• Автобиография

    Главная > Автобиография

    Коцойты, А. Автобиографи / Коцойты А. – Текст : непосредственный // Уацмыстæ / Коцойты А. – Дзæуджыхъæу : Ир, 2012. – Ф. 466 – 471.

    Æз райгуырдтæн 1872-æм азы, январы 3-аг бон, Джызæлы хъæуы, Терчы облæсты. Мæ фыд Коцойты Бибо (Барис) уыдис мæгуыр хæххон зæхкусæг, мæ мад та – Ханбечыр – уыдис Бæтæхъойыхъæуæй, цæрæг хæдзар Бæцæзаты чызг. Куыд хъуыстон, афтæ радзурон мæ сывæллоны бонты тыххæй. Куы райгуырдтæн, уæд уыдис хъызт рæстæг. Мæ мад фæрынчын ис æмæ бирæ фæсадис. æхсыр æм нæ уыдис. Сыхæгты устытæй дæр никæмæ уыдис æхсыр. æндæр сыхмæ мæ хастой бон иу-дыууæ хатты дзидзи дæйынмæ. æхсырæй хъуаг æййафгæйæ, рæстæг фылдæр кæугæйæ æрвыстон. Фервæзын æнхъæл мын нæ уыдысты. Рынчын кæй хастон, уый тыххæй мыл донаргъуыд дæр скодтой стырæй, 1876-æм азы. Нæ рæзыдтæн, йе цæргæ нæ кодтон, йе мæлгæ, 6 – 7 азы мыл куы ацыди, уæд ме ‘мгæртты раз зындтæн 3 – 4-азыкконы хуызæн.

    9 – 10 азы мыл куы цыди, уæд мæ радтой хъæуы скъоламæ. Ахуыр хорз кодтон, фæлæ тынг фæндонæй нæ цыдтæн скъоламæ, æрмæст æз афтæ нæ уыдтæн, фæлæ ахуыргæнинæгтæ æппæт дæр. Бирæтæ- иу скъоламæ цæуыны æфсон рацыдысты сæ хæдзæрттæй æмæ-иу быдырты фæсвæдты æрвыстой сæ рæстæг, стæй-иу скъолайæ рацæуыны афон сæ хæдзæрттæм бацыдысты. Афтæ уымæн уыдис, æмæ ахуыргæнæг тынг æфхæрдта сывæллæтты, линейкæйæ сын сæ къухтæ надта, сæрыхъуынтæ тыдта, хъустæ ивæзта, къурупайы нæмгуытыл лæууын кодта æмæ аф. д. Мæ зæрдыл лæууы, иухатт скъоламæ нæ ацыдтæн, æмæ мæ мæ хистæр æфсымæр нæмгæ-нæмгæ бæгъæввадæй ногуард митыл скъоламæ бахæццæ кодта.

    Ахуыргæнджытæй иу – Таболты Музабег – нæмын йеддæмæ, хорз чи ахуыр кодта, уыдонæн зæрдæлхæнæн кæнын дæр зыдта лæвæрдта-иу гæххæтты сыфтæ, тетрæдтæ, чингуытæ. æз арæх рынчын кодтон, æмæ мæ ахуыр цыдис цухтæгæнгæ. Иухатт, рынчын уæвгæйæ, айхъуыстон, ме ‘мбæлттæй, дам, æртæйæн, хуыздæр чи ахуыр кæны, уыдонæн ахуыргæнæг радта цавæрдæр хорз чингуытæ; иу, дам, дзы мæнæн нысангонд уыдис, фæлæ, дам, æгæр рынчын кæй хæссын, уымæ гæсгæ мын бацæуын æнхъæл нал уыдысты æмæ чиныг мæ бæсты æндæрæн радтой. æз ссыгътæн. Мæ низ нал æрхъуыды кодтон, фæлæ дыккаг бон бацыдтæн скъоламæ. Бацин мыл кодтой ахуыргæнæг дæр, ме ‘мбæлттæ дæр. Ахуыргæнæг райста чиныг, мæ бæсты кæмæн лæвæрд уыдис, уымæй æмæ йæ мæнæн радта. Фæлæ уыцы лæппуйæн йæ цæссыгтæ куы æркалдысты уæд ын ахуыргæнæг цыдæр рæвдауæн ныхæстæ загъта æмæ йын ралæвар кодта æндæр чиныг. Max лæвар уыдис «Новый завет» – стыр чиныг рæсугъд цъары мидæг.

