logo

М О Я    О С Е Т И Я



Леонгард ФРАНК
немыцаг фыссæг
(1882 – 1961)

ФÆЗИЛÆН

Æртæархайдон пьесæ

АРХАЙДЖЫТÆ:

Л æ г.
У с.
Б у х г а л т е р.
Д и р е к т о р.
Ш о ф ы р.
П ъ æ л и ц æ й ы  и н с п е к т о р.
М а д.
С п о р т с м е н-а в т о м о б и л и с т.
Æ л х æ н æ г.
ФЫЦЦАГ  АРХАЙД
Фыццаг сценæ
Сосавæндаджы был — зыбыты иунæг хæдзар агуыридурæй. Арæзт у дыууæ хайæ: галиу хай — машинæтæмзилæн æрмадз, рахиз та — цæрæн уат.
Л æ г (иу-дыууиссæдзаздзыд, йæ сæр фæхалас, бæзджын тар рихитæ.  Цалхы камерæ асгары, ноджыдæр ма йæ адымсы, дымсæнæн йæ сыланг разилы, камерæ ма иу хатт басгары æмæ йæ къулы рæбынмæ баппары).Æгъгъæд уал фæуæд абон! (Къраны  донæй йæ къухтæ ахсы, йæ кусæн дарæс раласы.)
У с — иу фондз æмæ ссæдзаздзыд. Йæ уæлæ аив ирд къаба тæнæг хъуымацæй, у хæрзконд æмæ зæрдæмæдзæугæ. Æрмадзы дуарыл æрбахизы, хъавы, лæг æй куыннæ фена, афтæмæй уаты фæмидæг уæвынмæ.

