logo

М О Я    О С Е Т И Я

СПРАВОЧНИК ПО-ОСЕТИНСКОМУ ЯЗЫКУ

В рамках республиканской целевой программы «Осетинский язык на 2013–2015 годы», направленной на сохранение и развитие осетинского языка ННБ подготовила виртуальный справочник по-осетинскому языку.

Будем рады Вашим предложениям, пожеланиям, замечаниям.

Автор проекта и составитель - Ирина Бибоева
Редактор - Людмила Мамукаева
Наши контакты:
E-mail: biboevaig@mail.ru


Справочник представлен следующими разделами:  

Æмдзæвгæтæ ирон æвзаджы тыххæй

ЦÆРУКЪАТЫ Алыксандр

МАДÆЛОН ÆВЗАГ
О, мадæлон æвзаг, дæуæн та цы зæгъон,
Дæу аккаг зынаргъ дзырд зæххы цъарыл нæй.
Мæ уды быцъынæг куы хауид мæ хъуырæй,
Уæддæр дæ æвдадзыл нæ акæнин уæй.

Куыд нæ ис дунейыл æвзæгтæ та бирæ,
Къуымых дæр дзы се ‘хсæн иу иннæмæй нæу.
Мæ мадæлон æвзаг, хæрын дын стыр ард,
Æз се ‘ппæтыл иумæ нæ баивин дæу.

Æнæ дæу æз уаин куысыфтæгау афтид,
Цæрдудæй дын мардау æз уаин фынæй,
Мæн сусæны хур дæр æнæ дæу нæ тавид,
О, мадæлон æвзаг, цæй диссаг дæ, цæй.

СОНЕТ ИРОН ÆВЗАГЫЛ

      Адæмы уд дзырды мидæг æвæрд у:
      байс ын йæ дзырд – сластай йын йæ уд.
                                                Гусалты Барис

Ирон дзырдтæ – уды сырх зынджы къæрттытæ,
Зæрдæйы æвдадзуат, нæ дунейы рухс,
Нæртонгуырд хъайтарты æндонцагъд уæртытæ,
Тызмæг Особайы æгъатыр æнус,

Фыдæлты мæсгуытыл – фæдисон æртытæ,
Бæхфæлдисæн таурæгъ æдзарды уæлхъус,
Фæскъæвда нæ рæгътыл – къæлæтсæр æрдынтæ,
Æрвдидин æрдузтæ, æврæгъты хæмпус.

Ныкъæтфыст цыртытæй нынниуынц кæмдæрты,
Гæххæтт сын – кæм дугъы, кæм – тохы быдыр,
Куы фестынц Къостайы æмæлæт фæндыр,
Йæ «Додой»-цъæхахсты æрзилынц нæ сæрты.

Фæдзурæм: «Нæ хæзна – нæ рагон æвзаг».
О, сси нын ныр йемæ бынсæфтæй тæссаг!

03.07.97

 

ДЗУЦЦАТЫ Хадзы-Мурат

МЕ ‘ВЗАГ

Ме ‘взаг –
ирон лæджы хъарæг.
Ме ‘взаг –
ирон лæджы зарæг.

Чи дыл нæ фæлвæрдта тых,
чи дæ нæ мардта!
Аттилæ дæ сонтæй
тæхгæ бæхыл тардта,
дæ къухтæ дын цавта,
дæ къæхтæ дын цавта,
фæлæ дын дæ зæрдæ
йæ кардæй, йæ арцæй нæ ардта!
Дæ фæдыл зылдысты
Тимуры æфсæдтæ,
сæ къæхты бын ссæстой
дæ фæндтæ, дæ фæдтæ,
фæлæ дæ фæдтæ –
сызгъæрин цæфхæдтæ –
æрттывтой-иу зæххыл
бæрæгæй, арфæй,
цыма стъалытæ арвæй!
Ызнаджы цыргъ фат-иу
аланы фæсонтæй
йæ бырынкъ радардта,
ызнаг-иу алантæн
сæ рæгъæуттæ атардта, –
афтидармæй ‘фснайдтой
сæ хæхты сæ сæртæ.
Уадз фесæфæд фос,
ма уæд хæдзæрттæ, –
ма тæрсут,
не ‘взаг ис немæ
æмæ та йемæ
ногæй ферттивдзæн не ‘хсар
дунемæ!