    Æрыдоны скъолайы не ‘рвадæлтæй ахуыр кодтой дыууæ лæппуйы. Уыдонæй иу, Дæдзо йæ ном, каникулты рæстæджы цæттæ кодта ахуыргæнинæгты уæлдæр скъолатæм, кæнæ æнæуый дæр. Уый мæ иннæтимæ бацæттæ кодта лæвар æрыдоны скъоламæ. Уый куы нæ уыдаид, уæд, æвæццæгæн, дарддæр нал ахуыр кодтаин, уый тыххæй, æмæ мæ фыд уыдис цыбыркъух, æхца бафидын йæ бон нæ бацадаид; экзаменты æз бацахстон дыккаг бынат æмæ баззадтæн уым ахуыр кæнынмæ. Уæд уыцы скъола хуынди духовное училище, семинар сси æртæ-цыппар азы фæстæ. Литературæ, теория словесности ахуыр кæнын куы байдыдтам, уæд фæцалх дæн æмдзæвгæтæ фыссыныл, уыдис, æвæццæгæн, 1888-æм азты. Исты уацмыс фыссинаг нын-иу куы радтой æмгъуыдмæ кæнæ уым къласы мидæг экспромтæй афыссынæн, уæд мæ не ‘мбæлттæй ничи æййæфта, мæ балл кæддæриддæр уыдис 5 кæнæ 5 –.

    Загътон, æмдзæвгæтæ фыстон, зæгъгæ, прозæйыл не ‘рвæсыдтæн. Иухатт мæм хистæр къласы ахуыргæнинæгтæй чидæр фæдзырдта: «Тургенев, ног фыст дæм ницы ма ис?» Зæгъæн дæр нæй, куыд хъыг мын уыдис фарст. æз æмдзæвгæтæ фыссын, мæхицæй Пушкин кæнын, уый та мæ цавæрдæр прозаикимæ бары. Уалынмæ рæуджыты судзагæй фæрынчын дæн – «крупозное воспаление легких» – афтæ уыдис дохтырты диагноз. Бирæ фæсадтæн, фæлæ та нæ амардтæн, æрмæст мын ахуыр ныууадзын кодтой. Афæдзы фæстæ, куы фæфидар дæн, уæд та бацыдтæн фæстæмæ, фæлæ та уайтагъд ныууагътон мæ ахуыр – фæрынчын та дæн. Иумæйаг ахуыры кълæстæ ахицæн кодтон, афтæмæй рацыдтæн иудадзыг дæр. Баззадысты мын дзы «Богословские классы», нæ мæ хъуыдысты, мæ зæрдæ сыл нæ рысти – сауджын ныллæууыны фæнд мæм нæ уыдис.

    Æрцардтæн Джызæлы, куы фæдзæбæх у он, уæд дарддæр исты фæндтæ кæндзынæн, зæгъгæ. Адаргъ мыл сты удхары къорд азтæ. Скъола иудадзыг ныууагътон, зæгъгæ, уый куы базыдтой мæ фыд, ме ‘фсымæртæ, мæ хотæ (мæ мад амардис 1891-æм азы халерæй), уæд мæм знаджы цæстæй ракастысты, сыхбæсты дæр æппын нымад нал уыдтæн, афтæмæй мæ-иу уыйразмæ рахон-бахон кодтой, «махмæ рацу, махмæ рацу», зæгъгæ. æнцон бамбарæн у, уый мæ психикæйыл куыд аудыдта, уый. Цы хæрын, кæм хуыссын, куыд у ме ‘нæниздзинад, уый мæт ма кæй уыдис! Зындон мын фестадысты нæ хæдзар, нæ сыхбæстæ, нæ хъæу.