Л æ г (нæуæндон хъæлæсæй, бæрæг у, йæ усæй рæвдауæн ныхас арæх кæй нæ хъусы, уый). Мартæ, кæм уыдтæ?
У с (кæсгæ дæр æм нæ фæкодта). Æмæ дæу та цы хъуыддаг ис?
Л æ г(фæлмæнæй). Ау, уый та куыд... Зæгъ мын æй — кæм уыдтæ?
У с (бацæуы уатмæ, стъолмæ бавналы). Гъа-ма, фæкæс мæм!
Стъол уатæй рахæссынц, змис зæрст цы фæзыл ис, уый тæккæ былгæронмæ æмæ сбадынц, се ’ргом залырдæм, афтæмæй.
(Кæсы æхцафснайæн чиныгмæ). Æз уыдтæн æфснайæн кассæйы. Æд проценттæ нын баисты цыппарсæдæ маркæйы.
Л æ г. Æцæгæй цыппарсæдæ баисты?
У с. Абон ма сæм дæс æмæ ссæдз бафтыдтон... Кассир мын афтæ: «Ацы аз уæ хъуыддæгтæ хуыздæр цæуынц. Сабыргай, фæлæ цæуынц». Зæгъын æгæр сабыргай!
Л æ г. Мæнæй-ма! Ды ницæмæй æфсæдыс...
У с. Æмæ дæумæ та бирæ кæсынц? (Амоны æфснайæн чиныгмæ.) Дæ фаг сты дæлæ уыдон? Афæдзмæ æдæппæт нывæрдтам цыппарсæдæ маркæйы. Æнæхъæн афæдзмæ!.. Кæд нæ хъул сах абада, уæд ссæдз азмæ аст мины бамбырд кæндзыстæм. Нæ зæронды бон нæ  цæмæй баныгæной, уый фаг. (Райдайы хæрын.)
Л æ г. Ныртæккæ ахæм заман у, æмæ, къæбæры фаг кæй кусын, ууыл дæр цин хъуамæ кæнæм.
У с (исдуг ницы сдзуры). Мæнæ ацы ран ныффæтъæн дæ тыгъд быдыры, цы дзы хъуамæ бакусай! Чи та ма уалæ горæты самал кæны иу æрмадзы къуым, æрвылбон дæ капеччы мур уæддæр кусис!
Л æ г. Æз афтæ ’нхъæлдтон, ам, фæндаджы тæккæ былгæрон, фылдæр куыст уыдзæни, ноджы нæ алфамблай иунæг æрмадз дæр нæй.
У с. Бæллæх дæр уый мидæг и, æмæ раст кæй не ’нхъæлдтай. Бон кæд дыууæ цалхы бампъузыс, уæд хорз. Фыццаг аз та нæм иунæг æрбацæуæг дæр нæ уыди.
Л æ г. Омæ, цæуыл тыхсыс, Мартæ? Ацы аз æвзæр куы нæ рауадысты нæ хъуыддæгтæ...
У с. Æз æй хорз зонын, ацы хуынчъы цæй охыл бабырыдтæ, уый.  Ам хæснагыл дæр ссарæн нæй иунæг нæлгоймаг! Хæрзаг, дæхинымæры загътай: горæты канд æз нæ уыдзынæн, уым бирæ нæлгоймæгтæ ис. Æрмæстдæр уый тыххæй ныссагъдтæ ам.
Л æ г. Омæ, афтæ дæр фæуæд? Афтæ куы уа, уæддæр цы? Цал азы фенхъæлмæ кастæн, цалынмæ ды байрæзтæ, стæй ма уый фæстæ дæр цал азы фæкалдтон мæ сур хид, цæмæй исты капеччытæ бамбырд кæнон æмæ иу къуым мæхицæн балхæнон... Куыннæ йæ ’мбарыс, Мартæ, мæнæн а дунейыл дæуæй зынаргъдæр ницы ис!  Зæгъгæ, ды нæ дæ мæ фарсмæ, уæд мæм мæ цард мисхалы аргъ дæр нал кæсид!
У с. Уыдæттæ ма фехъуыстон!
Л æ г. Омæ, афтæ у æцæгæй дæр, Мартæ, æцæгæй дæр у афтæ!
У с. О,  фæлæ ахæм цард мæ зæрдæмæ цæуы æви нæ цæуы, уымæй мæн та фæрсгæ дæр нæ кæныс.
Л æ г. Нæ мæ уарзыс?
У с. Æдылы фарстатæ ма дæтт! Нæ дæм смой кодтон?
Л æ г. Уый раст у! Фæлæ уæд нырма царды фæзилæнтæ дзæбæх нæма зыдтай.
У с. Æз алцы дæр зонын рагæй дæр, стæй дæуæй бирæ хуыздæр.
Л æ г. Омæ дын, уæдæ, цы нæ фаг кæны?! Уæдæ, Хуыцау æвдисæн, æххормаг дæр никуы баййæфтай мæ хæдзары.
У с. Гъеуый ма мын нæ фаг кæны! Тыхст æмæ уырыд бонтæ ’рвит,— уартæ фыццаг аз куыд уыди, афтæ, — æмæ ма ноджы афтид гуыбынæй дæр бад. Хæсты бын фестæм, нæ хæдзар ауæй кæнынмæ нæ бирæ нал бахъуыди... Æмæ уæд та уынджы къæйыл аззадаиккам — æнæ иу капеккæй, æнæ иу сæрфæцæвæнæй.
Л æ г. Уый фыццаг аз уыди. Фæлæ ацы аз нæхиуыл дзæбæх куы фæхæцыдыстæм. (Сабыр æмæ бæлвырд хъæлæсæй.) Ныр та дын хъуамæ зæгъон, мæ къæхтыл цæй руаджы слæууыдтæн, уымæн йе ’цæг æфсон.
У с. Йæ зонын дæр мæ нæ фæнды.
Л æ г (ныхкъуырдæй). Гъемæ цы гæнæн ис, хæцдзынæн мæ дзыхыл... Сахуыр афон мын нæма у!
У с. Цæй, цы мæ дæ цæстытæ ныссагътай?.. Дзургæ, о! Царциаты диссæгтæ, мыййаг, куы нæ радзурдзынæ...
Л æ г. Куыдфæнды дæр уæд, фæлæ мæ бон хъизæмар кæнын нал у... Никуы йыл ахъуыды кодтай, ацы аз нæ цард бæлвырд цæмæн фæрогдæр, ууыл?
У с. Уыдæттыл дæр ма æз хъуамæ сæттон мæ сæр? Æви мын æндæр ницы куыст и?
Л æ г. Афæдзы размæ, бæлвырддæр дзургæйæ та, 20 июлæй фæстæмæ — уæд æмхасæнтæ кодтон мæ къухтæм — æваст нæ хъуыддæгтæ нывыл цæуын цæмæн байдыдтой?
У с. Раст 20 июлы горæтмæ кæрдзын æлхæнынмæ ацыдтæн, фæлæ мын дзулгæнæг нал радта æфстау. Мæ къухтæ мæ дæлæрмтты, афтæмæй фæстæмæ æрыздæхтæн. Уыцы бон уымæй уæддæр бадардтон мæ зæрдыл. Уый дын никуы ныххатыр кæндзынæн.
Л æ г. О, нæ мын æй ныххатыр кодтай. Æниу мын кæд цы ныххатыр кодтай!
У с. Гъы, æмæ цы ’рцыди?
Л æ г. Ссæдзæм июлы, — раст афæдзы размæ, — изæрдалынгты æз фыццаг хатт ацыдтæн æмæ сосайыл зæгæлтæ акалдтон.
У с. Цы, цы? Цавæр зæгæлтæ?
Л æ г. Цæфхады зæгæлтæ, чи сызгæ, ахæмтæ... Æнæхъæн асыччы дзаг мæм дзы уыди. Уартæ нæ рекламæйы фæйнæг кæм сагъд и, фæзилæны, уымæн йæ фале дæр æмæ йæ ацырдыгæй дæр мæхи рацу-бацугæнæг скодтон æмæ зæгæлтæ фæндаджы рыгмæ калдтон.
У с (хъарын æм райдыдта). Æмæ? Æмæ цы дарддæр?
Л æ г. Цæлхытæ дæр уæдæй фæстæмæ райдыдтой хуынчъытæ кæнын. Бон иу-цалдæр! Куыст мын уыдис хъуырмæ! Æмæ дæ нал бахъуыдис мæнæ дæ хæдзар ауæй кæнын, Мартæ?
У с. Æмæ, уæдæ, мæн тыххæй афтæ бакодтай?
Л æ г. Хуыцау — æвдисæн, дæу тыххæй æрмæстдæр!
У с. Æмæ, уæдæ, аххосджын дæр æз дæн?
Л æ г. Нæ, нæ! Аххосджын æз мæхæдæг дæн æрмæстдæр. Дæуæй бавдæлон уыдаин, уый мæ нæ фæндыди. Уæд ма мæ цардæй цы кодтон!
У с. Æмæ мын уæд адæттæ дзургæ та цæй охыл кæныс? Æз дзы цалæм дæн? Ныронг мын æй куы никуы схъæр кодтай. Уæд мын ныр цы рахабар кодтай дæ цæстфæлдахæн митæ?
Л æ г. Уымæн æмæ мæ бон нал у. Æгъгъæд фæуæд. Знон ма фæстаг хатт бакодтон афтæ. Фæлæ дысон ард бахордтон. Хæс никæмæйуал дарæм. Чысыл хиуылхæцгæдæр цард куы кæнæм, уæд истæмæйты ирвæздзыстæм!
У с. Хиуылхæцгæдæр! Æмæ æнæуый дæр хæринаджы фаг тыхамæлттæй куы кусыс. Уæдæ та рæхджы дуканигæсæн табутæ кæндзынæн, цæмæй нын мамæлайы комдзаг æфстау раппара. Фæстæмæ та нæ гаччы абаддзыстæм. Фæлæ дын зæгъын рагацау: мæнæй мацы ныфсытæ æвæр дæхицæн.
Л æ г. Ацы изæр цементгæнæн заводы директормæ бацæуинаг дæн. Комкоммæ — йæ хæдзармæ. Ахæм бардзырд куы раттид, заводы уæзласæн машинæтæ цæмæй мах æрмадзы цалцæг кæной, уæд нæ сæрнизæй мыггагмæ дæр фервæзиккам. Уæд мын фаг куыст уаид, стæй алы бон дæр. Фагæй дæр фылдæр.
У с. Куыннæ стæй! Згъоргæ, йæ цæстытæ дæм ныуурс сты директорæн!.. Æмæ дæм æгæрмæгуыр зырнæйзилæн тæрх дæр куы нæ и, хуымæтæджы лæсгæр цæмæй саразай, ахæм!.. Цал æмæ йæм цал хатты бамидæг дæ! Æмæ дæ, æгæр-мæгуыр, йæ кабинеты къæсæрæй мидæмæ уадзгæ дæр куы никуы бакодта.
Л æ г. Кæд мæм ацы хатт байхъусид, Мартæ. Зæгъдзынæн ын, иннæ мастертæй дæ къаддæр исдзынæн мызд, зæгъгæ. Зырнæйзилæн тæрх та æлхæнгæ бакæндзыстæм. Цыппарсæдæ маркæйы нæм ис æвæрд.
У с. Дæ цæсты кæронæй дæр сæ нæ фендзынæ. Куыд æвæрд сты, афтæ æвæрдæй лæудзысты, бадар æй дæ зæрдыл...
Л æ г. Омæ хорз. Цыдæриддæр у, уæддæр мын ацы изæр нæй директормæ æнæ фæцæугæ.
У с ( ахъуыды кæнгæйæ). Æмæ ныр ацы зæгæлты хабар куы раргом уа, уæд та?.. Уæд цы уыдзæн, ууыл ахъуыды кодтай?
Л æ г. Ууыл æз хъуыды кодтон æхсæвæй-бонæй. Ахæстонæй уыйбæрц нæ тæрсын. Фæлæ æз æмæ ды кæрæдзийæ куы фæхицæн уæм, Мартæ... (Йæ къухмæ йын бавналы.)
Ус йæ къух скъæфгæ нæ акæны, фæлæ иуварсырдæм,æлгъгæнгæ йæ цæстæнгас аздахы.
Л æ г (æфхæрд æмæ  æнæбонхуызæй). Цæмæн афтæ стæм, Мартæ, æз æмæ ды, цæмæн?
У с (йæ уæхсчытыл схæцы). Не ’мбарæм кæрæдзи. Хæстæг мæм куы ’рбацæуыс, уæд куыддæр мæ буар ныддур вæййы...
Л æ г. Æз та, уæдæ, никæй уынын ацы дун-дунейыл дæу йеддæмæ .
Кæсгæ йæм нæ кæны, афтæмæй йын  ус йæ сæрыхъуынтæ армæй æрсæрфы. Дзæнгæрæг.
У с. Æвæццæгæн, Эмиль у, цементгæнæн заводы бухгалтер. Ацафон фæцæуы уый.
Л æ г. Бад, бад. Æз ын бакæндзынæн. (Ацæуы æмæ æрмадзы дуар байгом кæны.)
Ус фынг æфснайынмæ бавналы.
Дыккаг сценæ
            Æрмадзмæ бацæуынц  лæг  æмæ  бухгалтер.
Л æ г. Иучысыл нæм абад, господин бухгалтер.
Б у х г а л т е р (иу æртыназдзыд, йæ бакастæн ницы у). Кæд гæнæн ис,уæд!
Л æ г. Æдзухдæр, господин Эмиль, ахæм хæрзарæзт æмæ бæрæгбонхуыз вæййыс, раст цыма дæ каистæм сусæгцыд фæкæныс.
Б у х г а л т е р. Уæдæ, уæдæ, сусæгцыд! Уæ алфамбылай рыг æмæ цементæй дарддæр куы ницы ис... Уæдæ дзы чындзæгтыл дæр мæ цæст нæ хæцы.
Уатæй рацæуы  ус.
Л æ г. Ау, æмæ цементы заводы чысыл ис рæсугъд чызджытæ? Бухгалтеры дзырдыл дзы дыууæ чи хъуамæ зæгъид?..
Б у х г а л т е р.О, фæлæ сын рауай зæгъæг нæй мæнырдыгæй.
У с. Æвæццæгæн, заводы чызджытæ уæздандæр хъуаг сты дæу хуызæн лæгæн.
Б у х г а л т е р. Дзырд ууыл нæ цæуы. Раст зæгъгæйæ, уæздан мæн нæдæр хъæугæ кæны, фæлæ директор кæимæ фæхуыссыди, ахæм дæр мæ ницæмæн хъæуы.
У с. Кæс-ма, дæ хорзæхæй, цы директор уын ис?! Æмæ се 'ппæтимæ куы нæ хуыссы.
Б у х г а л т ер. Равдисынмæ дзы чи бæззы, уыдонæн се 'ппæтимæ дæр! Кæд ма æз нæ зонын уыдæттæ. Æркæсын мызды гæххæттытæм, æмæ дзы фылдæр æхца кæмæ цæуы, уый æнæмæнг уыдис директоры хæдзары.
Л æ г. Æмæ, æцæгæй дæр, лæг раст хъуамæ зæгъа —алцы дæр æмæ алчи дæр æхцайы алыварс зилдух кæны.
Б у х г а л т е р. Нæ директоры дзæгъæлы нæ хонынц быраузилæг.
У с. Уый та куыд бамбæрстæуа?
Б у х г а л т е р. Уымæн æмæ дзы иунæг дзæбæх чызг дæр æвыдæй нæ ирвæзы.
Л æ г. Нæ дын æмбæлы мæ бинойнаджы цур ахæм ныхæстæ кæнын.
У с. Уадз æмæ дзура! Æвзæрæй куы ницы зæгъы.
Л æ г (усæн). Цæй, уæдæ, æз цæуын директормæ. Мæ амонд бавзарон. (Сысты.) Уæд та велосипедæй ацæуин? Æртæ минутмæ уым уыдзынæн. Дзæбæхæй уал баззай, господин Эмиль! (Ацæуы.)
Æртыккаг сценæ
Бухгалтер йæ къухтæ бадаргъ кæны усмæ.
У с. Куы нæма ацыди.
Б у х г а л т е р. Рауай-ма, рауай-ма мæхимæ!