Ме ‘взаг – мæ мады æхсыр,
мæ сабион авдæн!
Æз кæд искуы дæу
зулдзыхæй схай кæнон фаутæн,
æз кæд искуы дæуæй
базар кæнын байдайон,
баивон дæ,
ауæй дæ кæнон мæ пайдайæн,
уæд мæн се ‘мгад ыскæнæнт
æнаккаг цъæх сырдтæ,
уæд æлгъгæнгæ мæ номыл
ысдзурæнт дæ дзырдтæ!
Æз мæлæтæй нæ тæрсын,
цæйас цæрон,
уыйас цæрдзынæн.
Æз мæ ингæны
амондджын уыдзынæн,
ме ‘взаг мæ цыртыл
куы ныффысса ‘нцойы ныхæстæ,
ме ‘взаджы зæлтæй
цъæх-цъæхид куы дара мæ бæстæ.
Æз мæ ингæны ниудзынæн,
хъæрздзынæн,
Ирыстоны суадæттау,
зæххы бынæй кæудзынæн,
æз фæстаг поэт куы уон,
поэттæ мæ фæстæ куы нæ уал уа,
Ирыстоны зæххыл
сау туг куы ныууара,
æз мæрдтæм дæр куы нæ хъусон
иронау
Къостайы сидт тохмæ,
иронау
Отеллойы богътæ!

Ме ‘взаг, зæгъ-ма мын,
æнæ дæу куыд уон зæрдæвидар!
Ме ‘взаг,
мæ лæджыхъæд, мæ сæрибар!
Ме ‘взаг,
æнæ дæу куыд цин кæнон,
куыд дис кæнон!
Æз æнæ дæу цы дæн?
Æнæхæдзар, искæйон!

 

***

 

ХЪОДЗАТЫ Æхсар

СОНЕТ ИРОН ДЗЫРДÆН

      Цæй, уæдæ, бæрзонд Кавказæй
      Нарты ‘взагæй дзурæм ныр.
                                                Барахъты Гино

Ирон æвзаг! Мæ зынджы хай мæ арт!
Æрттив, æхсид æнусбонтæм æдасæй.
Дæ цæрайæ, дæ рухс æмæ дæ тавсæй
цæрдзынæн æз æмæ хæрдзынæн ард.

Дæ норст цæхæрæй равзæрдысты нарт,
æхсидæвтæ æрхастай Анахарсæй.
Дæ фарны хъæр, дæ маст æмæ дæ уарзтæй
нæхи Къостайæн сæнусон йæ цард.

О ме ‘намонд! Евразийы быдыртæй
кæнынц фæдисхъæр, удисгæ, нæ дзырдтæ,
мæ уды хæзна хауæггаг фæцис.

Дæу чи хъыгдара – урс уæрыкк дын фестæд!
Дæ фыдæлтæ – санскрит æмæ авестæ.
Цæр се ‘рцыдмæ! Мæ рæзæнтæ! Мæ ис!

1989

 

ÆЛБОРТЫ Хадзы-Умар

МАДÆЛОН ÆВЗАГ

Дæ мады æвзагыл
Кæд дзурыс, кæд зарыс, –
Дæ фыдгул ызнагæн
Йæ сау зæрдæ марыс.
Кæд рохæй ыскуыдта
Дæ мады æвзаг, –
Йæ къах дыл æркъуырдта
Дæ фыдгул ызнаг.
1980

 

ДЖЫККАЙТЫ Шамил

МАДÆЛОН ÆВЗАГ

Дзæмдзæмы суадон, тар æнусты ды
Цыдтæ сыгъдæгæй донмарæнты цадæг.
Дæ улæфтæй нæ царды хуымтæ – сатæг,
Уыдтæ æлутон куывд æмæ куысты.

Ды – арвы цæссыг. Уый ныхмæ цы сты
Æнуд æнтæф, сындзын арт æмæ уадæг!
Ды дæ нæ туг, нæ уды рухс, нæ кадæг,
Нæ фарны гæнах сыгъд æмæ хæсты.

