ЗÆХХ
Дзæгъæлæй космосы хæтыс,
Дæ магъз дын цас цъиры кæфхъуындар!
Кæнынц дыл хины цот куырыс,
Лæзæры сау хæстæй дæ хъуын дæр.
Фыдæх тæры зындонмæ дæу,
Хуыцау дæм нал цæуы æмгæрон...
Æрлæуу, мæ гыццыл хур, æрлæуу,
Æз дæ мæ зæрдæйы нывæрон.
1998 азы 1 октябрь