Ус бухгалтеры уæрджытыл сбады, æваст йæ уæнгтæ æрызгъæлынц, скоммæгæс вæййы. Батæ кæнынц.
У с. Уæдæ мæн дæр нæ ракурис?
Б у х г а л т е р (иудадзыг дæр кæны хъазгæмхасæн ныхас). Иу къæмы хуызæн. Дæу æз ракурин, мæ сæр дæр нæ аныхин, афтæмæй.
У с. Æз та дын уæдæ нæ бакомин.
Б у х г а л т е р. Гъер уый æцæг куы уаид. (Тынг æй æрбахъæбыс кæны. Ус йæ хъæбысы æрлæмæгъ вæййы.)
Бафæрсын аипп ма уæд, фæлæ мын уæд комгæ та цæй дымæгмæ нæ бакæнис? Ничи йæм кæсы!
У с. Уымæн æмæ дæ директор иу хуы у, дæхæдæг та — дыууæ хуыйы.
Б у х г а л т е р (худгæйæ). О, фæлæ цыма дæ зæрдæмæ дæр уый тыххæй цæуын? (Йæ сæрæй амонгæйæ.) Кæдæм сарæзта йæ гуырыконд, кæдæм?
У с. Дæ директормæ, æндæр кæдæм.
Б у х г а л т е р. Директор йæ машинæйыл кæдæмдæр ацыд. Афонмæ нæма æрбаздæхтаид.
У с. Куыд дæм кæсы, заводы уæзласæн машинæтæ дæтдзæн махмæ — цалцæг кæнынмæ?
Б у х г а л т ер. Уый кой кæнгæ дæр ма кæнут. Ныр къорд азы дæргъы заводы машинæтæ цалцæг кæнынц горæты, сæрмагонд æрмадзы.
У с. Æмæ йын сæ мах асламдæрыл куы цалцæг кæнæм, уæд та?
Б у х г а л т е р. Сымахæн бæргæ хорз уаид. Цалцæггæнæггаг рæстæмбис нымадæй къуыри фидынц æппынкъаддæр фæндзай маркæйы. Уый æрмæстдæр куысты аргъ. Уæдæ ма арæзтадон æрмæгæй дæр истытæ фæфæсвæдгæнæн уаид.
У с. Æнæхъæн мулк! (Фæхъус уæвгæйæ.) Ныр кæм зæххыскъуыды ныххаудтай æнæхъæн дыууæ къуырийы бæрц? Хорз æй куы зоныс, цы уавæры мæ ныууагътай, уый.
Б у х г а л т е р. Бирæ куыст мын уыдис, квартæлы кæрон... Æмæ цы бадæ?
У с. Фервæзтæн дзы. Дæс боны размæ! Фæлæ фыртæссæй мæ уд мæ къæхты бынæй куыннæ атахт... Æмæ куы райгуырдаид, уæд та?
Б у х г а л т е р. Мур дæр ын нæ уыдаид.  Уæддæр дæ лæг цæрæнбонты сывæллонмæ куы бæллы. Йæхицæй ныббуц уыдаид, ныр æз дæр фыд дæн, зæгъгæ.
У с. Зынтæй. Банымадтаид бонтæ.
Б у х г а л т ер. Фæстаг хатт ма мын кæд ныссагъта сыкъатæ дæ лæг?
У с. Уый дзы мур дæр ницы мары. Мæ фарсмæ нæлгоймаг вæййы, уый æнкъаргæ дæр нæ фæкæнын. (Аджих уæвгæйæ.) Афтæмæй та йæ зонын:  дæу дæр æмæ мæн дæр нырма бирæ цыдæртæ хъæуы мæ лæджы баййафынмæ... Куыд адæймаг, афтæ... Хатгай ахъуыды кæнын: тынг дзæбæх саразин мæ цард йемæ. Фæлæ мыл куыддæр аныдзæвы, афтæ мæ буар къодахы хуызæн авæййы... Раст нын цыма хинтæ счынди.
Б у х г а л т е р. О, фæлæ уый хыгъд мемæ!.. (Æрбахъæбыс æй кæны. Ус бынтондæр æрлæмæгъ, бухгалтеры былтæ цъирынмæ фæвæййы.)
Дзæнгæрæг.
У с. Ау, афтæ тагъд фездæхтаид?
Б у х г а л т е р. Диссагæй дзы ницы ис. Велосипедæй ацыди! Директор сæхимæ кæцæй уыдаид... Цæй, æз ацыдтæн. (Хъæлдзæгхуызæй йæ къух батилы.) Фенынмæ уал! (Уатыл ахизы æмæ рахиз дуарыл рацæуы.)
Ус байгом кæны æрмадзы дуар.
Цыппæрæм сценæ
У с. Æгас нæм цу, господин директор.
Д и р е к т о р (нарст адæймаг, ныллæггомау. Усимæ авансценæмæ цæугæйæ). Хæдзары ис мастер?
У с. Нæй, господин директор.
Д и р е к т о р. Бавдæл æмæ, куыддæр фæзына, афтæ-иу ын зæгъ: уартæ æрбазилæны уæ рекламæйы фæйнæг кæм и, уым мæ цалх фæхуынкъ ис... Æмæ  мын æй æвæстиатæй баивæд... Ды, æвæццæгæн, йæ ус дæ?
У с. О, господин директор. Куыддæр мæ лæг фæзына, афтæ сараздзæн æппæт дæр.
Д и р е к т о р. Дыууæ боны размæ дæр фæхуынкъ и мæ цалх. Уый дæр уыцы тæккæ ран. Стæй уæд дæр цæфхады зæгæлæй!
У с. Цы нæ вæййы, господин директор.
Д и р е к т о р. Мæнæн фылдæр-фылдæр мæ цалх фæхуынкъ вæййы дыууæ азы иу хатт.
У с. Дæ амонд хæрæгыл бады, господин директор.
Д и р е к т о р. Мæнæ цы дзæбæх дæ!
У с. Уанцон нæу, цытæ дзурыс, господин директор!
Д и р е к т о р. Уый хæйрæг та чи уыдис, æмæ ацы арсы лæгæты ахæм сылгоймæгтæ разындзæн. Кæд дæм мæхи тыххæй нæ уромын!
У с. Æцæг зæгъыс? Хъазгæ кæныс  æвæццæгæн.
Д и р е к т о р. Мæ хæдзар мын куы абæрæг кæнис иуахæмы, уæд куыд уаид?
У с. О, фæлæ æз моймæдзыд сылгоймаг дæн, господин директор.
Д и р е к т о р. Уый æфсонæн нæ бæззы. Суанг ма хуыздæр дæр у.
У с. Нæ мæ уырны.
Д и р е к т о р. Дæу дæр, уæдæ, ницы бахъыгдардзæн.
У с. Афтæ дæм кæсы?.. Æз нырма мæ лæджы никуыма фæсайдтон... Æцæг дын зæгъын, æцæг, господин директор.
Д и р е к т о р. Уæдæ дæ хъуамæ лæмбынæг æруындтытæ кæнон. Фыццаг хатт фембæлдтæн ахæм сылгоймагыл.
У с. Уый курæг дæ дæн, господин директор...
Д и р е к т о р. Хæстæгдæр-ма мæм рацу! (Æрбахъæбыс кæнынмæ йæ хъавы.)
У с. Афтæ, цыма, æгæр хæстæг уыдзæни. (Йæхи фæиуварс кæны.)
Д и р е к т о р. Æмæ, уæдæ, куыд? И?
У с (йæ мидбылты худы, стæй йæ сæр банкъусы). Господин директор!..
Д и р е к т о р. И?
У с. Ныр дæ заводы уæзласæн машинæтæ мах æрмадзы цалцæг кæныныл цæуыннæ разы кæныс?
Д и р е к т о р. Цæмæй йæ зыдтон, ацы æрмадзы хицауæн ахæм зæрдæскъæф бинойнаг и, уый.
У с. Ныр æй зоныс. Алцыппæт кусæнгарз дæр нæм ис. Тагъд райсдзыстæм ног зырнæйзилæн станок. Мæ лæг цыфæнды куыстмæ дæр арæхсы. Машинæтæ хорз зоны.
Д и р е к т о р. Цыдæриддæр у, уæддæр ын рæсугъд бинойнаг ис. (Хъуыддагхуызæй.) Цæй, хорз, баныхас кæнæм: æз дæттын куыст дæ лæгæн, ды та-иу мæм алы къуыри дæр æрбахæсдзынæ йæ куысты бæрæггæнæнтæ. Хыгъд кæнынæн.
У с. Цинæй мæлгæ, господин директор. Æниу дæм сæ хæсгæ дæр цæй тыххæй хъуамæ ма кæнон?
Д и р е к т о р. Дæхицæй æдылы ма араз! Тынг хорз æй зоныс, æз цæй кой кæнын, уый. Алы хуыцаубоны дæр мæм хæсдзынæ гæххæттытæ, дæ лæг къуырийы дæргъы цы бакуыста, уый тыххæй. Æхсæвæры фæстæ!.. Цы зæгъинаг дæ уый тыххæй?
У с (исдуг ницы сдзуры). Хорз, бахæсдзынæн-иу дæм гæххæттытæ... Æмæ мæ исчи куы фена, уæд та?
Д и р е к т о р. Хæдзармæ-иу мæм æрбацæудзынæ.
У с. Уый та ноджы хуыздæр!
Д и р е к т о р. Мах хæдзары ничи вæййы æфснайæгæй дарддæр. Йæ дзыхыл хæцын зоны... Афтæ, уæдæ: мастер куыддæр фæзына, афтæ-иу камерæ баивæд æмæ-иу мын мæ машинæ æрбатæрæд нæхимæ.
У с. Зæгъдзынæн ын.
Д и р е к т о р. Æмæ йæ куысты тыххæй дæр баныхас кæндзыстæм æххæст.
У с. Куыд тынг бацин кæндзæн, уый куы зонис, господин директор!
Д и р е к т о р. Хуыцаубонмæ, уæдæ! Фенынмæ уал! Нæ мæ ’ вдæлы.
(Йæ фæстаг ын армытъæпæнæй ракъæрцц кæны æмæ ацæуы.)
Ус æй дуаргæронмæ ахæццæ кæны.
Фæндзæм сценæ
Рахиз дуарæй ногæй æрбацæуы  б у х г а л т е р  æмæ æрмадзмæ  усмæ бараст вæййы.
Б у х г а л т е р. Кæртæй куыд фæцæйхызтæн, афтæ дын кæсын æмæ — мæ хицау. Нæ мæ бафæндыди салам раттын уыцы хъамылы хуыйæн... Цы йæ  хъуыдис ам, цы?
У с. Йæ машинæ фехæлди. Зæгæл бауади йæ цалхы.
Б у х г а л т е р. Фæлтау уыцы зæгæл йæ фæстаджы куы ныссагъдаид.
У с. Мæнæн дзы мæхион мæхи фæци. Ныр заводы уæзласæн транспорт цалцæг кæндзæни мæ лæг.
Б у х г а л т е р (йæ дзых гомæй баззад, афтæмæй йæм кæсы; кæны маргæйдзаг худт). Уый дзæгъæл хуымæтæджы ницы сараздзæн.
У с. Сабыр. Уæлдæйттæ ма дзур.
Б у х г а л т е р (мидбылхудгæ). Æз æрмæстдæр уый зæгъинаг дæн, æмæ йæ зæрды цыдæр æрæфтыди. Æз æй хорз зонын уыцы адæймаджы.
У с. О, фæлæ мæн нæ зоныс.
Б у х г а л т е р (мидбылхудгæ). Раст зæгъгæйæ дæ цыдæртæ зонын, Мартæ. Ам мемæ хъуамæ сразы уай.
Æппын ницы сдзургæйæ ус бухгалтеры русæн ахъаззаг гæрах нылласы. Бухгалтер йæ дзыхыдзаг хъæрæй ныххуды.
Кæдæй нырмæ мын байдыдтай ахæм митæ кæнын? Гъеуый дын, гъе!
У с. Гъеныр ма мæ ноджыдæр цыдæртæ базыдтай.
Æхсæзæм сценæ
Æрбацæуы  л æ г. Тагъд-тагъд авансценæмæ рацæуы.
Л æ г (йæ цæсгом хурау райы). Директорыл амбæлдтæн уынджы. Хабæрттæ иууылдæр зонын. Мæнæ цы амондджын стæм, Мартæ, мæнæ куыд ацыдис нæ хъуыддаг!
Б у х г а л т е р (æлхыскъгæнæгау). Арфæ дын кæнын, мастер.
Л æ г. Стыр бузныг, господин Эмиль, стыр бузныг. Мартæ, ныр нæ фыдæбæттæ фæсте аззадысты. Ныр мын куыст уыдзæни æнæхъæн цалдæр азæн. Мæнæ дæм раст æввонгæй æхца куыд ивыла, уыйау... Дæу руаджы æрмæстдæр, Мартæ, дæу фæрцы! Куыдæй бафтыдис уый дæ къухы, уагæры?
У с (йе уæхсчытæ базмæлын кæнгæйæ). Хæрз æнцонæй.  Балæгъстæ йын кодтон, æндæр ницы.
Б у х г а л т е р. Дæ ус мын ныртæккæ мæ уадулæн иу ныуудæста. Ныр дæр ма мæ цæстытæ тартæ кæнынц. Цы зæгъинаг дæ уый тыххæй, мастер?
У с. Уымæн æмæ æдзæлгъæд ныхæстæ кодта. Дарддæр дæр ма куы кæна æдзæлгъæд ныхæстæ, уæд ма йæ дзы ноджыдæр иу фæуыдзæн.
Л æ г. Ахæм риссаг цæф нæ уыдаид, господин Эмиль... Мæ усы цур де ’взагæн уаг зон. Иу æмæ дын дыууæ хатты нæ загътон.
Б у х г а л т е р. Уæдæ-уæдæ, ныр мæ дзыхыл хæцдзынæн. Хорзæй баззай, мастер!
Л æ г. Директоры машинæмæ базилын хъæуы тагъддæр. (Паузæ.) Уæддæр цæй хорз бакаст дæ коммæ директор?!. (Æрмадзмæ бацæуы æмæ йæ кусæндарæс скæны.)
Б у х г а л т е р  хъæлдзæгæй йæ сæрæй акувы усæн æмæ лæджы фæстæ  рацæуы.
Л æ г (уатмæ бахизы æмæ йæ усырдæм бацæуы, уый та уыцы рæстæг хуыссæн кæны кушеткæйыл). Гъер мын æй радзур, радзур мын æй бæлвырддæр.
У с. Æмæ дзы уыйбæрц дзуринагæй дæр ницы ис. Бафарстон æй: зæгъын, уæ машинæтæ цалцæг кæныны хъуыддæгтæ бынæттон адæмæй искæмæн цæуыннæ бахæс кæнут. Æмæ йæ уадидæгæн бамбæрста, дæу кой кæнын, уый. Цы уæлдай йын у, æхца кæмæн фиддзæн, уый.
Л æ г. Уæдæ, махæн та уый мæнæ раст удхосау у... О, Хуыцау, афæдзы размæ цæуыннæ бафтыди нæ къухы ацы хъуыддаг! Афæдзы размæ, уæд та! Уæд абон тæригъæдджын нæ уаин не Скæнæджы раз, уыцы æнæхайыры зæгæлтыл не сбæндæн уыдаин.
Ус. Директорæн дæр дæ зæгæлтæй иу бауад йæ цалхы.
Л æ г. Йæ цæстытæм ын комкоммæ бакæсын дæр нæ уæндыдтæн, ахæм æфсæрмы дзы кодтон. Æмæ афтæ алкæмæй дæр... Æгæр хъизæмар уыди уый, æвæдза... Фырадæргæй ма-иу цы акодтаин...