Ныхасыс ды дæ бæркадæй фæлтæрты,
Хæссыс нæ цардæн фидауц æмæ уаг.
Быркуыйау систай ног дуджы дæ зæрдæ,

Тæхуды, уымæй чи баназдзæн фаг!..
Нырма нæ удæвдз къæбицы æвæрд у,
Нырма дæуæй нæ Уацамонгæ – дзаг.

1972–1977 азтæ

 

ХОСТЫХЪОТЫ Зинæ

МАДÆЛОН ÆВЗАГ

Уадз, равзæрæд сæдæ 'взаджы мæ комы,
Хуыцау мын раттæд минмырон хъæлæс,
Цæмæй дæттон сæдæ нуазæны куывды,
Цæмæй ныззарон булæмаргьау æз.

Цæмæй нæ хæхтæм хорз уазæг куы 'рцæуа, –
Æфсымæр ын йæхи 'взагыл зæгъон.
Цæмæй фыдгæнæг мах бæстæм куы цæуа, –
Йæ ныхмæ кард йæхи 'взагыл цæгьдон...

Фæлæ уæддæр, уæззау тохтæм цæугæйæ,
Нæ фыдæлтæ цы 'взагыл хордтой ард,
Цы 'взагыл хъусын Терчы ирд уылæнтæм,
Кæй фæрцы ис нæ хорз æгьдæуттæн цард,

Цы 'взагыл кодта хъарджытæ ныййарæг,
Йæ дарæгæй йæм сау гæххæтт куы 'рцыд,
Цы 'взагыл дзурæм: «Фесгуыхт та ирон лæг!» –
Зæгьут-ма, уый куыд бамыр уыдзæн, куыд?!

 

ДЗАБОЛАТЫ Хазби

ХУЫМÆТÆДЖЫ ÆЦÆГДЗИНАД

Кæмæй ферох уа райгуырæн хæдзар,
Уый не 'рымысдзæн райгуырæн хъæуы дæр,
Æмæ йæ дард фæхаста, зæгъгæ, цард,
Уæд не 'стыхсдзæн, Фыдыбæстæ, дæуыл дæр!

Кæмæ нæ фæкаст мады 'хсыр хæрзад,
Уый адæмæн нæ фæлæудзæни дзагдар.
Кæмæн нæу адджын мадæлон æвзаг,
Уый никуы уарздзæн искæйы æвзаг дæр.

 

ХАДЖЕТЫ Таймураз

МЕ 'ВЗАГ

У иу æвзаг дæр а дунейæн фаг,
Фæлæ нæ ивынц мады риу æндæрыл!..
Мæлæн дын нæй, мæ фыдæлтьг æвзаг,
Кæд ма æрбайсæфт хоры нæмыг мæры?!

Ды незаманæй ацы боны онг
Нæ фесæфтай дæ уаз хъæлæс, дæ намыс.
Æнус-æнус дæ сыгъдæг уды конд
Цырен арт æмæ карды комыл бахсыст.

Тыгъд быдыры дыл дымгæйы ныхмæ
Лæхурдта Скиф йæ тызмæджы ныхæстæ.
«Тох!.. Тох!..» – сæрмæттаг сабийы дзыхæй
Ысхаудта дзырд лæг у, æрцыд йæ рæстæг!

Гуыпп... Мыхъхъ... Тъæпп... Дæнг,–
ныффæсус и дæ хъуыр,
Ныццарыдта алайнаг мады хъарæг...
Фæразон дæ, æнхъæлмæгæс, мæгуыр:
Кæд дыл ныккæндзæн иу фæрныг та зарæг!

Фæлæ дæ рæстæг а фарнæй хызта,
Дæ сызгъæрин æй ракалын нæ фæндыд...
Ныззарыд уæд ирон лæппу – Кьоста –
Æмæ дæ тулдз йæ уидæгтæм нызмæлыд.

Мæлæн дын нæй, мæ фыдæлты æвзаг, –
Дæ зæронд мад у ацы зæххы къори,
Æмæ куы сæфай (ма зæгъæд ызнаг), –
Дæуимæ сæфы дунейы истори!