    Уыдис 1895-æм аз, афтæ корреспонденцитæ æрвитын байдыдтон Дзæуджыхъæуы газеттæм —«Терские ведомости» æмæ «Казбекмæ». Псевдоним мын уыдис «Хабос», «Ботас», «А. К.», æххæст мыггаг дæр-иу фыстон. Хъæуы цæргæйæ, бамбæрстон, куыд зиан сты адæмæн фыдæлты æгъдæуттæй бирæтæ, бамбæрстон, тох кæнын кæй хъæуы семæ. Ныллæууыдтæн роман фыссыныл – «Фыдæлты æгъдæутты нывæндтæ». æнаккаг æгъдæуттæ фесæфой, зæгъгæ, æрмæст уый тыххæй нæ фыстон, уыдис мæ æндæр мæт дæр: нал фæрæзтон нæ хæдзары цæрын æмæ мæ фæндыдис иучысыл æхца акусын æмæ искуыдæм мæхи айсын. Куыстон боныцъæхæй изæры онг, афтæмæй йæ фæдæн иу къорд мæйтæм. Ацыдтæн горæтмæ, радтон мæ роман Байаты Гаппомæ, – «Рауагъдады æхсæнад»-æн кæд сæрдар нæ уыдис, уæддæр йæ зынгæдæр уæнгтæй уыдис, – уымæ мæ сардыдтой. æмгъуыд мын радта. æмгъуыдыл æм бацыдтæн. Загъта мын: «Бакастыстæм æй, хорз фыст у, рауадздзыстæм æй фæстæдæр, ныртæккæ нæм æхца нæй». Нæ мын æй лæвæрдта, фæлæ йæ ахастон фæстæмæ нæхимæ.

    Ирон æвзагыл мыхуыр кæнынæн амал нæй, зæгъгæ, ныллæууыдтæн уырыссагау повесть фыссыныл. Уырыссаг литературой æвзаг хорз зыдтон, чингуытæ кæсыныл фæцалх дæн чысылæй, Джызæлы скъолайы ахуыр кæнгæйæ. Нæ ахуыргæнджытæй иу – Таболты Хъудæ – сарæзта скъолайæн библиотекæ, чингуытæн сæ фылдæр уыдысты сыгъдæджыты царды тыххæй. Махæй дæр, æвæццæгæн, сыгъдæджытæ цæттæ кæнынмæ хъавыдис, – фылдæр нын кæсынæн уыцы чингуытæ лæвæрдта. æз сæ тынг зæрдиагæй кастæн æмæ уырыссаг æвзаг хорз базыдтон, – уый æххуыс мын фесты. Уыйфæстæ æрыдоны скъолайы дæр бирæ кастæн уырыссаг æмæ æндæрбæстон классикты æмæ афтæмæй хорз базыдтон уырыссаг литературой æвзаг. Ныр мын уый феххуыс ис.

    Хорз та фæтухи кодтон æмæ-иукъорд мæйты фæстæ повесть ирон цардæй «Кто виноват?» цæттæ уыдис. Бахастон æй «Казбек»-ы редакцимæ. æмгъуыд мын скодтой. Бацыдтæн æмгъуыдыл. Редакцийы баййæфтон рауагъдады хицау Казаровы. Фæрсын æй. Загъта мын: «Кто виноват?» нæ зæрдæмæ фæцыдис, иннæ къуыри йæ мыхуыр кæнын байдайдзыстæм». Афарстон гонорары тыххæй. Загъта: «Гонорар нæй, мæгуыр газет у, фæлæ уын газет æмæ журнал арвитдзыстæм. Уынут, журнал цы хуызæн хорз гæххæттыл цæудзæн». Дæттынмæ йæ нал хъавыдис фæстæмæ, бакуыстам, дам, ыл, мыхуырмæ йæ бацæттæ кодтам. Нæ йæ ныууадздзынæн, уый куы бамбæрста, уæд мæ сардыдта мæ хæлар П. С.-мæ, газеты аивадон хайад уый къухы уыдис. Бацыдтæн йæ хæдзармæ. Дзырдта йæ хицауы фарс, ныууадз, дам, æй æнæ гонорарæй, газет мæгуыр у. Ном дзы, зæгъы, скæндзынæ, æмæ уый дæр хорз. Мæн уыцы сахат æхца хъуыдис, ном мæ нæ хъуыдис, æмæ рахастон мæ повесть.