У с. Ныр дæ бахъæудзæн иу дзæбæх лæппуйы ссарын, æнæ æххуысгæнæгæй дын зын уыдзæни.
Л æ г. Нæ, Мартæ, нæ хæдзары æцæгæлон нæлгоймаг уа, уый сæр нæ ницæмæн хъæуы.
У с. Рагацау мын куы старстæ, уагæры ма йæ куы райсæм...
Л æ г. Мæхи фаг йеддæмæ дзы нæ уыдзæн куыст, Мартæ, суткæ æстдæс сахаты куы хъæуа кусын, уæддæр нæ бафæллайдзынæн. Хъарутæ мæм ис нырма... Мæнæ мын цы ’хсызгон у! Мæнæ мын цы ’хсызгон у!..
Дзæнгæрæг.
Æвæццæгæн та чидæр фыдбылызы смидæг. Тæккæ райсом цæуын æмæ дзы иунæг зæгæл дæр нал ныууадздзынæн. (Дуар байгом кæны.)
Æвдæм сценæ
Цудтытæгæнгæ æрбацæуы  ш о ф ы р. Йæ уæлæдарæс йæ сæрæй йæ къæхтыбынмæ у чъизи, раст цыма цъыфы бæгъдулæг кодта. Йæ цæсгом — фæлурс, йæ ныхы скъуыдæй туг хъары.
Л æ г (тарстæй). Цы ’рцыди?
Шофыр рахау-бахаугæнгæ бацæуы хъæсдарæгмæ, æрбады йыл.
Ш о ф ы р. Дамкърат! Тагъддæр дамкърат! (Фæцæйхауы.)
Л æ г (схæцы йыл). Тугæй куы нæуал зыныс! О Хуыцау! Цы ’рцыди? Цы ’рцыди? (Кърантмæ базгъоры, къухмæрзæн ахуылыдз кæны.)
У с (уатæй æрмадзмæ рбахизы). Цы ’рцыди?
Ш о ф ы р. Машинæ сфæлдæхти æмæ асхъиудта былæй.
У с (лæгæй къухмæрзæн байсы). Æри-ма йæ ардæм! (Тугтæ сæрфы.) Цæй-ма, тæссагæй дзы ницы ис.
Ш о ф ы р. О, фæлæ машинæйы бын сывæллон и. Сывæллон!
Л æ г. О, не скæнæг Хуыцау!
Ш о ф ы р. Мæнæ ам хæстæг, уæ тæккæ хæдзары раз, рекламæйы цур. (Хъавы сыстынмæ, фæлæ ныхъхъæрзы æмæ фæстæмæ æрбады.) Дамкърат!
У с. Кæм ма дын риссы ’ндæр?
Ш о ф ы р (сгары йæ фæрсчытæ). Мæ фæрск, цыма, саст у.
У с (йæ дæларм бацæуы). Цом-ма, сынтæгыл æруадз дæхи. (Шофыры уатмæ кæны; усы руаджы шофыр сынтæгыл æрхуыссы.) Æнцад хуысс афтæ. (Æрмадзмæ йæ лæгмæ атындзы; мæстыйæ.) Мæнæ дын дамкърат! (Æрдæгхъæлæсæй.) Кæд цалх хуынкъ у, уæд æй æвæстиатæй раив. Хъусыс, исты йæ фæкæ  æвæстиатæй. Æз та уал шофыры ныхæстыл дардзынæн, куыд ницы бафиппайа, афтæ.
Л æ г. Цæмæй тарстæн, уый мæ сæр баййæфта!
У с. Сæхгæн дæ дзых! Райс дамкърат æмæ феддæдуар у!
Л æ г. Нæ раны стæм ныр.
У с. Æз дын цы зæгъын, уый кæн. Хъусыс? Цалхы резинæ раив æвæстиатæй!
Л æ г. О, Мартæ, о.
У с. Арахъхъ ма нæм баззад?
Л æ г. Скъаппы. (Дамкърат кæртыдуарырдæм йæ фæдыл аласы. Ацæуы.)
У с (уатмæ бацæуы). Æмæ уæддæр куыд рауади?
Ш о ф ы р (усы æххуысæй йæ пинджак раласы). Мæхæдæг дæр ын ницы бамбæрстон. Кæд мæ цалхы резинæ исты кодта. Фыр адæргæй йæм кæсгæ дæр нал æркодтон дзæбæх. Ардæм мæхи раппæрстон, уымæн æмæ машинæйы бын сывæллон и... Æвæццæгæн, мæ цалх фæхуынкъ и...
У с. Чи зоны. Фæлæ уый æнæмæнг хабар нæу. Цы нæ ’рбамбæлы машинæйыл.
Ш о ф ы р. Мæн уырдæм цæуын хъæуы... Сывæллон! Сывæллон!.. (Архайы рабадыныл, хъæрзы.)
У с. Дæ бон не суыдзæн нырма. Ахуысс уал. Мæ лæг ацыди машинæмæ. Уый æппæт дæр сараздзæн. Ралас-ма дæ хæдон, æз дæ фенон, кæддæра куыд у дæ уавæр. (Йæ хæдон ласынæн ын æххуыс кæнгæйæ.) Цы риуы æвæрд дын и, нæ фæлæ! Бæгъатыр риу... (Скъаппæй райсы арахъхъы авг æмæ чысыл агуывзæтæ). Афтæ, уæдæ. Ныр та бануаздзынæ арахъхъ.
Ш о ф ы р. Уæнгæлæй мын æнаддæр у арахъхъ. (Нуазы.)
У с (æркæны та ноджыдæр). Иу ма. Æвастæй чи фæтæрсы, уымæн йæ хос у!
Ш о ф ы р(нуазы).  Æрбарасыг дзы вæййын æвиппайды.
У с. Æз дæр æй куы фенин. (Дыууæ агуывзæйы дæр сæ тæккæ былтæм бакæны.) Фыртæссæй мæ уд ауадис мæнæн дæр. (Бакъуырцц кæнынц. Нуазынц.)
Ш о ф ы р. Тынг æнад мын у арахъхъ. Ницы нуазын æппындæр. Фæлæ мын фенцондæр и æцæгæй дæр.
У с (рауадзы та, бакъуырцц æм кæны). Æмæ дын уæдæ æз цы загътон! Уæдæ-ма уæд фæйнæ!
Ш о ф ы р. Æрмæстдæр де ’фсæрмæй! (Нуазы.) Хорз нæу хабар. Дачæйæ ластон сывæллоны... (Йе ’взаг йæ коммæ нал кæсы.) Æмæ йæ хъуамæ сæмбæлын кодтаин йæ хæдзарыл, горæты. Амæй ма бæллæхдæр цы уа. Ныр мæ мæ хицау дæр разыввытт ласдзæн мæ куыстæй.
У с. Уыйонгты нæ ахæццæ уыдзæн хъуыддаг. (Æркæны та йын, шофыр нуазы.) Лæппу у?
Ш о ф ы р. Чызг. Авдаздзыд... Ныр ма цы уæлдай у. (Йæхæдæг йæхицæн æркæны, нуазы.)
У с. Машинæтæ цалцæггæнæгæй кусыс?
Ш о ф ы р. О, стæй мæ куыст иттæг хорз зонын.
У с. Гъемæ дæ кæд дæ куыстæй ратæрой, уæд-иу комкоммæ махмæ рацу кусынмæ.
Ш о ф ы р (йе взаг йæ дзыхы нал тасы). Бæргæ хорз уаид уый. Уый, æвæдза, тынг хорз уаид. (Хъæрзы.)
У с (сгæрстытæ йæ кæны). Ам риссы?
Ш о ф ы р. Куыддæр мыл андзæвыс, афтæ фырадæргæй фæцæй æрра кæнын.  (Кофтæйы бын йæ къух ауадзы, расыг дыгъал-дыгъул кæны.) Дæ буар тынг фæлмæн у. Фæлмæн-фæлмæн...
У с. Адде ма кæн дæ дзæмбы. (Йæ къух ын асхойы.)
Ш о ф ы р (сылгоймаджы æрбахъæбыс кæны, уый  дзы йæхи иуварс ласы). Рацу-ма ардæм! (Сылгоймаджы уæхскыл йæ сæр æрхауы. Æрдæгфынæйæ.) Алыг ис ууыл. Цæттæ дæн æз.
У с. Афынæй кæн, афынæй. Уымæн дзы æмбал нæй.
Ш о ф ы р (æрдæгфынæй æмæ расыгæй). Фæлæ-иу райсом... райсом... æрбацу-иу мæм...
У с. О, райсом. (Уаты рухс ахуыссын кæны, цадæггай бахгæны дуар, æрмадзмæ хъуызгæ бацæуы, сагъæсхуызæй сагъдауæй лæууы. Кæртыдуарырдæм йæ къахфындзтыл азгъоры, ахизы æддæмæ, цæстæнгасæй кæйдæр агуры. Йæ лæг æрбацæуы, уый фены æмæ йæм йæ тых, йæ бонæй йæ къух тилы; хæдзармæ фæстæмæ базгъоры, уаты дуары цур æрыхъусы.) Хуыр-хуыр кæны.
Æрбацæуы  л æ г, цадæггай тыхамæлттæй цæуы размæ, æдзынæг кæсы йæ усмæ, йæ фырлæмæгъæй цалцæггæнæн дæгъæл йæ къухтæй аирвæзы.
У с (мæстыйæ). С-с-с... (Амоны уатмæ.) Бафынæй. (Амæй фæстæмæ сæ дыууæ дæр дзурынц æрдæгхъæлæсæй.)
Л æ г. Сывæллон...
У с. Хуынкъ у цалх?
Л æ г. Мартæ, сывæллон...
У с. Дæу куы фæрсын: хуынкъ у цалх?
Л æ г. О, раззаг рахиз цалх. Мæ зæгæлтæй иу.
У с. Баив æй. Хъусыс, æвæстиатæй.
Л æ г. Байхъус-ма мæм, Мартæ!
У с (знæтæй). Омæ дзур, дзур. Цы хабар у?
Л æ г. Сывæллон амард.
У с. Уанцон нæу?!
Л æ г (адæргæй цы акæна, уый нæ зоны). Йæ сæр ныппырх и!..
Æрвдзæфтау кæсынц кæрæдзимæ.
Æ м б æ р з æ н
ДЫККАГ АРХАЙД
Фыццаг сценæ
Къуырийы фæстæ. Фыццаг архайд кæм цыдис, уым. Рæбинаг къулы рудзгуытæй уатмæ æмæ æрмадзмæ хуры тынтæ кæсынц.  Шофырæн йæ ныхыл бинты гæппæл ныхæст (бинты бынæй зыны бæмбæг), цалцæггæнæн тæрхы уæлхъус цыдæртæ кусы. Йæ цæнгтæ йæ фæрстæм æлхъывд, афтæмæй рацу-бацу кæны. Куыд акъахдзæф кæны, афтæ та, каркау, йæ сæр размæ аивазы. Цæугæ йæ зæвæттыл кæны, фæлæ æнæсыбырттæй. Кæд йæ цуры ничи ис, уæддæр хатгай йæ мидбылты хинхудт бакæны, йæ рихи ахсыны.
У с (дзаг хызынимæ æрмадзмæ бацæуы, аракæс-бакæс кæны). Кæм и? Мæ лæг кæм и?
Ш о ф ы р (мидбылхудгæ амоны кæртыдуармæ).Мæнæ ныртæккæ ахызти.
У с (фæцæуы уатмæ, шофыр дæр йæ фæстæ араст вæййы æмæ сынтæгыл æрбады). Абон дын дæ уат æфснайдтон æмæ дын дæ къултæй уыцы бæгънæг сылгоймæгты нывтæ рафтыдтон... Мæ лæг сæ куы фена, уæд смæсты уыдзæн.
Ш о ф ы р. Æндæртæ дæр ма мæм ис. Равдисон дæм сæ?
У с. Тынг мæ æрхъуыдысты!
Ш о ф ы р (йæ къух размæ раппары, фæлæ йын фæриссы æмæ йæ йæ фæсчъылдым амбæхсы). Уæдæ дысон дæ зæрдæмæ тынг куы фæцыдысты... (Æрбахъæбыс æй кæны.)
Сылгоймаг шофыры æфцæгыл атыхсы æмæ йын батæ кæны.
Къахдзæфты уынæр куы ’рбайхъуысы, уæд фæйнæрдæм агæппытæ кæнынц.
Дыккаг сценæ
Лæг æрбацæуы, цалцæггæнæн тæрхыл сбады æмæ джихæй кæсы уыцы иу ранмæ.
Ш о ф ы р. Фæзынди. (Рахиз дуарыл сабыргай рацæуы.)
У с (бацæуы æрмадзмæ æмæ æрлæууы йæ лæджы цур). Уый та дын цавæр бадт у, Мартин? Иудадзыг дæ зæрдæмæ куы хъусай, уæддæр дзы ницыуал раздахдзынæ... Байхъус-ма мæм. Хъуыддаг у афтæ: цалх кæй фæхуынкъ, уый азарæй æрцыди ацы бæллæх. Фæлæ йæ куы базоной, уæддæр цæмæй хæйрæг сты, æмæ ды ныккалдтай фæндагыл зæгæлтæ. Сæ фæды-фæдмæ дæр æй нæ базондзысты! Иу æмæ дыууæ цалхы фæхуынкъ вæййы! Фæлæ йæ уæддæр хъуамæ мацы хуызы базоной, цалх кæй фæхуынкъ и, уый. Кæннод дарддæр дæр райдайдзысты къахын æмæ æппæт дæр сбæрæг кæндзысты. Дæуæн хъуамæ фынæйæ дæр æмæ хъалæй дæр дæ сæрымагъзы уа иунæг хъуыды: иу хуынкъ дæр нæ æмæ иннæ хуынкъ дæр... Гъемæ-иу фидар лæуу, пъæлицæ куы ’рбацæуой æмæ дæ фæрсынтæ куы райдайой, уæд. Ныртæккæ уый у сæйрагдæр. Ды хъуамæ кæнай уыцы иу ныхас. Æмæ уæд фыдбылызæй аирвæздзыстæм.
Л æ г (йæхицæн дзурæгау). Уæдæй ардæм — æгас къуыри ныр — хуыссæджы цъынд нæма федтон. Мæ цæстытæ æрæхгæдтон, зæгъгæ, афтæ мæм уыцы сывæллон комкоммæ ныккæсы. Мард у, афтæмæй мæм уæддæр ныккæсы.
У с (рæвдауæгау). Сывæллоны баныгæдтой, Мартин, никæмæуал кæсы ныр.
Л æ г. Бабын стæм уыцы зæгæлты азарæй. Ахæстонмæ мæ батæрдзысты ацы зæгæлтæ.
У с. Æз дын хорз зонд бацамыдтон. Уыцы изæр цалх нæ раивтай, зæгъгæ, уæд афонмæ бадис ахæстоны.
Л æ г. Уæд мæ удæн æнцондæр уыдаид.
У с. Æмæ уæд æз та куыд кодтаин, ууыл нæ хъуыды кæныс?
Л æ г. Æз æдзухдæр æрмæст дæуыл хъуыды кодтон. Суанг мæнæ ныртæккæ дæр: стыр бæллæх мæ сæр баййæфта, уæддæр дæуыл хъуыды кæнын æрмæстдæр — æппæт дæр арвау куы сбæрæг уа, уæд ды та цы фæуыдзынæ?..
У с. Ницы сбæрæг уыдзæн мур дæр, дæхиуыл фидар куы фæхæцай, уæд. Ды ахæстонмæ нæ бахаудзынæ. Æмæ уæд куыд-фæстæмæ дæ чемы ’рцæудзынæ.
Л æ г. Нæ, Мартæ, нæ. (Йæ риу бахойы.) Мæнæ ам бады, мæнæ. Мæнæй тыхджындæр у уый.
У с (загъдгæнæгау). Дæхи фидарæй дæ къухтæм куы нæ райсай, уæд фесæфтыстæм дыууæйæ дæр... Пъæлицæйæ куы ’рбацæуой, уæд-иу, цæйбæрц гæнæн и, уыйбæрц къаддæр дзур. Франц æрбацæудзæн. Аивæй йæ сбæрæг кодтон æз. Франц та рагæй мæ фæстæ зилы... Акъахдзæф кæнын мæ нæ уадзы раст... Æмæ Францы мæхи бар уадз... Цыбыр дзырдæй, ды ницы зоныс æппындæр! Ды зоныс æрмæстдæр иу хъуыддаг: цыппар цалхы дæр уыдысты æнæхъæн... Хъусыс?