 

ГАЛУАНТЫ Людæ

ДЗУРУТ ИРОНАУ

Ирон æвзаг – нæ фæндыр æмæ кард,
Нæ хох-быдыр æмæ нæ уæзæг,
Ирон адæмæн се стыр фарн, сæ ард,
Нæ къонайæн йæ зынг, йæ фæздæг...

Ирон æвзаг – хæдзарон дзулы тæф,
Къуыбыры цин, хуымоны зарæг:
Нæ хъæбултæн – сæ тугдадзины цæф,
Фæдис заманы – уартриу барæг.

Мæ зæрдæ къултыл бахойы йæхи, –
Ирон лæг нал дзуры иронау.
Æндæр æвзæгтæй буц кæнæм нæхи.
Ирон та абухгæ у, донау...

Куы нæ зара йæ рæзгæ хурæн мад
Иронау "а-ло-ло, цы-цы-тæ".
Ирон лæппу куы нæ зæгъа: "мæ уарзт",
Уæд дарæм не 'взагмæ æрцытæ...

Æви та уый дæр модæйыл у баст,
Кæй ивæм "Хонгæ кафт" "Чарльстоныл"?..
Сæ лæвар Нартæн – хъисфæндыр фæсаст –
Уæвгæ, цы фæндыр уыд, мæ боныл!..

Фæлварæнтæн куы разынæм лæмæгъ,
Уæд махæн уый уыдзæн ирони.

 

КЪАДЗАТЫ Станислав

***
Цы у ирон æвзаг мæнæн?
Мæ кувæндон, мæ цард,
Сæууон хуры тæмæн,
Мæ удлæууæн мæ уарт.

Цы у ирон æвзаг мæнæн?
Мæ нысан æмæ фат,
Нæ ивгъуыдмæ дæгъæл,
Нæ фидæнмæ фæндаг.

Æнæ уый æз цы дæн?
Æнæ фæттæ æрдын,
Æнæ хъама кæрддзæм,
Æнæ хъистæ фæндыр.

Æнæ уый æз цы дæн?
Æнæ уый æз нæ дæн.

2001

 

КЪАДЗАТЫ Станислав

***
Ирон æвзагæн иунæг бон куыд дæттут?
Куы нæ йын ысты мин азтæ дæр фаг!
Цæры ма уым нæ фыдæлты нæргæ дуг,
Нæ фидæнмæ дæр уый кæны фæндаг.

Æз та йæ уæдæ афтæ зæгъин абон:
Уæд алы бон дæр не 'взагæн йæ бон!
Уыдзæнис уæд æвидигæ нæ амонд,
Йæ рухсæй ифтонг зæрдæ æмæ зонд.

Уадз абуха нæ горæтты, нæ хъæуты
Æхсæв уа, бон æхсæрдзæнау хъæрæй!
Ныхаса сасмау сомбоны фæлтæрты,
Æнæ уымæй ирон адæм дæр нæй.

28.03.2003

 

ДАУЫРÆ

ИРОН ÆВЗАГ – СÆДÆ 'ВЗАДЖЫ ÆМКАД

Æппæт æвзæгтæ – не 'ппæт царды фидыц,
Сæ бирæ зæлтæ – иумæйаг бæркад.
Кæрæдзимæ "фылдæр цæра" – мæ сидынц,
Сæдæ 'взаджы мæнæн кæнынц лæггад.

"Салам, Ханум!" – мæм хуры тын æрхоны,
"Ламази гого" барухс кæны риу.
Зæххыл цæрæг уырыссаг "здравствуй!" зоны,
Æппæт адæмты "Дружба" кæны иу.

Уæдæ "СÆРИБАР", "САБИТÆ", "МÆ БÆСТÆ",
"НÆРТОН ÆХСАР", "ФЫДÆЛТЫ НАМЫС", "МАД",
Кæцы 'взаджы ис уа рæсугъд ныхæстæ?
ИРОН ÆВЗАГ – æппæт æвзæгты 'мкад!

