logo

М О Я    О С Е Т И Я



Гурджибети Блашка

1902 анзи Дзæгуæгигъæуи мухури рацудæй Гурджибети Блашкай æмдзæвгити æмбурдгонд "Дигорон уаджимистæ". 4903 анзи ба ~ кадæнгæ "Сахи рæсугъд", уæдта комеди «?дули».

Уомæй дзæвгарæ фæстæдæр, 1966 анЗи ин Хъазбегти Хъазбег бацæттæ кодта æма мухури рауагъта æ "Уаджимисти æмбурдгонд".

Нури рауагъдмæ финсæгæн бацудæнцæ уæлдæр ранимад уадзимистæ еугурæйдæр).

Уой уæлæмхасæн имæ хаст æрцудæй дзæвгарæ нæуæг æрмæг: радзурдтæ, финстæгутæ, йе мдогæнтти имисуйнæгтæ. Никки ма статьтæ Блашкайæн æхе туххæй болкъон Баратови финст, уæдта газет "Голос Кавказа", зæгъгæ, уоми,

Поэт æ царди бонти æрæмбурд кодта берæ рагон дигорон дзурдтæ. Йетæ дæр бацудæнцæ киунугæмæ.

Йе 'сфæлдистадæ нури уæнгæ фагæ æвзурст ке нæма æрцудæй, уомæ гæсгæ 'ймæ бахастан Дзргурти Губадий, статъя "Гурдзибети Блашка ~ фиццаг дигорон финсæг".

4966 анзи рауагъд æмбурдгонди куд адтæнцæ, уотæ æнæййвдæй ниууагътан Хъазбегти Хъазбеги уац "Рæстади сæраппонд тохгæнæг" æма æ 'феппайнуйнæгтæ".

Киунуги йес берæ зинлæдарæн дзурдтæ, йетæ æвзурст цудæнцæ раздæр рауагъди дæр. Нур ма сæбæл дзæвгарæ бафтудæй æма сæ нисанеуæг бæлвурдгнд цæуй.


Киунугæаразæг