Л æ г (куыдфæндыйæ). О-о. Фæлæ ныр мæ царды хорзæй никуыуал ницы уыдзæни. Никуыуал æппындæр. Уый бæлвырд у. Мæ зæрдæ йæ зоны.
У с. Ныр та цæугæ — дæ куысты уæлхъус балæуу æмæ дын фенцондæр уыдзæни.
Л æ г. Мæнæн ныр никуыуал фенцондæр уыдзæн. (Тыхамæлттæй сысты, кæртыдуарыл ахизы, йæ ус сагъæсхуызæй кæсы йæ фæстæ.)
Рахиз дуарыл уатмæ æрбацæуы  б у х г а л т е р.
Æртыккаг сценæ
У с (уатмæ бацæуы; бухгалтерæн, уазал хъæлæсæй). Цымæ нæм цæй охыл саккаг кодтай?
Б у х г а л т е р. Мартæ, кæдæй нырмæ райдыдтай мемæ ахæм уазал хъæлæсæй дзурын? Цы ’рцыди?
У с (дæрзæгæй). Афтæ мæм хуыздæр кæсы! (Æрмадзмæ ацæуы, бухгалтер дæр йæ фæстæ.)
Б у х г а л т е р (мидбылхудгæ). Уæдæ, зæгъыс, мæ бынат дæ зæрдæйы чидæр йæхирдыгæй фæкодта... Тынг цæрдæг архайыс, æвæдза... Уæдæ æз кой дæр мацыуал скæнон?
У с. Æз дæу куы фæрсын: цæй охыл нæм саккаг кодтай?
Б у х г а л т е р. Æз æрмæстдæр уый зæгъынмæ хъавыдтæн,æмæ уæм пъæлицæйы кусæг Франц кæй æрбацæуы. Ацы минут æй ардæм хъæуы. Гъеуый дын зæгъынмæ хъавыдтæн рагацау, цæмæй хиуылхæцгæдæр уа æмæ уæлдай ныхæстæ ма фæкæна. Пъæлицæйæгтæ уарзынц хынцфарст кæнын. Дзурæд хъуыдыгæнгæ, адæймаг кæй фæмард, уый дзы рох ма уæд.
У с (йæ тарст æмбæхсгæйæ, къахæгау). Чи дзура хъуыдыгæнгæ, чи ма фæкæна уæлдай ныхæстæ?
Б у х г а л т е р. Чи? Чи? Мæнæ, дæ зæрдæйы мæ бынат чи рацахста, уыцы шофыр! (Амоны дуармæ). Уæртæ Франц æрбацæуы. Æз ам нал дæн. (Мидбылхудгæ.) Фæлæ мæм диссаг кæсы... Мæ уромæнтæ нал скуыстой, зæгъгæ, куы загътаид шофыр, уæд ууыл хъуыддаг ахицæн уыдаид. Уымæн æмæ йæ ничи багæды кодтаид — машинæ сау быныдæрæн у.
У с. Уый та шофыры хъуыддаг у, цы зæгъинаг у, уый.
Б у х г а л т е р. Уый дæр раст у. (Æрмадзы дуарыл ацыди.)
Ус исдуг сагъæсхуызæй алæууы, стæй уатмæ бахизы æмæ рахиз дуарыл ацæуы.
Цыппæрæм сценæ
Æрмадзы дуарыл æрбацæуынц   ш о ф ы р, п ъ æ л и ц æ й ы  и н с п е к т о р  формæйы æмæ  б у х г а л т е р.
И н с п е к т о р (гæххæтт хъæсдарæгыл райтындзы, ныггуыбыр æм кæны, кæсы йæм, йæ сæр нынкъусы, йæхи сæмраст кæны; шофырæн). Фæлæ уæддæр мæ бон нæу хъуыддаг рæстмæ бамбарын. Нывыл куы цыдаис, уæд дзы æнамонд хабарæн бынат нæ уыдаид.
Ш о ф ы р (нымады дæр æм ницы у, мидбылхудгæ). Мæхæдæг дæр ын ницы ’мбарын. (Йæ къух размæ раппары, фæлæ йын фæриссы æмæ йæ фæстæмæ йæ чъылдымыл авæры.) Ныр æнæхъæн аст азы скъæрын машинæ. Æмæ мыл никуы ’рцыди ай хуызæн хабар.
Æрмадзмæ æрбацæуы ус æмæ йæ хъус аивæй дары ныхасгæнджытæм.
И н с п е к т о р. Гъеныр кæд рулыл нæ афынæй дæ, уæд...
Ш о ф ы р. Цытæ дзурыс!
И н с п е к т о р. Уымæн æмæ лæгъз фæндаг у. Раст зæгъын хъæуы, фæзилæны машинæ кюветырдæм ауæз кæны. Фæлæ дæ уый адыл фæстæмæ ахастаид, уымæн уæвæн нæй, мæнмæ гæсгæ. Гъер кæд раззаг рахиз цалхы камерæ атыдта! Уæд гæнæн ис æмæ машинæ æваст рахизырдæм ныззылди æмæ фæзилæны фæфæлдæхти.
Ш о ф ы р (йæ къух размæ раппары, фæлæ та йæ фæстæмæ йæ фæсчъылдым амбæхсы). Уæвгæ дæр раст афтæ уыди! Машинæ æваст рахизырдæм ныззылдис, раст цыма йæ цалх фæхуынкъ и. Стæй уæд афæлдæхт æмæ кюветы ныххаудта.
И н с п е к т о р. Омæ дæхæдæг афтæ нæ загътай, камерæтæ иууылдæр æнæхъæн уыдысты?
У с. Æз дæр уымæн æвдисæн.
Ш о ф ы р. Изæры мæ бон нал сси мæ машинæ бабæрæг кæнын. (Йæ ныхмæ амоны.) Фæцæф дæн! Фæлæ мын дыккаг райсом мастер загъта, цæлхытæ, дам, æнæхъæн сты. Уый фæстæ сæ мæхæдæг дæр федтон.
И н с п е к т о р. Кæд, мыййаг, дæ уромæнтæ нал скуыстой?
Ш о ф ы р. Нæ, нæ! Уæд æй фæхатыдаин. Уромæнтæ ницы хъуаг уыдысты.
У с. Омæ, цымæ, уыцы тæссар фæзилæны иучысыл змис акалын не ’мбæлди? Боны фæстагмæ, хъыгдаргæ уæддæр ницы бакодтаид.
И н с п е к т о р. Фæндæгты хицауадæн фехъусын кæндзынæн уыцы уайдзæф, кæд дзы фæндаджы уавæр æппындæр ницы аххос у, уæддæр... Хæдзары хицау ам и?
У с. Æз æм фæдзурдзынæн ныртæккæ. (Цырд змæлы.) Æз фæдзурдзынæн ныртæккæ мæ лæгмæ. (Кæртыдуарыл рацæуы.)
И н с п е к т о р. Ныртæккæ ам кусыс, æрмадзы?
Ш о ф ы р. О, хæдзары хицау мæ райста йæхимæ. Хорз, æмæ ма гъеуымæй уæддæр ацыди мæ хъуыддаг. Кæннод ныртæккæ куыст ссарын ахæм уæззау хабар у, æмæ, чи зоны, цалдæр азы фæбадтаин æгуыстæй. Мæ раздæры хицау мæ уайтагъд федде кодта. Ацы бæллæх куы ’рцыди, уæдæй нырмæ цæугæ дæр никæдæмуал кæны. Машинæ дæр æм нал и.
И н с п е к т о р. Цы бамбарын æй хъæуы. Мæгуыр, цыма, йæ сæрызонд дæр фæцудыдта уæдæй ардæм.
Б у х г а л т е р. Ныр уалæ уæлейы цæры, хъæды цур. Уат дзы баххуырста афæдзы æмгъуыдмæ. Алы бон дæр, дам, йæ машинæйæ æрхизы, йæ сывæллон кæм бабын, уыцы бынаты. Лæууы æмæ джихæй кæсы. Исчи куы фæзыны фæндагыл, уæд æм хæстæг бацæуы æмæ йын йæ цæсгоммæ бакæсы. Хæрзæрыгон сылгоймаг нырма!
Ш о ф ы р. Æз дæр ыл фембæлдтæн знон. Нæдæр мын салам радта, нæдæр мын фæндараст  загъта. Æрмæстдæр мæм комкоммæ ’рбакасти. Ме уæнгтæ бауазал сты. Зонгæ дæр мæ нæ бакодта. Афтæмæй йæм æртæ азы фæкуыстон.
Б у х г а л т е р. О,о. Уыцы æнамонд хабары фæстæ йæ сæрызонд фæцудыдта.Æррадоны йæ сæвæрын хъæуы.
И н с п е к т о р (шофырæн). Ды уал сæрибар дæ.
Б у х г а л т е р (шофыримæ иуварс ацæугæйæ). Æнхъæлдæн та дæ хъуыддаг ацыдис, мæ лымæн... Дæуæн æнæуый дæр дæ амонд хæрæгыл бады. Куыстыл дæр фæхæст дæ æвиппайды! Стæй цавæр куыстыл! (Дæлгоммæ ныхас кæны.) Амæй ма дæ хуыздæр куыст цы хъæуы. Цыдæриддæр дæ зæрдæ зæгъы, уыдон — дæ къухты!
Ацæуынц. Л æ г æмæ у с  рахиз дуарыл æрбахизынц æмæ
уатæй æрмадзмæ бацæуынц.
И н с п е к т о р (лæгæн). Уæдæ, зæгъыс, æнамонд хабар куы фехъуыстай, уæд æвæстиатæй ацыдтæ машинæ уынæг?
Л     æ г. О, господин Франц.
И н с п е к т о р. Æмæ машинæ иунæгæй рафæлдæхтай, стæй йæ фæстæмæ йæ цæлхытыл дæр иунæгæй слæууын кодтай?
Л æ г.  Дамкъратимæ уый ахæм зын хъуыддаг нæу. Стæй уырдыджы лæууыди машинæ.
И н с п е к т о р. Уæдæ дын  æххуыс дæр ничи бакодта, нæ?
У с. Шофырæн йæ бон цæуын нæ уыди. Йæ къæхтыл ма тыххæй лæууыди... Арахъхъы фæрцы йæ æрцæуын кодтон  йæ чемы.
И н с п е к т о р. Æмæ цæлхытæй уагъд никæцы уыди?
Л æ г (йæ сæр æруадзы). Машинæ дамкъратæй хæрдмæ куы систон, уæд федтон сывæллоны... Йæ сæр пырх уыди...
У с. Мартин, господин Франц дæ уыдæттæй нæма фæрсы.
Л æ г (йæхиимæ дзурæгау). Цæлхытæ уагъд нæ уыдысты.
И н с п е к т о р. Раззаг рахиз цалх дæр?
Лæг йæ сæр æруадзы, «о», зæгъгæ.
У с (хатыр курæгау).  Господин Франц, ацы бæллæхы фæстæ мæ лæг æппындæр йæхи хуызæн нал у. Уыцы сывæллоны гыццыл сæр пырхæй куы федта...
И н с п е к т о р. Кæй зæгъын æй хъæуы. Фæлæ иу хъуыддаг нæу мæ бон бамбарын: цæлхытæй иу дæр куыннæ суагъта, машинæйæ æппындæр æнæхъæнæй куы ницыуал баззади, уæд? Никуыма уыди ахæм хабар.
У с. Фæлæ уæддæр рауайы. Нæхæдæг удæгас æвдисæнтæ... дарддæр цы уыди, уымæ та мах æппындæр ницы бар дарæм. Æгæрмæгуыр нын машинæ срæвдз кæныны хæрдзтæ дæр нæ бафыстой.
И н с п е к т о р. Стæй ма мæм ноджыдæр иу хъуыддаг кæсы диссаг:  уыцы фæзилæны æдзух исты фыдбылыз æрцæуы. Уæлдайдæр та ацы фæстаг аз. Раст зæгъын хъæуы, ныры хуызæн бæллæх дзы никуыма ’рцыди. Цæлхытæ дзы фæхуынкъ вæййынц фылдæр хатт. Мæнæ дзы цементы заводы директорæн дæр йæ цалх фæхуынкъ и, уымæн дæр уыцы бон.
У с. Рауайы!
И н с п е к т о р. Кæй зæгъын æй хъæуы.
У с. Йæ цалх кæмæн нæ фæхуынкъ вæййы, ахæм шофыр та кæм и!
И н с п е к т о р. Уый раст у. Кæд ма исты зонын, уæд цæфхады зæгæлæй фæхуынкъ ис директоры цалх? Афтæ нæу?
Л æ г. О, цæфхады зæгæлæй.
И н с п е к т о р (йæ чертеж тухы, хъавы ацæуынмæ). Уый, ома, уый тыххæй зæгъын, æмæ, дзырдæн, цæлхытæй искæцы  уагъд куы уыдаид, уæд дзы уæлдай ракæ-бакæ нал хъуыдаид, бæрæг уыдаид, машинæ цæмæй афæлдæхт, уый. Фæлæ кæд афтæ зæгъут, цæлхытæ æнæхъæн уыдысты... Цæй,мах æй сбæрæг кæндзыстæм.
У с(инспекторы фæстæ цæугæйæ). Æрбауайут нæм-иу, господин Франц, нæ цæхх, нæ кæрдзынæй нын саходут. Не ’ртæ дæр хорз куы зонæм, машинæ цы у, уый. Чи зоны, æмæ йæ фæстагмæ равзарæм, цæй аххосæй афæлдæхт, уый.
И н с п е к т о р. Аххос кæй ссардзынæн, ууыл æз æппындæр гуырысхо нæ кæнын. Уый мæнæн мæ куыст у. Ноджыдæр ма иу хатт машинæмæ хъуамæ лæмбынæг æркæсон. (Разилы.) Дзæбæхæй баззай, хорз лæг.
Л æ г (йæ чемы нæй). Фæндараст.
И н с п е к т о р. Бузныг, цæхх-кæрдзынæй мын уæздан кæй загътай, уый тыххæй. Æрбауайдзынæн æнæмæнг. Сымахмæ æз кæддæриддæр уæлдай æхсызгонæй  æрбауайын. Мæнмæ гæсгæ, ды уый иттæг хорз зоныс, Мартæ.
У с. Афтæ у? Æцæг зæгъыс? Уæдæ-иу уæд æрбауай æнæмæнг. Кæд дæ фæнды, уæд мæнæ ацы хуыцаубоны. Уый фæстæ та горæтмæ ацæуиккам, кафæн фæзмæ.
И н с п е к т о р. Бæргæ хорз уаид.
Сæ дыууæ дæр ацæуынц.  Л æ г  æрбады æмæ æрхæндæгæй
иу ранмæ  ныджджих вæййы.
Фæндзæм сценæ
Æрмадзмæ бацæуы  м а д, иу фынддæс æмæ ссæдзаздзыд,
сау къаба йыл, сау дзабыртæ, сау цъындатæ, сау шляпæ, сау цæсгомæмбæрзæн. Цæуы хъавгæ, æвиппайды фæкæлын æмæ ахауынæй цыма тæрсы, уыйау.
М а д (фæрсгæ-дзурæгау).  Мæ гыццыл чызг цæлхыты бын куыд хуыссыди, уый федтай?
Л æ г (сыстгæйæ). О, мадам.
М а д. Улæфгæ ма кодта?
Л æ г (хорзау нал у). Мард уыди дæ сывæллон.
У с. О, фæлæ йæ цæстытæ? Йæ цæстытæ гом уыдысты? Кæсгæ дæм кодта мæ сывæллон? Хъуамæ йæ бадардтаис дæ зæрдыл. Зæххæй йæ систай, хæцыдтæ йыл дæ къухтæй... Æви йын  æрæхгæдтай йæ цæстытæ?
