logo

М О Я    О С Е Т И Я



ЦЫБЫР РАДЗЫРДТÆ

Карз хæст райдыдта... Арвау ныццæлхъ кодта тохы фыццаг гæрах, арвы цæлхъау нæргæ ацыд хæхты 'мæ быдырты.
Карз хæст райдыдта... Барызт фатхъæд, барызт хъæды рæсугъд æхсин, ссыбар-сыбур кодта æмæ йæхи бауагъта кокка хæрисыл.
Карз хæст райдыдта... Ныффæйлыдта дидинæгджын зад кæрдæг, ацагъта йæ рæсугъд къуырфытæй райсомы 'ртæх, æрхуыссыди зæххыл, стæй сыстад æмæ ныгуылæнмæ акъул.
Карз хæст райдыдта... Доны сæрмæ ауыгъд фæлмы бынæй рахъуызыди хъуырдухæнгæнгæ уазал уылæн, йæ хи ныццæлхъ кодта дурты цæндтыл æмæ æртахгай баиу иннæ уылæнтимæ.

1941 (?)

 

***

Зайриаг калм сыф-сыфгæнгæ ралæсти сау комæй. Стыр фæндаджы был бамбæхсти зайриаг калм, нылхынцъытæ кодта йæ сау буар æмæ марг æмбырд кодта.
Цыд йæ дард балцæй скæсæнмæ фæллад бæлццон, худти райсомы хурау æрдзы рæсугъд æнгасæй æмæ алырдæм æнæфсæдгæ цæстæй каста. Сæуæхсид райтыгъта мигъты бырæгътыл йæ судзгæ гауызтæ æмæ зынг æндæхтæй арвы найфатмæ ласта, тыххæй ласæгау, къæмдзæстыг хуры хæхты фæстæйæ.
Зайриаг калм тынгдæр нылхъывта йæ сау буар æмæ æнхъæлмæ касти. Мæнæ 'рбацæуы бæлццон.
Гъей, дæхи хъахъхъæ! Дунейы фарн дæ уа!..
Зайриаг калм ныхситт кодта алывзагæй, йæ налат уазал цæстытæ ахаста алырдæм æмæ 'рбатахт фæндагмæ.
Нæ фæтарсти, нæ алыгъди фæллад бæлццон. Æрбав нæлдта йæ карды сæрмæ, фыдæй-фыртмæ къухæй-къухмæ чи фæцыд, уыцы фæринк карды сæрмæ, фæдзæррæхст æй ласта.
Гъæйтт-мардзæ, уæдæ! Дæлдзæх фæуæд, раздæр чи 'рхауа, æгады мардæй чи амæла, дæлдзæх фæуæд!..

1941 (?)

***

Хæрзбон, æнцойдзинад, хæрзбон, мæ къух дыл ауыгътон! Мæлæтон дымгæ сæдæ 'взагæй ныхситт кодта, атахти быдырты, стыдта фурды уылæнты сæ урс барцытæй æмæ сæ ныццæлхъ кодта айнæджы фидар ныхыл.
Хæрз-бо-он!..
Сау мигътæ 'рбацæуынц, сау мигътæ бæгъдулæггæнгæ 'рбассæндынц ныгуылæнæй...
Гъей, уардзæн тагъд. Туджы къæвда ныууардзæн тагъд!.. Фидар лæуут, сæрибар уарзджытæ, мачи фæтæрсæд!
Арв куыд нæры, афтæ нæ цæвы...
Мачи фæ-тæр-сæ-æ-æд!
Уæ гæрзтæм, ног дуджы цæуæт!
Æгас цæуæд фæстаджы хæст,
Мæлæтон хæст æгас цæуæд!..

1941 (?)

 

ХОРЗÆЙ БАЗЗАЙ, ИР...