    Ныууадзын мæ хъуыдис фыссыны хъуыддаг æмæ йæ ныууагътон, фæлæ мæ æндæр исты амал кæнын хъуыдис, куыд нæ амардаин, уый тыххæй. Куыд нæ мардтæн, ууыл иууылдæр дис кодтой – царм æмæ, дам, стджытæ, фыд æмæ туг нæ уыдис, – афтæ дзырдтой. Абон нæ фыссæг Къубалты Алыксандры зæрдыл лæууы, куы. дам, бакастыстæм «Фыдæлты æгъдæутты нывæндтæ», уæд, дам, Гаппо загъта: «Талант æм ис, фæлæ нæ фæцæрдзæн. æвгъау у амæлынæн». Фæлæ Гаппойы пехуымпардзинад мæнг разындис – нæ бакуымдтон мæлын. Цы ахуырдзинад мæм уыдис, уый мын лæвæрдта бар ахуыргæнæджы бынаты ныллæууынæн æмæ, мæ сæрæн нæ уæвгæйæ, 1897-æм азы æнæбары байдыдтон ахуыргæнæджы куыст кæнын. 1899-æм азы ахуыргæнджыты съезды базонгæ дæн нæ цытджын поэт Хетæгкаты Къостаимæ, кæцы уæд сусæгæй уыди Дзæуджыхъæуы. Бакуыстон Хъæдгæроны, Дæргъæвсы, Уыналы. Уыналы куыст мын нæ фæрæстмæ ис. Сауджын Бицъоты Хъæвдын сусæг хъаст æрвыста скъолаты хицаумæ, мæнæ, дам, ахуыр- гæнинæгты аргъуанмæ цæуын нæ уадзы. Иубон скъолаты хицау иу æндæр кæимæдæр Уыналы балæууыдысты. Фыццаг бацыдысты скъоламæ, сывæллæттæ цас ахуыр сты, уый бæрæг кæнынмæ. Сæ ахуыр æвзæр нæ разындис, фæлæ «ревизорты» ахуыры мæт уыйас нæ уыдис. Сауджын куыд бавдыста, нæ сæ уадзы аргъуанмæ, зæгъгæ, хъуыддаг слесты афтæ разынди. Цæут аргъуанмæ, зæгъгæ, дæр нæ дзырдтон, ма цæут дæр нæ дзырдтон, загътон-иу: «Кæй фæнды, уый цæуæд, кæй нæ фæнды, уый лæууæд». æз мæхæдæг иу хатт фенынмæ ацыдтæн æмæ дзы уый фæстæ никуыуал уыдтæн. Иукъорд бонты фæстæ ссыди гæххæтт, мæ бынатæй мæ ацух кодтой, скъола та сауджынмæ раттын кодтой, цалынмæ ног ахуыргæнæг цыдаид, уæдмæ.

    Уæддæр мын ахуыргæнæгæй акуыст феххуыс ис. Фыссыны хъуыддаг ферох кодтон, фæлæ мæхимæ базылдтæн æмæ ме ‘нæниздзинад фæфидар ис. Нæ хæдзары дæр мæм хуыздæр цæстæй кæсын байдыдтой, æвæццæгæн, тынгдæр уымæ гæсгæ, æмæ сын æхца авæрдтытæ кодтон. Фæлæ ахуыргæнæджы бынатæй цухгонд куы æрцыдтæн, уæд та уавæр æвзæр кæнын байдыдта æмæ уайтагъд йæ фыццаг бынаты æрбадтис. Иу хъуыддагæй фæрæдыдтæн – искуыдæм ацæуынæн фæндаггаг нæ бавæрдтон, фæлæ уый чи зыдта, æмæ афтæ тагъд цухгонд æрцæудзынæн ахуыргæнæджы бынатæй? Фыссын та байдыдтон корреспонденцитæ, стæй æгæр куы стыхстæн нæ хæдзары цæрынæй, уæд бацыдтæн горæтмæ, Гæдиаты Секъайы хæдзары (Калачы уынджы) баххуырстон цыппар сомæй иу уатгонд æмæ байдыдтон фыссын æмæ фæндаггаг æмбырд кæнын.
    1900-æм азы балæууыдтæн Калачы. Фыссын иуварс фæуагътон, уыцы куыстæй, зæгъын, цæрæн нæй, фæлæ бацыдтæн комкоммæ адæмон скъолаты Дирекцимæ. Разындис ахуыргæнæджы бынат Чысангомы ирон скъолайы. Уым фыццаг хатт базыдтон, цас зын уавæры уыдысты уымы ирон адæм – хизантæ. Хуссары Ир 1861-æм азы «уæгъдгонд» æрцыдысты хъазайраджы барадæй æппын æнæ зæххæй: хуымы зæхх, уыгæрдæн, сæрвæттæ нæ, фæлæ ма сæ цæрæнбынæттæ дæр æлдæртты къухы баззадысты. Дæ фæдджитæ дæ фæсрон асадз æмæ ацу, кæдæм дæ фæнды, уырдæм, уыцы бар сын радта 1861-æм азы февралы 19-æм бон.