Л æ г (адæргæй цы акæна, уый нæ зоны). Гом уыдысты йæ цæстытæ.
М а д. Æмæ йын сæ ды сæхгæдтай?
Л æ г. Нæ, мадам.
У с. Йæ цæстытыл ын ничи  æрхæцыд? Ничи? (Зондцухау.) Ленк кæнын куы сахуыр и æрæджы! Йæ гуыбыныл. Йæ гуыбыныл хуыссыди?
Л æ г (фæсонтау, равдисынмæ хъавы, сывæллон куыд хуыссыди, уый, фæлæ йæхиуыл йæ хъару нæ цæуы). О, йæ гуыбыныл! Йæ къухтæ та мæнæ афтæ æвæрд уыдысты. Йæ сæр... йæ гыццыл сæр... (Йæ æрмттæй йæ къæмисæнтæ æууæрды.) Мæнæ ацы ран... йæ сæр...
М а д. Цы?
Л æ г. Пырх уыдис ацы ран.
М а д. Туг?
Л æ г (йæхиимæ дзурæгау). Йæ буар та ма хъарм уыди.
М а д (йæ хызыны цыдæр агуры). Уый хæдразмæ бон мæнæ ацы фыстæг райстон мæ чызгæй. (Ссары фыстæг.) Уый хæдразмæ бон æй райстон. (Кæсы.) «Мæ дзæбæх гыцци, æз базыдтон ленк кæнын. Абон уыдыстæм куыройы, банызтам дзы æхсыр. Йæ цæст нæм цы сылгоймаг дары, уый афтæ зæгъы, Англисы сабитæ, дам, иууылдæр ахуыр кæнынц ленк кæнын...» (Скæуы.) «Къуырисæры райдайдзыстæм ахуыр кæнын, афтæмæй ме ’рвхуыз къаба скъуыд у. Дæ русæн  дын ба кæнын. Бахуыдтой къаба...» (Йæ цæссыгтæ згъалгæйæ.) «Æз иудадзыг дæр кæсын бæлæстæм. Цæй рæсугъд сты. Ам тынг бирæ бæлæстæ ис, къæвда дзы куы нæ вæййы, уæд. Куыдтæ цæрыс дæхæдæг? Æз дзæбæх дæн. Чи нæм зилы, уыцы ус афтæ зæгъы, тынг, дам, басыгътæ хурмæ. Стæй ленк кæнын дæр базыдтон. Къуырисæры фендзыстæм кæрæдзийы...» (Æваст, зондцухау, йæ мидбылты бахуды.) Къуырисæры йæ фендзынæн. (Уыцы мидбылтыхудгæ  ацæуы.)
Лæг сагъдауæй баззайы. Зæхмæ джихæй кæсы.
Æхсæзæм сценæ
У с (рахиз дуарыл уатмæ æрбацæуы, æрмадзмæ бахизы: фæдзæхсæгау). Господин Францæн йæ зæрдæ цæмæдæр фехсайдта. Кæд, зонгæ бæлвырдæй ницы кæны, уæддæр. Фæлæ тæрсын, истытæ куы ракъаха, уымæй. Дæхи, куыд æмбæлы, афтæ дар, мацы æдылы ныхæстæ ралæхур...
Л æ г (æнцад-æнцой хъæлæсæй, йæ мидзæрдæйы фидар хатдзæгмæ кæй æрцыдис,  уый бæрæг у). Йæ мад ам уыди, сывæллоны мад... Æз хъуамæ бацæуон пъæлицæмæ æмæ æппæт дæр радзурон — куыд уыди, афтæ.
У с (фæсонтау). Цы загътай?
Л æ г (йæхиимæ дзурæгау). Æз амардтон сывæллон. Куыддæр йæ царды къæсæрыл æрлæууыди, афтæ. Æмæ хъуамæ мæ тæригъæдтæ ссыгъдæг кæнон. (Йæ сæрыл схæцы.) Æппæтæй хуыздæр та уыдзæни, абон-райсом куы нæ кæнон, фæлæ мæнæ ныртæккæ пъæлицæмæ куы бацæуон, уæд.
У с (хорзау нал фæци). Æз та дын уæдæ афтæ зæгъын, æмæ дзы хорзæй ницы рамбулдзынæ. Мæ удæгасæй уый нæ уыдзæни, хъусыс, нæ уыдзæни!
Л æ г (кæдæй-уæдæй йæхинымæры скарста йæ цæсгом ссыгъдæг кæнын, æмæ ницæмæйуал тæрсы, уыцы нымæцы йæ усæй  дæр, сабыр хъæлæсæй).  Ды мæ  нæ бауромдзынæ. Ам мыл дæ бон нал цæуы. Нырæй фæстæмæ дæ бон нал цæуы мæныл.
У с (дисгæнгæ). Цы дыл æрцыди, цы? Ахæмæй дæ никуы зыдтон. (Паузæ.) Кæмæн дзы цы пайда ис, ды дæхæдæг дæхи къæхтæй пъæлицæмæ куы бацæуай, уæд? Сывæллон нал райгас уыдзæни. Цы пайда ма дзы ис?
Л æ г. Пайдайыл нæ цæуы ныхас. (Йæ риу хойы.) Мæнæ ауыл цæуы ныхас. Мæ зæрдæ мæм цы дзуры, ууыл. Зонын æй, мæн аххос уыди, уый! Нырæй фæстæмæ мæ цард цард нал у. (Йæ сæр æруадзы.) Нæ чындзæхсæвы фæстæ фыццаг аз мæ хъуыддæгтæ рæстмæ нæ цыдысты, æмæ мæ ды дæр бынтон райгонд нæ уыдтæ, суанг нын дуканигæс хæринæгтæ æфстау дæр нал лæвæрдта. Æмæ уæд æз дæр фæтарстæн, куы мæ ныууадзай, уымæй, æмæ  зæгæлтæ акалдтон фæндагыл. (Паузæ.) Нæ фæрæстмæ ис нæ цард... Чызгæй  тынг дзæбæх уыдтæ, сыгъдæг æмæ зæрдæмæдзæугæ, раст мæнæ ног сыфтæрау. Фæлæ нæ чындзæхсæвы фæстæ æваст фендæрхуызон дæ, раст дæ цыма хъæдæй сарæзтæуыд.
У с. Зонын æй, зонын æй! (Паузæ.) Мæ мидзæрдæйы дæ уарзтон æдзух дæр. Мæ мидзæрдæйы! Фæлæ иннæ хъуыддæгты — æмбарыс æй, цæй кой кæнын, уый — иннæ хъуыддæгты амондджын нæ фестæм. Цыдæр нæ хъыгдардта. Раст нын цыма кæлæнтæ счынди... Æмæ дæм мæ зæрдæ æруазал ис... Æз аххосджын дæн дæ разы.
Л æ г. Аххосджын дæ? Дæу та чи хъуамæ азымы бадара ацы æлхынцъытæ хъуыддаджы?
У с. Æмæ дын зæгæлты хабар та чи бацагъта дæ хъусы, чи уыди, зæгъ-ма йæ? Мæн азарæй бахаудтай ацы бæллæхы. Æмæ ма ныр куыд акæнон? Тæхуды, истæмæй дын мæ бон куы уаид баххуыс кæнын!
Л æ г. Ницы у дæ бон. (Паузæ.) Раззаг къуыри горæты куы уыдтæн, уæд нæ хæдзар дæр, æрмадз дæр, нæ зæххыхай дæр дæ номыл скодтон. Гæххæттытæ æрбарвыстой посты. (Къухæй амоны.) Уæртæ уыцы скъаппы сты. Æрмæстдæр ма дзы хъæуы мæ къухæвæрд. Æмæ цы зиантæ ’рхастон адæмæн, уыдон нын закъон, мыййаг, фидинаг куы фæкæна, уæд дæуæн никæй бар цæудзæн дæ исбоныл. Зæгæлтæ-иу ды нæ ныккалдтай фæндагыл, стæй йын зонгæ дæр ницы кодтай... Цыбыр дзырдæй, дæхицæн иу сыгъдæгзæрдæ æххуысгæнæг ссардзынæ æмæ дæ хъуыддæгтæ æвзæр нæ цæудзысты. Цæхх, кæрдзын хъуаг не ’ййафдзынæ. 
У с (адæргæй ма цы зæгъа, уый нæ зоны). Омæ ды та?.. Ды та?..
Шофыр (йæ сæр æрбадары). Мæнæ ам æрбацыдысты... Хуынкъ уыди. Тæккæ фæзилæны цалхы смидæг цæфхады зæгæл.
Л æ г. Гъемæ, Мартæ, дæхæдæг ацу машинæмæ. Нырæй фæстæмæ сæ ныхасаг демæ уыдзæн. Æмæ райдай рагацау.
У с  йæ лæгмæ тæрсæгау бакæсы æмæ æддæмæ ацæуы.  Л æ г   тæрхæгæй  райсы дзыппыдаргæ электрон цырагъ; кæддæра кусы, зæгъгæ, йæ цалдæр хатты ссудзы æмæ ахуыссын кæны, стъолыл æй æрæвæры; йæ дзабыртæ æмæ йæ цъындатæ раласы.
У с (æрбаздæхы). Шофыр мæ рарвыста, мæхи бар, дам, сæ уадз. Цы кусыс цы, Мартин? Цафоны фынæй у?
Л æ г. Æз ацы хæдзары никуыуал бафынæй кæндзынæн... Цæуын фæндагмæ æмæ æрæмбырд кæнон уыцы зæгæлтæ, цалынмæ та дзы ницы бæллæх æрцыди, уæдмæ.  Бæгъæввадæй сæ хуыздæр ссардзынæн рыджы бын. (Æнæуынæрæй æрмадзыл ацæуы, йæ ус сагъдауæй йæ фæдыл кæсы. Шофыримæ хæрхæмбæлд фæвæййынц.)
Шофыр лæджы бæгъæввад къæхтæм дисгæнгæ ныккæсы, стæй усмæ бацæуы, уый бады сынтæгыл. Цы кусы, уый нæ хатгæйæ, цалдæр хатты ссудзы æмæ ахуыссын кæны, йæ лæгæй цы электрон  цырагъ ферох, уый, ныр афтæмæй кæсгæ та бынтон æндæрырыдæм кæны джихæй.
Ш о ф ы р. Кæдæм фæцæуы, кæдæм, дæ лæгæй зæгъын? Меккæмæ хадзыйы ном райсынмæ ма цæуæд? (Æрбады, иннæ бандоныл та йæ къæхтæ сæвæры, ома, ацы хæдзары мæнмæ чысыл бартæ нæй.)
У с (сысты, йæхицæн дзурæгау). Ахæм адæймаг! Ахæм адæймаг!..
Ш о ф ы р (къæйных мидбылхудтимæ). Кæмæй зæгъыс? Уæртæ, чи ацыди, уымæй?
У с. Йæ цард ын фехæлдтон. Æмæ ма йæ ноджы цъыфы дæр сæвдылдтон. Кæйдæр лæгтимæ.
Ш о ф ы р. Йæ сыкъатæ дымгæмæ дарынмæ ацыд?
У с (æваст æм фæзилгæйæ, æррайау фырмæстæй). Æз та дын афтæ зæгъын, æмæ йе  ’взæры кой ма кæн.
Ш о ф ы р.Ничи йæм хъусы амæ? Цавæр бындз дыл фæхæцыд? (Йæ къухтæ йæм бадары.) Рауай-ма ардæм!
У с (уынгæ дæр æй нæ кæны). Йæ сæрвæлтау мæгуыры  хызын æрæфтауин ме ’фцæгыл.
Ш о ф ы р. Рацу-ма мæм хæстæгдæр, ам куы нал и дæ уæдæгонд лæг.
У с (карзæй). Амбырд-ма кæн дæ муртæ æмæ адде у ардыгæй! Ахъуытты у, зæгъын, ныртæккæ!
Ш о ф ы р.О-гъо! Ничи йæм хъусы! Цы дыл æрбамбæлди?
У с. Бамбардзынæ йæ, ардыгæй куы адде уай, уæд.
Ш о ф ы р. О, фæлæ уал уымæй размæ иуцалдæр ныхасы хъуамæ зæгъон дæ сыкъаджын лæгæн, нæ дыууæйы тыххæй... Уæд та куыд кæндзынæ?
У с (йæхицæн дзурæгау). Æз ын мæхæдæг зæгъдзынæн, адæмы лæгтимæ кæй цардтæн, уый.
Ш о ф ы р. Уæдæ уæд дæхицæн сты  æмбырдгæнгæ дæ муртæ.
У с. Алцы дæр ын радзурдзынæн æз. Æнцондæр ын уæддæр уыдзæни мæнæй ахицæн. Алцы дæр! Уымæй дарддæр ын мæ бон ницæмæйуал у баххуыс кæнын. (Æваст, цыма дзы мидæгæй исты аскъуыди, уыйау, дзыназгæ, ныххауы сынтæгыл.)
Ш о ф ы р (стъолæй райсы дзыппыдаргæ цырагъ, йæ цæсгоммæ йын æй саразы æмæ йæ ссудз-ссудз кæны.)  Æппæт дæр ын радзурдзынæ? Æмæ дын уæд цементгæнæн заводы директор та цы зæгъдзæн? Кæнæ бухгалтер? (Йæ фарсмæ сбады æмæ йæ æрбахъæбыс кæны.)
У с (мæстыйæ). Ныууадз мæ!
Цырагъ йæ дзыппыты агургæйæ, л æ г  æнæуынæрæй æрбацæуы уаты дуары цурмæ. Шофыр хъæбысæй хæцы сылгоймагимæ, афæлдахы йæ сынтæгыл æмæ йыл ныддæлгом вæййы. У с  йæ тых-йæ бонæй йæхи атоныныл архайы. (Хъарутæ йæм нал вæййы.)
Ныууадз мæ! Ныууадз мæ!
Шофыр йæ былтæй сылгоймаджы дзых ахгæны. Сылгоймагæн йæ хъару асæтты, йæ лæмæгъ цæнгтæй шофыры бæрзæйыл æртыхсы, цыма сразы, уыйау. Æрбацæуы лæг æмæ йæ мидбынаты сагъдауæй баззайы. Шофыр фæгæпп ласы. Ус дæр сысты. Исдуг æртæйæ дæр ницы дзурынц.
Л æ г (фæсус хъæлæсæй). Афтæ у уæдæ хъуыддаг?! Уæдæ афтæ у?! (Дзагъырдзастæй кæсы шофырмæ, стæй та усмæ. Усæн, йæ маст тыххæй уромгæйæ.) Йемæ цардтæ?
У с (цы акæна, уый нæ зоны). Мартин!
Л æ г. Стæй фыццаг бонæй фæстæмæ? Стæй ам, мæ хæдзары мидæг?
Ш о ф ы р (къæйных мидбылхудтимæ). Дæ усы бафæрс. Кæд дын æй зæгъид йæхæдæг.
Л æ г. Æз дзы дæу фæрсын!
Ш о ф ы р (уæддæр æдзæсгом худт кæны). Æз ницы зæгъдзынæн.
Л æ г (йæ къухтæ стымбыл кодта, афтæмæй йæм фæцæуы). Ницы зæгъдзынæ, куыдзы хъæвдын? Ницы зæгъдзынæ? Джыртмæдзæуæг куыдз! (Ныццæвы йын тымбыл къухæй йæ цæсгом.) Цъаммар! (Дуарæй йæ рассоны æмæ  йæ усмæ фездæхы. Йæ дзыхыдзаг.) Адде у  ардыгæй! Кæннод æрхæццæ дæ фæстаг бон! Адде у, зæгъын, уадзаг!
У с (мынæг хъæлæсæй). Хуыссыдтæн йемæ.
Л æ г (дæндæгты хсæнты). Хуыссыдтæ йемæ... Æндæр ма кæимæ?
У с. Се 'ппæтимæ дæр!
Л æ г. Афтæ у уæдæ... Афтæ у уæдæ... Æмæ гъе ахæм гаццайы тыххæй æз амардтон сывæллон æмæ ма ноджы мæхи къахæй дæн ахæстонмæ цæуинаг. Фæлæ ма мæ ныр цы хъуыддаг и ахæстоны? Ныр мын уæлдай нал у! (Разгъоры уатæй.)
У с (мынæг хъæлæсæй). Ныр æз мæхи амардзынæн.
Æ м б æ р з æ н