 

 КАСАТЫ Батрадз

МАДÆЛОН ÆВЗАГ

Уыд незаманты хъомпал цард зæххыл
Æмуд, æмзæрдæйæ уæвынæн,
Кæрæдзийæн хуыздæр хæрзтæ кæнынæн
Хуыцау ыстыр лæвары бацыд
Æмæ сæ алы адæмæн дæр радта –
Сæ цин, сæ хъыг, сæ тыхст,
Сæ зондахаст кæрдынæн
Мадæлон æвзаг,
Æмæ йыл чи дзура æдæрсгæ, –
Кæрæдзи 'мбаргæйæ цæрдзысты,
Дывæр сæ хъарутæ кæндзысты,
Ныхкъуырд сæ фыдгултæн дæтдзысты,
Сæ фарн тырысайау хæсдзысты,
Уыдзæн сæ фидæн рухс æмæ хæдбар.
Æндæр адæмыл – дард уа йе сыхаг –
Сæ фарсхæцæг, сæ цины уа, сæ хъыджы,
Æдзухдæр иузæрдион уыдзысты,
Тæхудиаг уыдзæн сæ цард,
Æмæ сæм адæмтæ тырндзысты.
Бæрзондылбадæджы лæвар
Цы адæм рохуаты ныууадзой –
Цæрæнбон цоппайаг уыдзысты,
Кæрæдзи хæрынмæ цæудзысты.
О, уыдæттæй нæ бахиз, Стыр Хуыцау!

 

КАСАТЫ Батрадз

ИРОН ÆВЗАДЖЫ САГЪÆС

Мæ ном хæссæг адæм!
Мæн радта сымахæн
Ыстыр Хуыцау цардæн.

Лæггад уын фæкодтон
Зæлланггæнаг мыртæй
Уæ маст æмæ уарзтæн,
Уæ хъарæг, уæ зардæн.

Ныр сидзæр сабийау,
Фыдусы æлгъыстау
Уæ хъалты фæндиаг кæнын.

Уæ царды фæндæгтыл мæ
Дардмæ лыгъдыстут,
Æрмæст ма уæ сусæг нымыгъдæн хъæуын.

О дуджы цагъартæ!
О рæстæджы хъалтæ!
Кæдæм мæ фæтæрут æнæном цыртæн!?

Уæ тæригъæд карз у,
Мæн фæхæссын уаз у,
Цæмæй уын фæбæзза уæ саби фыртæн,

Ныййарæджы риуæй,
Йæ зарæг, йæ цинæй
Æз суадонау хур бон сымахмæ цыдтæн.

 

БАЛАТЫ Альберт

 

***
Ирон æвзаг, мæ рухс бæллиц, мæ цин дæ,
Ирон æвзаг – мæ судзгæ уарзт, мæ мæт!
Мæнæн ды амонд цардхæссæг æхсин дæ,
Цъæх арвы бын дын макуы уæд мæлæт!

 

БАЛАТЫ Альберт

САГЪÆС

Мæ мад дæр ирон у, мæ фыд дæр,
Мæхæдæг дæр, мардзæ, ирон.
Фæлæ уын куы фæуин цыфыддæр,
Нæу дзурын иронау мæ бон.
Уырыссагау Пушкин, Толстойы
Мæ чысылæй нырмæ кæсын.
Сæхи 'взагыл Байроны, Пойы
Æнæ тæлмацгæнæг фæрсын.
Фæлæ мын нæрæмон Къостайы
Фæхъæуы æнæмæнг тæлмац.
Мæ зæрдæ мæхицæй нæ райы.
Ыссæуы мæ хъуырмæ мæ маст.
Кæй аххос у? Чи у йæ марæг
Нæ ирон æвзагæн уæддæр?
Нæхæдæг! Хъæудзæнис ныл хъарæг;
Æвзæр нæм нæ кæсы æвзæр.
Нæ дзурæм иронау нæ цотмæ.
Уый не скæндзæн махæн цæсгом.
Нæ, дам, хъæуы дарддæр Елхотæй,
Цы 'мбæхсæм, фæдзурæм æргом.
Уæдæ дзы Шегрен, кæнæ Миллер
Сæхицæн куыд ыскодтой цыт?
Иронау куыд ысдзырдта Шиллер,
Кæд не 'взаг мæгуыр у, æдзыт?
Æнæмæлгæ гени Шекспир нын
Куыд бавзæрста не 'взаджы тых?
Цæмæн ысси номхæссæн Ирæн,
Кæд не 'взаг лæмæгъ у, къуымых?
Уæдæ йыл зæрдæбынæй риссæм,
У не 'взаг нæ намыс, нæ кад.
Бæрзонд æй нæ хурæмвæз сисæм,
Рæсугъддæр кæндзæнис нæ цард.