Æз цæуын... Цæуын, æмæ, чи зоны, фæстаджы балцы... Гъей, цæй даргъ у, цæй алыхуызон у мæ фæндаг! Хорзæй баззай, мæ райгуырæн Ир!.. Уарзын дæ... Уарзын дæ æмæ курын, ма мæ ферох кæн. Ницы дын радтон хорзæй, нæ уыд рæстæг... Ехх! Фæлæ мæ бон уыд уарзын,  бауромæн кæмæн нæй, ахæм уарзондзинадæй. О цас уарзын!..
Бабын уа, мах чи фæхицæн кодта, нæ цард нын чи сызмæста, уый бын бауа!
Цавæр фæндтæ уыд мæ сæры, цæмæты бæллыдтæн!.. Гъей, бæллиццаг цард!..
– Æгъгъæд æнкъарддзинад! Схæц-ма дæхиуыл, мæ хорз æмбал, дæ цæстысыгтæ куы 'руагътай! Цæй тыххæй уæд?.. Æви дæм кæуинаг кæсы мæ хъысмæт?.. Нæ, рæ дийыс... Бауром сæ. Æз нæ уарзын цæстысыгтæ, ма сæ хардз кæн, æвгъау сты... Бахуд фæлтау, бахуд дæ мид былты æмæ мын мæ цæстытæм кæс. Æз нæ фефсæрмы уыдзынæн... Кæнæ та райс дæ фæндыр, фæндарасты цагъд мын æркæн. Уадз æмæ мæ зæрдæ мауал цæуа мæ риуы, рæдува йæхи æддæмæ, уадз æмæ æхсида мæ туг дæ цагъдмæ!..
Ехх, цы бауромдзæн мæн!
Бауырнæд дæ, ды мæ Батрадзы ныфс бауадздзынæ, мæ тыхæн кæрон нал уыдзæн, ацахсдзынæн мæ уаддымд æфсургъы барц, нынтъухдзынæн æм мæхи æмæ тымыгъау уайдзынæн мæ дард фæндагыл. Циу тугкалæн хæст мæнæн? Æз ахæсдзынæн дæ цагъды аив мыртæ мæ риуы, лæбурдзынæн фыранкау, никæцы тых басæтдзæн мæн. Уырны мæ, иу бон дæм кæй фæзындзынæн, иу бон дын æнæнхъæлæджы дæ рудзынг кæй бахойдзынæн, уый. Æнхъæлмæ кæс... Ма ферох кæн!..

1941 (?)

***

Арын дзы Францы фæллойгæнæг адæмы ном

Ды басастæ, ды æрхаудтæ... Ой, куыд æрхаудтæ, æнусон бæлас! Зæгъ-ма мын, дæ хорзæхæй, цы кодтай?.. Кæм и дæ хъару, дæ ныфс, фыдæлтæй нырмæ сæрыстыр кæмæй уыдтæ, уыцы рæсугъддзинад?..
Уыдис ахæм рæстæг, ды дæхимæ сайдтай фæндаггон ты цæстæнгас. Дæ рæсугьд къалиутæ бæрзонд фæцыдысты æмæ сæфтысты арвы цъæхы. Райсомæй-иу хур куы скасти, уæд-иу йæ фыццаг салам æрвыста дæуæн, йæ фыццаг тынтæ-иу схъазыдысты дæ хихтыл. Æхсæвы æртæх-иу ферттывта æмæ пиллон уадзгæйæ иу сыфæй иннæмæ тагъди.
Ой, цæй рæстæг уыди, цæй рæстæг!..
Æртахтысты-иу дæм мæргътæ. Сауцъиуæй, булæмаргъæй-иу байдзаг сты дæ къалиутыл, æмæ сæ зарынæй ради зæрдæ. Ды сырæзтæ... Ды сфардæг дæ бæрзонд тар хъæды, сæрыстырæй фæлгæсыдтæ. Бахъуыды сахат хъахъхъæдтай дæ цард, никуы ницæмæй фæтарстæ... Сау мигътæ-иу сбадтысты дæ сæрмæ, зилгæдымгæ-иу сфæйлыдта бæлæстæ, арвы нæрдæй æмризæджы рызти зæхх, æмæ къæдзæхтæ фæлдæхтысты. Елийайы рæхыс-иу ферт­тывта цæхæркалгæ æмæ-иу цъæл фатау зилдухгæнгæ йæхи дæуыл ныццавта. Ды йæ хъуыды дæр нæ кодтай, дæ сæр-иу бæрзонд систай, фæстæмæ-иу атасыдтæ æмæ ти­таны худтæй худтæ де знæгтыл.
Ой, цæй рæстæг уыди, цæй рæстæг!..
Ныр та æрхаудтæ, æрфæлдæхтæ бындзарæй æмæ мæрдон сабырдзинадимæ мысыс дæ ивгъуыд бонтæ. Нынкъард дæ, ныссабыр дæ... Уæ де 'гæр фæкалай, де 'гæр фæкалай, кæд куыд æруагътай дæхи!..
Гъæйтт, готлекк, бахудма! Бахуд-ма æмæ схæц дæ хиуыл! Чи загъта, фæци дæ цард? Цавæр сусу-бусугæ нæг æвзаг бафхæрдта? Мама 'нкъард   кæн!   Уалæ-ма скæс дæ цъупмæ. Уым царди халон. Халоны къухы уыдысты дæ царды рохтæ, уый дæ тардта сæрсæфæнмæ æмæ дын худинаг кодта дæ кадджын сæр. Ма тæрс, гормойнаг! Ды та сыстдзынæ. Зæхх хъысмæт кæмæн радта, уыцы уидæгтæ нæ фæиппæрд сты сæ бынатæй. Уыдон цъирынц зæххы хъаймагъ æмæ дæ уадзынц фидардзинад. Уыдон руаджы та сыстдзынæ ды, æрбафæлынддзынæ та дæхи, дуне рæсугъддæрæн цы дарæс сфæлыста, уымæй æмæ та цардуарзаг цæстæнгасæй акæсдзынæ тар хъæдмæ. Æртæхдзысты та дæм мæргътæ, нытътъæлланг та кæндзысты сæ бæллиццаджы хъæлæстæй. Ды сулæфдзынæ, ды ныххуддзынæ дæ хъæлæсы дзаг æмæ æнусон дидинæг æфтаудзынæ.
О, ма тæрс, ма тæрс, æфхæрд бæлас!..