    Хизанты цардмæ гæсгæ фыст æрцыдис мæ радзырд «Цуанонтæ». Чысангомæй Калачы газеттæм æрвыстон корреспонденцитæ. Уырыссаг æвзагыл уыцы рæстæджы ныммыхуыр кодтон газет «Кавказ»-ы мæ фыццаг радзырд «Фидис», 1901 – 02 азты газет «Новое обозрение»-йы ныммыхуыр кодтон радзырд «Къæсса æмæ цъæх гæды».

    1902 азы сентябрь! мæйы ацыдтæн Петербургмæ, авзарон, загътон, мæ тыхтæ, цард фыцгæ кæм кæны, уым. Уым мæ хуызæн ницæййаг фысджытæ зынгæ дæр нæ кодтой. Чысыл цыдæртæ афыстон газет «Петербургские ведомости»-йы, журнал «Новь»-ы ныммыхуыр кодтон, нал хъуыды кæнын, 2 –3 радзырды. Лыстæг цыдæр фыстытæ ныммыхуыр кодтон «Биржевые ведомости»-йы дæр. Кæм службæ, кæм фысгæ, афтæмæй дзы ацардтæн иукъорд азтæ. Куыд æнхъæл уыдтæн, афтæ нæ ацыдысты мæ фæндтæ æмæ та фæс- тæмæ Калачы балæууыдтæн. Куы – куыстджын, куы – æгуыст, куы – стонг, куы – æфсæст, афтæмæй та дзы ацардтæн цасдæр рæстæг. 1910-æм азы Калачы «Ирон культурæ æмæ рауагъдады æхсæнад» рауагъта журнал «æфсир». Редакторæн равзæрстой мæн. Журнал цыдис къуыри иу хатт. Рацыдис дзы 14 номеры æмæ бахуыссыдис. Фæстæдæр та Петербургмæ ацыдтæн, аивадон фыстытæ ферох кодтон, фæлæ куы чингуытæ, куы газеттæ корректурæ кодтон æмæ уымæй цардтæн.

    1912-æм азы райдайæны газет «Правда» рауадзыны хъуыддаг куы сбæрæг ис, уæд мын дзы йæ кусджытæй зонгæтæ уыдис æмæ афтæмæй, æнæпартион уæвгæйæ, бацыдтæн уырдæм кусынмæ, йæ фыццаг номерæй фæстæмæ йын уыдтæн æхсæз мæйы бæрц иунæг, æнæивгæ корректор. Чысыл статъятæ-иу дзы афыстон, радзырдтæ та дзы ныммыхуыр кодтон дыууæ – «Помечтали» æмæ «Товарищи». Бафæлмæцыдтæн та уыцы рæстæджы куыстæй дæр.

    «Мæскуы – Казаны æфсæнвæндаджы» правлени уыцы рæстæджы организаци кодта Мæскуыйы «Ног фæндæгтæ аразыны управлени» – æмбырд кодтой службæгæнджытæ, æмæ æз дæр фæлæбурдтон уыцы фадатмæ, бамбæрстон, рахау-бахау цардæй æрулæфыны тыххæй мын хорз кæй уыдзæн, уый. Ныллæууыдтæн дзы хистæр конторщикы бынаты. Ферох кодтон мæ фыссыны куыст суанг 20-æм азы астæуы онг, ома Дзæуджыхъæумæ куы ссыдтæн, уæды онг.
    Ирон мыхуыр рæзынæн уæрæх бынат куы байгом ис, уæд фыссын байдыдтон æрмæст иронау. Мæскуыйы ма уæвгæйæ, куы базыдтон, Наркомпросы цур хæххон адæмты хайад байгом ис, уæд æфсæнвæндæгты управленийæ уырдæм бацыдтæн кусынмæ – уыдтæн дзы инструктор æмæ хæххон адæмты хайады сæргълæууæг. 1920-æм азы августы мæйы рацыдтæн Дзæуджыхъæумæ командировкæйы æмæ ам баззадтæн – ирон наробраз ракуырдта Наркомпросæй, ам мæ куыд ныууадзой кусынмæ, афтæ. Типографи куы саразиккам, зæгъгæ, загътой, æмæ йын йæ аразыны хъуыддаг мæ бар бакодтой. Машинæтæ æмæ типографийы æндæр ифтонгдзинæдтæ æмбырд кæныныл уыдыстæм, афтæ Хæххон республикæйы Наркомпрос сфæндкодта иу типографи саразын – Ир, Мæхъæл æмæ Цæцæнæн. Мæ бар мын бакодтой йæ саразыны хъуыддаг. Уæдмæ ног графикæйы фарст дæр лыггонд фæци.