 

БАСИТЫ ЗАЛИНӔ

ИРОН ӔВЗАГ

Мӕ уды рис – мӕ мадӕлон ӕвзаг,
Ды намыс дӕ, ды царды дӕ мӕ кӕрдзын.
Ды дӕ мӕнӕн мӕ ном ӕмӕ мӕ уаг,
Мӕ зӕрдӕйӕн – йӕ цин ӕмӕ йӕ хъӕрзын.
Куы зӕгъон: «Уарзын мадӕлон ӕвзаг,
Кӕнын ын аргъ, фӕлӕ йӕ хорз нӕ зонын».
Кӕй сау ӕлгъыст фӕуыдзӕни мӕ фаг,
Кӕд ӕз мӕхи ӕцӕг ирон фӕхонын?!
Кӕд уарзыс ды дӕ мадӕлон ӕвзаг,
Уӕд хъуамӕ туг дӕ тугдадзинты ‘хсидӕ.
Цӕмӕй ӕргом дыл ма фӕхуда знаг,
Зӕгъгӕ: «Дӕхӕдӕг дӕр нӕ зоныс, чи дӕ!».
Фыдӕлты бын – нӕ мадӕлон ӕвзаг,
Æмӕ куы ‘рлӕууай искуы ды сӕ цуры,
Кӕндзысты уӕд мӕрдты бӕсты хӕснаг:
«Уый махӕй нӕу, уый не ‘взагыл нӕ дзуры».
Æмӕ йӕ уарз нӕ мадӕлон ӕвзаг
Нӕ намыс у, нӕ адӕмӕн сӕ фидӕн,
Цӕмӕй дӕ кӕстӕр ма фӕрса, мыййаг:
«Зӕгъ-ма мын, зӕгъ, ирон дӕн, ӕви чи дӕн?»

См.: Баситы З.  Ирон ӕвзаг // Рӕстдзинад.– 2009.– 14 январ.

 

ГЕТЪОТИ ВИКТОР

ДИГОРОН ӔВЗАГ

Цӕветтон, не ‘взаг
Толдзӕ бӕласӕ ‘й.
Адтӕй ин, ес ин
Не 'хсӕн ӕзнӕгтӕ.
Уони марг зӕрдӕ
Уони фуд лазӕй
Æрдӕгсугъд ӕнцӕ
Æ арф уедӕгтӕ.
Нӕхе кӕд хонӕн
Фидтӕлти тогӕй,
Не ‘взаги фервӕзт
Уӕд хауй махмӕ.
Аланти ӕвзаг
Дигорон уогӕй,
Куд ӕй ӕруагътан
Исӕвди къахмӕ.
Е ‘цӕгдзийнадӕ.
Хуцауи фӕрци,
Ракалдта тухӕй
Ефстаг къомбохтӕ.
Фӕссадӕй уӕззау
Берӕ ‘нзти дӕргъци,
Нур ӕй багъудӕй
Дохтури къохтӕ.
Неци гъуддӕгтӕ
Ку ‘суӕлйау кодтан,
Минкъий естӕбӕл
Зӕрдӕй ку ресӕн.
Уӕд, не ‘взаг, дӕуӕн
Дӕ уӕззау цъотта
Куд нӕ рагӕлдзӕн,
Куд нӕ исесӕн?

См.: Гетоти В. Дигорон ӕвзаг // Дигорӕ.– 21 мартъи.