ÆРТЫККАГ АРХАЙД
Фыццаг сценæ                
Сæрдыгон бон. Лæг фæлладуадзæн боны уæлæдарæсы лæу-уы йæ кусæн тæрхæджы цур, йæ кусæнгæрзтæ радыгай тæрхæгæй исы æмæ сæ ауындзы сæ бынæтты, йæ цуры цы гæххæтт ис, ууыл цыдæр фæнысан кæны; æвæццæгæн, бæрæг кæны, цы кусæнгæрзтæ ма йæм баззад, уыдон.
Б у х г а л т е р (тагъд нæ кæнгæйæ бахизы æрмадзмæ; у хæрзарæзт, йæ уæлæ хъæмпын худ, ног костюм, йæ къухы даргъ зонтик). Куыд кæсын, афтæмæй мастер йæ фæллад уадзы. (Акæстытæ кæны.) Æмæ Мартæ кæм и?
Л æ г (æппæт сценæйы дæргъы дæр бæрæг у, стыр зæрдæнизимæ кæй дзуры, афтæмæй та йæхи æвдисы, цыма йæм нымады дæр ницы у). Дæ директормæ ацыди.
Б у х г а л т е р. Абон, хуыцаубоны?
Л æ г. Сæхимæ йæм ацыди.                    
Б у х г а л т е р. А-а, уый зæгъ! Кæсут-ма, уæ хорзæхæй, нæ директор æппындæр йæхиуыл куыннæ ауæрды — хуыцаубонты дæр кусгæ кæны!
Л æ г. Дыууæ сахатыл æм ацыди, фæссихор, ныр та фондз у. Цæйбæрц рæстæг хъæуы, цæмæй нын нæ æрмадзы куысты бæрæггæнæнтæм æркæса, уымæн?
Б у х г а л т е р (хорзау нæ фæци). Æмæ кæд уырдыгæй раджы раздæхти, уæд та?.. Чи зоны, искуы тезгъо кæны — дзæбæх бон скодта абон.
Л æ г. Кæннод та йын директор йæ фатер уынын кæны.
Б у х г а л т е р. Уый дæр уыдзæн.
Л æ г. Уымæн æнæмæнг тынг хорз фатер уыдзæн, фынæйгæнæн уат хибар ран.
Б у х г а л т е р. Цыдæр æнахуыр хъæлæсыуагæй дзурыс. Цыма раст истæуыл гуырысхо кæныс.
Л æ г. Уæдæ мæ куыд дзурын кæныс? Дæхæдæг æй хуыздæр куы зоныс, цы у дæ директор, уый.
Б у х г а л т е р. Директорæй зæгъыс? Уый, æвæдза, нæл сæгъæй дарддæр ницы у. Фæлæ Мартæимæ... ахæмыл дзы нæ амбæлди... Æмæ гæххæттытæ де ’ххуысгæнæгæн цæуыннæ арвыстай, кæд дæ зæрдæ истæуыл къæпп кæны, уæд?
Л æ г. Æмæ сæ мæ ус куы ахæсса, уæд та дзы цы ис ахæмæй? Ме ’ххуысгæнæг куы ацыдаид, уæд уый дæр æртæ сахатæй къаддæр нæ ныффæстиат кодтаид. Гæнæн нæй! Æвæццæгæн, фыццаг бонæй фæстæмæ ныхасгонд уыдысты, цæмæй йæм алы хуыцаубон дæр мæ ус гæххæттытæ хæсса йæ хæдзармæ. Æмæ, афтæ кæм баныхас кодтой, уым та дзы гæнæн нал и.
Б у х г а л т е р. Хынджылæг мæ кæныс, æви? Никуыма дæ федтон ахæмæй. Цы дыл æрцыдис абон? Фæлæ уæддæр де ’ххуысгæнæджы арвитын хъуыди, кæд истæуыл гуырысхо кодтай, уæд.
Л æ г. Цæмæн уый  зæгъыс! Ныхас ныхас у. Дзырд радтай — сæххæст æй кæн! Гæнæн дзы нал ис. Ме ’ххуысгæнæг та... Ме ’ххуысгæнæг та нырæй фæстæмæ æхца нал исдзæн мæнмæ, атардтон æй, æмæ бар нал дары мæ гæххæттытæм дæр. Уый дæр бирæ фæралæс-балæс кодта мæ усы фæстæ... Æви мæ ус уый фæстæ!
Б у х г а л т е р. Цытæ дзурыс! Мартæ ахæм сылгоймаг нæу. Уымæн уæвæн нæй æппындæр. Уыцы хуызы Мартæйы хорз зонын æз.
Л æ г. Уырны мæ. Ды дæр ма йæ куы нæ зонис! Стæй, æвæццæгæн, рагæй. Иунæг хатт уæддæр нæ загътай мæнг ныхас... Фæлæ мæн нæ фæнды æппындæр зонын, уыцы хуызы мæ усы кæдæй нырмæ зоныс, стæй йемæ цал нæлгоймаджы — демæ æртæ — фæхуыссыди, уый. Иу къаддæр, иу фылдæр — уый ныртæккæ мур дæр уæлдай нал у.
Б у х г а л т е р. Цытæ дзурыс, цытæ! Мæхицæй куы зæгъон, уæд æз йемæ... моймæдзыд сылгоймагимæ!.. Хуыцау бахизæд уымæй! Уымæн æмæ ахæм хъуыддæгтæ сæ фæстæ хорзæй ницы сайынц.
Л æ г (йæ цæстытæ ферттивынц). Ахæм митæ сæ фæстæ хорзæй кæй ницы сайынц, ууыл раздæр ахъуыды кæнын хъуыди, господин Эмиль..
Æрмадзмæ æрбацæуы  у с, йæ уæлæ сæрдыгон сырх къаба.
Б у х г а л т е р. Мæнæ фæзындис хæдзары ’фсин фрау Мартæ дæр. (Хъавы ацæуынмæ.)
Л æ г. Æваст лидзæг цæмæн фæдæ?
Б у х г а л т е р (æфсæрмыгæнгæ). Мæнæн, æвæццæгæн, мæ ацыд хуыздæр уыдзæн... Хорзæй баззай, фрау Мартæ.
Ус уыйырдæм нæдæр кæсгæ кæны, нæдæр ын дзуапп дæтты. Кæсы æрмæстдæр йæ лæджырдæм; тæрсгæ дæр кæны, цы акæна, уый дæр нæ зоны. Бухгалтер ацæуы. 
Дыккаг сценæ
У с (æхцатæ æвæры тæрхæгыл). Фæндзай маркæйы, Мартин!
Л æ г (бакæсгæйæ бынтон сабыр). Уадз сæ дæхицæн, уыцы æхцатыл ды, æвæццæгæн, дæ сурхид фæкалдтай.
У с (лæгъстæйаг хъæлæсæй). Æхца кæддæриддæр æхца у. (Йæ къухтæ стымбыл кæны, архайы, цæмæй йыл баууæнда.) Мæ зонгуытыл æрлæууыдтæн директоры цур. Не ’хсæн ахæмæй ницы уыдис, Мартин. Ныр дын цыфæнды куыст дæр ратдзæни æнæ ракæ-бакæйæ.
Л æ г (йæ ныхæстæ йын ницæмæ даргæйæ, йæ пинджакы мидæггаг дзыппæй сисы гæххæттытæ, æвæры сæ стъолыл æмæ сæм амоны). Нæ исбон дæу номыл скæныны тыххæй документты мæ къух сæвæрдтон.
У с (артау судзы). Ницæмæн мæ хъæуы де ’рмадз. (Гæххæттытæ апырх кæны.) Мæн ницы хъæуы æппындæр! (Йæ хъæлæс фæлæмæгъ вæййы.) Æнæ дæу...
Л æ г (æнцад-æнцойæ). Байрæджы кодтай. Къофе æрæвæрын афон у. Дон æз рафыхтон. Господин Францы ныртæккæ ардæм хъæуы.
У с (катайгæнгæйæ йын лæгъстæ кæны). Ды мæ цы домыс, уый æз нæ бакæндзынæн, нæ йæ бакæндзынæн!
Л æ г. Кæд дæм ницыма бахъардта, уæд мæ бамбар боны фæстагмæ. Æз дæу тыххæй амардтон сывæллон, æмæ ныр равдис дæ бархъомыс нæлгоймæгты раз, иунæг хатт ма дзы спайда кæн мæн тыххæй, цæмæй дын господин Франц дæ лæджы ахæстоны ма бамидæг кæна. Уымæн, æмæ-ма, цæй охыл сбадон ныр ахæстоны? Цыбыр дзырдæй, зон: ды хъуамæ саразай афтæ, цæмæй мын мæ хъуыддаг судмæ ма бавдиса. Мæн ныртæккæ æндæр ницы æндавы.
У с (уынгæг хъæлæсæй). Йемæ кæй хуысдзынæн, уый дæр дæм нæу нымады?
Æрмадзы дуарыл æрбацæуы  спортсмен-автомобилист
Л æ г. Куыд дæ фæнды, афтæ йæ æмбар...Æз та къофе ацæттæ кæнон. (Ацæуы уатмæ æмæ сæхгæны дуар.)
Æртыккаг сценæ
С п о р т с м е н-а в т о м о б и л и с т. Салам, Мартæ... Раст мæ, цыма, зонгæ дæр нал бакодтай?
У с. Чердыгæй йæ хъуамæ зонон, ды чи дæ, уый.
С п о р т с м е н-а в т о м о б и л и с т. Чысыл багъæц, æз дын æй дæ зæрдыл æрлæууын  кæндзынæн. Берлинæй Венæмæ цæугæйæ мæ цалхы бауад цæфхады зæгæл. Гъемæ уыцы бон уыдис нæ хабар дæр. Цалынмæ дæ лæг сосавæндагыл мæнæн мæ цалх ивта, уæдмæ æз æмæ ды (мидбылхудгæ амоны.) уæртæ уым уыдыстæм, уаты... Уый фæстæ æз æрцардтæн, мæнæ ам хъæдмæ æввахс цы уазæгуат ис, уым. Æртæ æмбисонды боны! Нæма йæ æрхъуыды кодтай?
У с. Лæууы ма мæ зæрдыл.
С п о р т с м е н-а в т о м о б и л и с т. Гъер федтай!.. Ныр та-ма мæм æрбайхъус! Мæ машинæйы моторы телтæй иу мæхи къухтæй стыдтон, барæй... Æмбарыс мæ?.. Цалынмæ уым ракъах-бакъах кæна... (Сынтæджырдæм сæрæй ацамоны.)
Æрбацæуы лæг, къофе æрбахæссы.
Дæ бон хорз, Мартин!
Л æ г. Æгас цу.
С п о р т с м е н-а в т о м о б и л и с т. Цы, уый зоныс, Мартин, мæ машинæ цыдæр кодта, мæнæ ам, хæстæг, иу фондз минуты цыд ардыгæй. Фæзилæны! Дæ хорзæхæй, ацу-ма æмæ йæ фен, цы йыл æрбамбæлди. Æз та дæм ам банхъæлмæ кæсдзынæн.
У с (цыма дзуары бын дзуры). Ацы дзæбæх лæгæн йæ машинæ æппындæр ницы хъуаг у. Барæй йæ фехæлдта йæхæдæг. Фæнды йæ, цалынмæ ды машинæимæ архайай, уæдмæ уартæ уым, уаты, мемæ... йæ рæстæг арвитын.
С п о р т с м е н-а в т о м о б и л и с т (фæтæрсы). О, фæлæ... Цытæ дзурыс, цытæ?
У с (уыцы ныхасыуагæй). Ацы дзæбæх лæг ма иу хатт уыдис ам, афæдзырдæджы размæ. Цалынмæ ды фæндагыл цалх ивтай, уæдмæ æз ам фæдæн йемæ. Стæй ма уый фæстæ дæр æртæ боны иумæ фестæм.
Л æ г (ныхъхъус, адæргæй цы зæгъа, уый нæ зоны). Уæдæ та ацархайон дæ машинæимæ? (Уазæгмæ кæсы, стæй йæ усмæ, ногæй та уазæгмæ.)
С п о р т с м е н-а в т о м о б и л и с т (фæсæлхæрау). Нæ-нæ! Æз... Мæхæдæг. Хорзæй баззайут. (Атындзы æддæмæ.)
Л æ г (цыма ницы рцыди, уыйау). Раздæр бæгъдулæг кодтай, чидæриддæр-иу дæ къухтæм æрбахаудта, уыдонимæ. Цалынмæ-иу æз фæндаджы фæзилæны цæлхытæ ивтон, уæдмæ ды ам цалимæ фæдæ, уый мæн нæ хъæуы. Чи зоны, кæй фæндыди, уыдонæн се 'ппæтимæ дæр! Фæлæ мæ ныр де ’ххуысы сæр бахъуыди, дæ бон мæ у ахæстонæй фервæзын кæнын, æмæ дæ нал фæнды!.. Æрмæст дæ инспекторимæ нæ фæнды? Цы хуызы дæ бамбæрстæуа? Ныронг алкæимæ дæр цы кодтай, ууыл ныр дæ къух цы хуызы систай? Мур дæр дын дзы зынæй куы ницы ис, æхсызгондзинад дæр ма райсдзынæ, æз та ахæстонæй фервæздзынæн.
У с (лæгъстæгæнгæ). Æмæ кæд ныхас ме ’ппæт цардыл цæуы, Мартин, уæд та? Уымæн, æмæ дæу йеддæмæ ничи хъæуы мæн!
Л æ г. Ома, куыд мæн йеддæмæ?
У с. Ау, Мартин, куыннæ йæ уыныс, куыд фендæрхуызон дæн, уый? Ау, нæ йæ ’нкъарыс?
Л æ г (фæсусæй). Раздæр хъуамæ фендæрхуызон уыдаис.
У с (фæстаг ныфсы мур сгарæгау). Зæгъдзынæн, зæгæлтæ мæхæдæг акалдтон фæндагыл. Ды йын æппындæр ницы зыдтай, сусæгæй сарæзтон æппæт дæр.
Л æ г. Цы пайда ма у уый? Кæд искæй хъæуы йæ тæригъæдтæ ссыгъдæг кæнын, уæд уый æз дæн!
У с. О, фæлæ уый ды бакодтай æрмæстдæр мæн сæраппонд! Мæн аххос сты æппæт фыдбылызтæ дæр, мæн аххос æрмæстдæр!
Л æ г. Уæдæ æз та æндæр хатдзæгмæ æрцыдтæн, æппæт адæттыл хъуыды кæнгæйæ. Дæу тыххæй фыдракæнд цæмæй саразон, уыйбæрц арф бынат дын скæнын нæ хъуыди мæ зæрдæйы... Цыбыр дзырдæй, ды иунæг зæгæл дæр никуы аппæрстай фæндагыл. Æндæр дзы ныхасагæй ницы ис.
Дзæнгæрæг.
Л æ г. Господин Франц у уый... Ныр дæуæй аразгæ у æппæт дæр. Кæд йæ коммæ кæсай, уæд ын цыдæриддæр зæгъай, уый æнæмæнг сараздзæн. Рагæй йæ уд хъары демæ хибар ран фембæлынмæ.  Уый æгас горæт дæр зоны. Уæдæ уæлдай дзæнгæда дæр нæ цæгъддзæн, йæхи номыл уæддæр хъуыды кæны, цæмæн æй хъæуы уæлдай сæрнизтæ.
Ногæй та дзæнгæрæг.
У с. Омæ æз та куыд кæндзынæн?
Л æ г (тынг æнкъардæй). Нæ зонын, Мартæ. (Æрмадзы дуар байгом кæны.)
У с, цыма йын марыны тæрхон рахастæуыд, ахæм уавæры          рахиз дуарыл уатмæ бацæуы.
Цыппæрæм сценæ
Æрбацæуы  æ л х æ н æ г
Л æ г. А, уый ды куы дæ! Мидæмæ, мидæмæ! (Разæй цæуы.) Мæнæ-ма ам æрбадæм.
Æ л х æ н æ г  цымыдисæй фæлгæсы æрмадзы къуымты, стъолы уæлхъус æрбады.  Л æ г  дæр сбады.
Æ л х æ н æ г. Райсомы поезды абадтæн, зæгъын, фæстæмæ дæр уыцы поезды фездæхон.
Л æ г. Къофе нæ бацымдзынæ?
Æ л х æ н æ г. Нæ-нæ! Тагъд кæнын!
Л æ г. Уæдæ уæд нæ хъуыддаджы куыст кæнæм. Бадзырд у цæттæ, мæ къух дæр дзы сæвæрдтон. (Мидæггаг дзыппæй гæххæттытæ сисы æмæ сæ дæтты æлхæнæгмæ.) Мæнæ ам ранымадтон ацы æрмадзы кусæнгæрзтæ иууылдæр. Дæхи цæстæй федтай æппæт дæр: хæдзар дæр, уат дæр, æрмадз дæр, алцы дæр. Мемæ дзы ницы хæссын æппындæр.
Æ л х æ н æ г. Ныхас дæр афтæ бакодтам... Ныр та сæйраг хъуыддаг.
Л æ г. Ома?
Æ л х æ н æ г. Кæд æмæ ды аргъæй мин маркæйы аппарай, уæд дын де ’хца кæнын уыцы иу лæвæрд, мæнæ ныртæккæ.
Л æ г. Уый лæджы ныхас у.
Æ л х æ н æ г. Ныртæккæ дæр мæ дзыппы сты æхца.
Л æ г. Гъемæ хорз, баныхас кодтам.
Кæрæдзимæ сæ къухтæ раттынц.
Кæдæй-уæдæй мæ царды иунæг хъуыддаг фæрæстмæ.
Æ л х æ н æ г. Мæнæ дын уый та де’хца. (Сæдæгай маркæты гуцъула æрæвæры стъолыл.) Иуæндæс мины!
Л æ г. Иуæндæс мины. (Æхца йæ дзыппы æвæры.)
Æ л х æ н æ г (бадзырд йæ дзыппы æвæры). Уæдæ кæд æрбалидзон?
Л æ г (хъуыды кæны). Зæгъæм... Афтæ иу мæйы фæстæ. Цалынмæ мæ бинойнаг йæхицæн æндæр цæрæнуат агура, уæдмæ.
Æ л х æ н æ г. Афтæ у? Гъемæ хорз — мæйы фæстæ! (Йæ сахат ифтындзы.) Баййафдзынæн ма поездмæ. (Йæ къух дæтты.) Уæдæ, зæгъыс, Хуссар Америкæмæ? Дардгомау у...
Л æ г. О, дардгомау.
Æ л х æ н æ г. Гъемæ, уæдæ, дзæбæхæй баззай.
Л æ г. Фæндараст!
                              Фæндзæм сценæ            
Æ л х æ н æ г  ацæуы. Исдуг  л æ г  æнæзмæлгæйæ лæууы йæ мидбынат, стæй йæ пъалто æрбакæны, йæ цæттæ хызын йæ фæсонтыл æрцауындзы, шляпæ æмæ пъалтойы мидæг æрбады тæрхæджы цур, фыссы хæрзбоны фыстæг. Сласы йе ’хцадон, æнæгуырысхойæ фондз тыхтоны сæдæгай маркæтæ æрнымайы, тæрхæгыл сæ æрæвæры, сæ уæлæ та — фыстæг; ахъуыды кæны, ноджыдæр ма сæм иу тыхтон бафтауы. Сысты, ноджыдæр ма иу хатт æрхæндæгæй йæ цæст ахæссы æрмадзыл, бацæуы уатмæ, бандоны фæсонтыл фены Мартæйы сæрбæттæн, райсы йæ, йæ зæрдæйы æнкъарæнтæ тыххæй уромгæйæ, кæсы йæм; дывæнд кæнгæйæ йæ фæстæмæ йæ бынаты æрцауындзы æмæ рахиз дуарыл ацæуы.
Æхсæзæм сценæ
Исдуг сценæ у афтид.
У с (æрмадзы дуарыл æрбазгъоры; тæригъæддаг хъæлæсæй). Æз нæ бакæндзынæн афтæ, Мартин, нæ бакæндзынæн! Нæу мæ бон! (Йæхи æруадзы тæрхы раз бандоныл, лæджы хæрзбоны фыстæг фены, кæсы. Ныхъхъæрзы, йæ дзуарæвæрд цæнгтыл йæ сæр æрхауы.)
И н с п е к т о р (æрмадзы дуарæй). Мæлæты цæрдæг ус дын нæй... Цыма скъоладзау у!.. Æййафгæ дæр æй нæ кæнын. (Æрбацæуы, тæрхы цур æрбады.) Ам нæй?
У с (йæ сæрыл схæцы). Нæ дыууæ йеддæмæ дзы ничи ис.
И н с п е к т о р (бандоныл фæстæмæ йæхи ауадзы). Знон та ногæй бабæрæг кодтон, бæллæх кæм æрцыди, уыцы бынат, фæзилæны кой кæнын. Тæрхæттæ кодтон, уæдæ, зæгъын, цæй аххосæй афæлдæхтаид машинæ? Уалынмæ дын кæсын, æмæ дæ лæг æрбацæуы, бæгъæввадæй. Рыджы мидæг-иу цыдæртæ бирæ фæцагуырдта йæ бæгъæввад къæхтæй, стæй та-иу ныггуыбыр ласта... Цытæ дзы ссары, цытæ, зæгъгæ, хъуыды кодтон мæхинымæры... Уалынмæ та ногæй ныггуыбыр кодта. Стæй йæ бамбæрстон, рыджы бын цытæ агуырдта, уый. (Мидбылхудгæ.) Машинæ чи цалцæг кæны, уый бавдæлдис, æмæ фæндагыл æмбырд кæны зæгæлтæ, цæмæй макæй машинæйыл мацы æрцæуа; афтæмæй та йæ къæбæр кусы хæлд машинæтæ цалцæг кæнынæй. Ахæм æмбисонд нырма дун-дунейыл нæма фендæуыди. Гъеныр иннæрдæм куы архаид — зæгæлтæ йæхæдæг куы калид, — уæд æнцондæр бамбарæн уаид. Фæлæ куыдфæнды куы уа, уæддæр хорзмæ не ’ркæндзæн ацы хъуыддаг. Гыццыл зæгæлæн йæ бон у егъау бæллæх расайын. Сымахмæ та куыд кæсы?.. Куыд кæсы дæумæ та?..
У с (цы архайы, уый не мбаргæйæ, лæджы фыстæг йæ къухты райс-байс кæны, кæсы инспектормæ). О, бæгуыдæр-иу дзы ныккалдта  зæгæлтæ. Мæн тыххæй афтæ кодта. Йæ мæгуыры тыххæй йæ куы фæуадзон, уымæй тарсти. Сывæллон дæр уый азарæй фæмард. (Фыстæг æм дæтты.) Ныр та йæ сæр бафснайдта.
И н с п е к т о р (кæсы). «Зæххыхай ауæй кодтон. Хæрзбон». (Усмæ кæсы.) Дард ацæуын йæ къухы нæма бафтыдаид... Куыддæр бадзурон телефонæй пъæлицæмæ, афтæ йæ сахаты æмгъуыдмæ рацъипп ласдзысты.
У с (æмыр хъæлæсæй). Цыдæриддæр дæ фæнды, уый мын бакæн. (Сысты, цудтытæгæнгæ бацæуы уатмæ æмæ сынтæгыл æрбады.)
Инспектор, мидбылхудгæ, йæ фæдыл кæсы, стæй йæ фæстæ бацæуы, рудзгуыты ставнæтæ сæхгæны. Йæ пинджак раласы. Ус йæ кофтæйы  æгънæджытæ æфтауы. Цалдæр цъусдуджы фæстæ æрмадзы дуары фæзыны  л æ г.  Хъусы Мартæйы хъæр.
Л æ г (æрмадзыл базгъоры, уаты дуар фегом кæны, сынтæджы уæлхъус фегуыры). Мартæ!
И н с п е к т о р   фæгæпп кæны æмæ тарстхуызæй йæхи иуварс аласы. (Ус йæ къæхтыл тыххæй лæууы, афтæмæй йæ лæг ракæны уатæй.)
Цом, Мартæ! Ныууадз дæ бызгъуыртæ ам иууылдæр. Алцы дæр дын балхæндзынæн Гамбурджы. Гамбургмæ!
У с (цыма ногæй раздæхти цардмæ). Демæ мæ кæныс? Кæныс мæ демæ?
Л æ г. Цом, Мартæ! (Тæрхæгæй æхцатæ райсы æмæ йæ усы æрмадзы дуарыл æддæмæ акæны.)
Æрмадзы дуæрттæ сæхгæнынц.
И н с п е к т о р (йæ пинджак йæ уæлæ кæнгæ, уатæй рахизы æрмадзмæ, акæстытæ кæны). Ацыдысты. (Исдуг ахъуыды кæнгæйæ, телефонмæ бацæуы, хæтæл сисы, номыр æрыздухы.) Пъæлицæйы хайад? (Хæтæлæй хъæлæс куы райхъуысы, уæд хæтæл фæстæмæ йæ бынаты æрæвæры, «нæ», зæгъгæ, йæ къух атилы.) Æгæр арф дзы аныгъуылдтæн ацы хъуыддаджы. Тæрсын, исты фыдбылызы куы ныссæдзон... Фæлтау мæхи афтæ равдисон, цыма æппындæр ницы зонын, уадз æмæ алидза. (Уатмæ бацæуы, йæ худ райсы æмæ рахиз дуарыл ахизы.)
Æвдæм сценæ
Иуцасдæры фæстæ æрмадзы дуарыл æрбацæуынц  ус æмæ  лæг.
Лæг йæ хызын æрæвæры, æрбады æмæ уыцы иу ранмæ ныджджих вæййы.
Л æ г. Мæнæн  нæй ардыгæй лидзæн, нæй, Мартæ.
У с. Омæ Хуссар Америкæйы уæздан, æгъдауджын адæймæгтау куы цæрæм, уæд афтæмæй не ссыгъдæг кæндзынæ дæ цæсгом уыцы æнамонд сывæллоны раз? Нæ дæ уырны, фæстæмæ та дæ цард йæ гаччы кæй сбаддзæн, уый? Нæ дæ уырны?
Л æ г. Хъуамæ дын æй бамбарын кæнон, кæд мæхицæн дæр фенцондæр уаид. Мæ зонды уырны, æниу мæ зонд дæр æддæг-мидæг ауади. (Йæ риу бахойы.) Фæлæ уый та мæнæ ардыгæй æнкъарын. Мæ уæззау тæригъæд! (Паузæ.) Хъуыддаг закъоны мидæг нæй, фæлæ мæхи мидæг, мæ зæрдæйы. Мидæгæй ис. Æлвасы, æлвасы... (Паузæ.) Зæгъæн ис, æмæ уыцы мард сывæллон æппындæр мæ цæстытæй нæ хицæн кæны, æз æй амардтон. Уæдæ куыд хъуамæ ацæуон демæ Хуссар Америкæмæ, куыд цæрон уым мæ зæрдæйы дзæбæхæн? Мæ цæсгом нæ хъæцы, Мартæ! Стæй йæ хаты мæ зæрдæ: никуы бахъæцдзæн. Ахæм уæззау азымæн дзуапп раттын хъæуы!
У с (фидарæй). Мæн азарæй сарæзтай фыдракæнд. Мæгуыр кæй уыдтæ, уый тыххæй дæ ныууадзынмæ хъавыдтæн æз, уый тыххæй райдыдтай зæгæлтæ калын фæндагыл. Мæн амарын хъæуы. Мæн! Æз дæн аххосджын. Уæдæ ныр ахæстонмæ цæуынвæнд скодтай? Нал дзы раздæхдзынæ  удæгасæй. Æмæ уæд æз дæр амæлдзынæн.
И н с п е к т о р (æрмадзы дуарыл æрбацæуы, мидбылхудгæ). А-гъа, æрбахæццæ стут фæстæмæ Гамбургæй? Рагацау уæ ахъуыды кæнын хъуыдис дзæбæх. Кæннод уæхицæн дæр хуыздæр нæ уыдзæни. (Паузæ.) Цæуынмæ хъавыдтæн, фæлæ кæсын, æмæ фæстæмæ ’рбахæццæ стут.
Л æ г. Дæуæн дæр хуыздæр нæ уыдзæни.
И н с п е к т о р. Мæнæн? Телефоны хæтæл сисын æмæ пъæлицæмæ бадзурын мæ зын, æндæра ахæстоны смидæг уыдзыстут.
Л æ г. Æмæ-ма, уæдæ, каст цæмæ у? Куыннæ бадзырдтай ныронг дæр?.. Æз æй зонын, цæмæн, уый. Стæй йæ ды дæр зоныс.
И н с п е к т о р. Нæ фæлæ дын цы зæгъон, уый зоныс? Дæ усы та ма цæмæн тъыссыс фыдбылызы. Уый у бынтон æнæсæрфат ми.
У с. Æз ныртæккæ дæр уыцы фыдбылызы мидæг дæн.
И н с п е к т о р. Фæтæригъæд дын кодтон дæ усæн æмæ дæ уый тыххæй ауагътон. Фыртæригъæдæй æрмæстдæр.
Л æ г. Уый-иу тæрхондоны зæгъ. Æрмæст дыл нæ баууæнддзæн тæрхонылæг. Фæлæ мæныл дæр æмæ мæ усыл дæр баууæнддзæни, алидзыны фадæттæ мын цæй тыххæй арæзтай, уыдæттæ йын куы радзурæм, уæд.
И н с п е к т о р. Æмæ, уæдæ, ам цæмæн дæ, кæд дын алидзыны фадæттæ сарæзтон, уæд? Кæй бауырндзæни, адæймаг барвæндонæй йæхи къахæй ахæстонмæ бацæудзæн, уый? Афтæ никуыма уыди. Чи дæ бамбардзæн?
Л æ г (йæ риу ын бахоста). Дæу хуызæттæ йæ никуы бамбардзысты, уый бæрæг у.
И н с п е к т о р (ахъуыды кæнгæйæ). Дæуæн дæр æмæ дæ усæн дæр мæ бон ссарын у паспорттæ æндæр  мыггæгтимæ, æмæ уæд æнцонæй ахизиккат арæны сæрты; зæгæлтæ-иу сымах акалдтат фæндагыл, уый  уæдмæ нæма сбæрæг уыдзæн.
Л æ г. Мæнг гæххæттытæ нын самал кæнынмæ кæй хъавыдтæ, уый дæр тæрхондоны раз куы зæгъис?
И н с п е к т о р (мæстæй ссудзгæйæ). Мæн уæ чъизи цæстфæлдахæн миты нæ нытътъысдзыстут. Æз афтæ бакæндзынæн, æмæ мыл къæм дæр нæ абаддзæни, къæм. Куыдæй — уый та мæхи хъуыддаг у! (Тагъд-тагъд рауайы уатмæ æмæ рахиз дуарыл ацæуы æддæмæ.)
У с (кæугæйæ). Ау, ферох афон ын нæма у уыцы æнамонд сабийы фесæфтæн? Нæма йын у ферох афон?
Л æ г (нæ йæм хъусы, афтæмæй). Ис дæм иуæндæс мин маркæйы. Уыцы æхцайæ дæ бон у горæты дукани байгом кæнын.
У с (кæугæйæ). Æмæ ды та? Ды та?.. Нæ мæ хъæуы дукани... Мæн ды хъæуыс æрмæстдæр.
Æрмадзы дуарыл æрбахизы  м а д сау дарæсы, йæ къухы дидинджытæ.  Л æ г  сысты.
М а д (дидинджытæ лæгмæ дæтгæйæ). Ацы дидинджытæ мæ сывæллоны ингæныл æрзадысты. Йæ тæссонд хъæлæс мæм хъуысыди зæххы бынæй. Мæ гыццыл чызг афтæ загъта: «Хорз дзы у ингæны. Мæ цæстытæ та дыууæ æрвхуыз дидинæджы фестадысты». (Цадæггай æрмадзы дуарыл ацæуы.)
Л æ г(кæсы йæ фæстæ, дидинджытæ йæ лæмæгъ къухтæй æрхауынц, сабыргай бацæуы телефонмæ, сисы хæтæл, равзары номыр.) Пъæлицæ?

