæ нæй.


    ДАТИКЪО ÆМÆ ДАРИКЪО
    Фæцæуынц Цхинвалмæ.

    Дарикъо. Сывæллæттæн фæйнæ хæдоны хъуамæ алхæнæм!
    Датикъо. Чингуытæ, гæххæттытæ дæр сын алхæнæм!

    Цхинвалы рестораны

    Дарикъо. Цæй, нæ сывæллæтты цæрæнбон бирæ уæд!
    Датикъо. Цæрæнт нын, цæрæнт!

© Национальная научная библиотека РСО-Алания