 

НОГЪАЙТЫ ХАЗБИ

МАДӔЛОН ӔВЗАГ

Хӕзнайау дӕ комыкъух дарӕм,
Ныфсӕн дӕ нӕ уӕнгты хӕссӕм.
Дӕу фӕрцы хӕлардзинад хъарӕм
Зӕххы цъары адӕмты ‘хсӕн.
Дӕ фӕзынд кӕд уыди – нӕ зонын,
Фӕлӕ дӕ Хуыцаумӕ дӕр дзур,
Уӕд мын, цыма, ме ‘нтъыснӕг боны
Йӕ тынтӕй ныррухс кӕны хур…
Тыхджын у нырыккон хӕцӕнгарз.
Йӕ ныхмӕ йын сӕвӕрдтам дӕу.
Дӕ тых та фылдӕр кӕй у уый раз,
Уый махӕн дызӕрдыггаг нӕу.
Нӕй фидӕн нӕ цардӕн ӕнӕ ‘взаг,
Нӕй адӕмыхаттӕн уӕвӕн.
Къоста дын ыскодта дӕ фӕндаг
Бындурон, хӕрзаив, фӕтӕн.
Нӕ сыхӕгты ‘взагтимӕ иумӕ
Уӕрӕсейы кад кӕн уӕлдӕр!
Ирон адӕммӕ та, нӕхимӕ,
Мыггагмӕ цытджынӕй фӕцӕр!!!
1983
См.: Ногъайты Х. Мадӕлон ӕвзаг // Рӕстдзинад.– 2009.– 28 январ.

 

БУДАЙТИ ÆСЛӔНБЕГ

НÆРТОН ÆВЗАГ

Авдӕни сувӕллон бастӕй,
Къохтӕ ивазуй хӕрдмӕ.
Мадӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кастӕй,
Мадӕ фӕззиндтӕй уӕдмӕ.
Исдзурдта уӕдмӕ хъӕболӕ,
Цийнӕн нӕбал ес кӕрон.
Фиццаг дзурд адтӕй бӕдолӕн,
Нӕхе адӕми фӕндон.
Тас нӕбал ӕй нур не ‘взагӕн,
Бӕдолӕ дӕр мах фӕнзуй.
Зиндӕр уодзӕй нур не знагӕн,
Бӕдолӕ дӕр ирӕзуй.
Мах дин фӕдзӕхсӕн абони,
Ку нӕ уарзай ду не ‘взаг.
Уӕд дӕ цардӕн ӕ кӕрони,
Уодзӕй исӕфунӕй тӕccаг.
Уарзон адӕймаг уодзӕнӕ,
Дигоронау ку дзорай.
Изӕти хӕццӕ дзордзӕнӕ,
Дигоронау ку ковай.
Къӕхти буни ниууодзӕнӕ,
Дигоронау нӕ зонгӕй.
Гъӕуӕй ледзӕг фӕууодзӕнӕ,
Дигоронау нӕ дзоргӕй.
Хуарз зудтонцӕ нӕ фиддӕлтӕ,
Нӕртон ӕвзаг дигорон.
Уомӕ гӕсгӕ сӕ гъуддӕгтӕ
Ку адтӕнцӕ ӕвӕсмон.
Ду нӕ уарзон нӕ бӕдолӕ,
Не ‘взаг дин ӕй нӕ фӕдзӕхст.
Ку багъӕуа уӕд ӕрковӕ,
Ма уӕд ӕвзагӕн исӕфт.

См.: Будайты А. Нӕртон ӕвзаг // Владикавказ.– 2009.– 15 май.

 

ЛЕКЪТЫ ТАЙМУРАЗ

ИРОН ӔВЗАГ

Куыд хъӕздыг у ирон ӕвзаджы суадон!
Нӕ басысдзӕн ӕнустӕм дӕр йӕ цард.
«Ирон фӕндыр» - нӕ зондамонӕг фаззон,
Хӕссы сӕрибар, амонд ӕмӕ цард.
Нӕртон ӕвзаг, - нӕ хӕхты хуызӕн рагон,
Ныййарӕг мадау, ды мӕнӕн – зынаргъ.
Къостайы фӕдзӕхст ма рох кӕнут абон,
Æххӕст кӕнут йӕ бӕллицтӕ сымах.

См.: Лекъты Т. Ирон ӕвзаг // Рӕстдзинад.– 2009.– 21 январ.