    1922-æм азы дыккаг кæроны райдыдтон типографи ифтонг кæнын æмæ 19(23)-æм азы уалдзæгмæ сцæттæ ис. Типографи кусын байдыдта. Уæдмæ Хуссар Ирыстонæй дыккаг гæххæтт райстон: хуыдтой мæ уым типографы срæвдз кæнын æмæ газет рауадзыны тыххæй. Типографы разылдис, æмæ 1924-æм азы январы 1-аг бон рацыдис газет «Хурзæрин»-ы 1-аг номер. 1925 азы мыхуыргонд æрцыдис мæ радзырдты 1-аг æмбырдгонд. 1926-æм азы уыдтæн Мæскуыйы. Уым федтон – Центриздат къаннæг адæмты æвзæгтыл уагъта 14 литературой, æхсæнадон-политикон журналы. Баныхас кодтон Центриздаты сæйраг редакторимæ ирон æвзагыл дæр журнал рауадзыны тыххæй. Рауадздзыстæм, зæгъгæ, загъта, æрмæст хъæуы разыдзинад уæ разамынддæттæг организацитæй. Нæ облæсты номæй дзурæгимæ ныффыстам доклад. Раласта йæ Дзæуджыхъæумæ номæй дзурæджы хæдивæг, Вохов æй хуыдтой. Ам æм фаг хъусдарæг нæ фæцис æмæ фæстæмæ ныццыдис. Уым мын Наркомпрос айста мæ радзырдтæ рауадзыны тыххæй, – чиныг рацыди 1927-æм азы.

    Журнал рауадзын Мæскуыйы куы нæ бантыст, уæд раздæхтæн Калакмæ. Цыдис дзы национ æвзæгтыл, æнхъæлдæн, дыууæ журналы. Аныхас кодтон Госиздатимæ æмæ Наркомпросимæ. Ис журнал рауадзæн, зæгъгæ, загътой, æрмæст организацийы номæй. Калачы ирон адæм уыдис бирæ. Ирон скъолайы цур цыдæр культурой организаци уыдис, йæ ном ын нал хъуыды кæнын, уыйимæ зилын байдыдтам хъуыддагыл. Фыццаг æмбырд куы сарæзтам, уæд уым уыдис Хуссар Ирыстоны ЦИК-ы сæрдар Дзадтиаты А. Уый загъта, зæгъгæ, журнал рауадзын хъæуы, фæлæ ам нæ – уымæн йæ бынат хъуамæ уа Цхинвалы.

    Дзырд радта, куыд тæккæ райсом дæр ратдзæн уыцы хъуыддагæн 8 мин сомы. Уый уыдис 1926-æм азы дыккаг æрдæджы. Дзадтиайы-фырт 8 мины нæ, фæлæ иу мин дæр нæ радта журналæн, хъуыддаг сырæзыдис тынгдæр æхсæнады руаджы, журнал иу аз куы фæцыдис, уæд æй бахастой сметæмæ.

    Журнал «Фидиуæджы» 1-аг номер рацыдис 1927-æм азы райдайæны. Хъуыддаг йæхæдæг йæхи нæ кæндзæн, зæгъгæ, редакцийы цумагусæн рахæссын кодтон 1-аг номеры экземпляртæй æмæ азылдыстæм хъуыддагуæттæ æппæтыл – кусджытæ æмæ службæгæнджытæй бирæ нал баззадис, журнал чи нæ рафыста, ахæмтæ. Уалынмæ-йæ районтæ дæр исын байдыдтой. Журналæн æз уыдтæн бæрнон секретарь, фактон уагæй та редактор дæр. Фæкуыстон журналы 1929-æм азы æмбисмæ. Ныммыхуыр дзы кодтон иукъорд радзырды æмæ чысыл пьесæйы хъæууон сценæйæн. Цхинвалæй рацыдтæн Дзæуджыхъæумæ æмæ абоны онг ам дæн.

© Национальная научная библиотека РСО-Алания