Телефоны хæтæлæй хъæлæс райхъуысы.
У с(йæ къухтæй йæ цæсгом амбæрзгæйæ; æррайау). Мартин!
Л æ г. Æз дæн Мартин, машинæ цалцæггæнæг...
Х ъ æ л æ с   телефоны хæтæлы.
Л æ г. Сывæллоны æз амардтон. Макæйуал агурут.
Æмбæрзæн сабыргай æхгæны.
Фæлæудзынæн уæм, цалынмæ цæуат, уæдмæ.
Æмбæрзæн.

Ходы  Камалы тæлмац

 

// Мах дуг.– 2001.– №1.  


Зарубежная литература         Австрийская
        Астрид Кольмайер
        Георг Тракль
        Стефан Цвейг
       Американская
        Марк Твен
        Эзра Паунд
        Эдгар Аллан По
        Эмили Дикинсон
       Английская
       Афганская
        Шах Идрис
       Белорусская
       Венгерская
        Йожеф Аттилæ
        Шандор Петефи
        Балашши Балинт
       Индийская
       Ирландская
        Оксар Уайлд
        Уильям Батлер Йейтс
       Испанская
       Итальянская
       Китайская
        Ам Бо
       Корейская
        Неизвестный автор
        Чо Хон
       Латвийская
        Аия Бриаака
        Аспазия
      Латинская
       Немецкая
       Норвежская
        Кнут Гамсун
       Персидская
        Омар Хайям
        Фирдоуси
       Польская
       Турецкая
        Хикмет Назым
       Французская
        Сент-Экзюпери Антуан де
        Экушар Лебрен
        Гишар
        Баур Лормиан
        Клод Мерме
        Сен-Желе
        Сенесе
        Жан Расин
        Колен Бюше
        Ла Моннуа
        Гийом де Бребеф
        Фор де Пибрак
        Д’асейи
        Теодор Дезорг
        Алекси Пирон
        Неизвестный автор


Евангельские притчи. Лука.

Русская литература
     Агатов В.Г.
     Алехин В.
     Бунин И.А.
     Гаршин В.М.
     Гоголь Н.В.
     Державин Г.Р.
     Есенин С.А.
     Заболоцкий Н.А.
     Исаковский М.В.
     Иртеньев И.М.
     Корнеев Н.
     Кудашева Р.
     Короленко В.
     Лермонтов М.Ю.
     Минаев Д.
     Михалков С.
     Некрасов Н.
     Ножкин М.
     Примаков Е.
     Приходько В.
     Пушкин А.С.
     Рождественский Р.
     Тарковский А.А.
     Твардовский А.Т.
     Тургенев И.С.
     Тютчев Ф.И.
     Толстой Л.Н.
     Токмакова И.
     Харитонов В.Г.
     Цветаева М.И.
     Чехов А.П.
     Шаламов В.Т.
     Шолохов М.А.
     Щербин Н.
     Языков Н.М.


Литература народов Кавказа:
       Абхазская
       Армянская
      Балкарская
      Грузинская
      Дагестанская
      Кабардинская


Литература народов России
      Марийская
      Мордовская
      Татарская


Осетинская русскоязычная литература
       Боциев Ю.
       Гуржибекова И.
       Кануков И.
       Хетагуров К.
       Цаликов А.