1941 азы сентябрь
Камышин

 

***

Уый уыд уагъылыйы дидинæгау рæсугъд æмæ фæлыст. Лæууыди доны был æмæ уылæнты æнцад фæлгъуыд мæ касти. Уыдон фынæй уыдысты нырма, фæлæ уæддæр ратас-батас кодтой, хъуызæгау цыдысты былмæ, æмбæхстысты дурты бынты æмæ, цыма боны рухсæй тарстысты, уыйау каст адæймагмæ.
Кæцæй фæци ацы æвзонг чызг? Цæмæн æдзынæгæй кæсы донмæ? Кæд хæлæг кæны, мыййаг, уылæнтæм æмæ йæ доны рæсуг буарыл асимын фæнды...
Ды рæсугъддæр дæ уылæнтæй!..
Уый йæ риуы дзаг сулæфыд, йæ сæр бæрзонд систа æмæ цæф сæгуытау ныууынæргъыдта æмæ дард, арвы цъæх, стæй хъæды фæлмхуыз дарæс кæм иу кодтой, уырдæм йæ цæстæнгас арвыста.
О зонын, зонын æз... Ды бæлццон дæ, дæу бафхæрдта знаг æмæ ныууагътай дæ сабыр цард. Фæхицæн дæ, зынаргъдæр дын чи уыд, уыдонæй, æмæ дæ фæззæджы фыдуаг дымгæ æрыскъæфта æнæзонгæ ранмæ.
О æнкъард чызг! Цæмæй дын баххуыс кæнон? Мæ бон куы ницы у... Æри уæд та дæ хъыгдзинады 'рдæг. Æз æй нывæрдзынæн мæ риуы æмæ, цалынмæ дæ былтæ худæндзаст рызт бакæной, уæдмæ йæ хæсдзынæн мемæ.
«О дæлдзæх фæуай, калмы зæрдæ, дæлдзæх фæуай!..» — ныууынæргъыдта та уый æмæ уылæнтыл йæ мылазон цæстæнгас æрæвæрдта.
Уыдон райхъал сты, систой сæ урс базыртæ æмæ цæстысыг калгæ дуртæм тахтысты.
Æз мæ къухтæ стымбыл кодтон, ныттынг сты мæ нуæрттæ, æмæ цалдæр дзырды сæхи атыдтой ме 'лхъывд дæндæгты 'хсæнæй:
«Тæхуды, куы бафидин мæ хæс мæ бæсты раз æмæ куы 'рхауин, кæнæ сымахау, о мæстыгæр уылæнтæ, куы ныппырх уаин!..»

1941 азы сентябрь
Камышин

 

ТЫХГÆНДЖЫТÆН — МÆЛÆТ!..

Йæ тарф фынæйæ æрæгмæ хъал кодта бон. Æгæр зынæй иста йæ уд æрвхуыздзыкку æхсæв. Зыр-зыргæнгæ æрцауындзæг æдзард быдыры сæрмæ. Иунæг стъалы ма фидиуæгау лæууыди арвы бæстастæу æмæ дунейæн æмбарын кодта, æхсæв йæ бартæ бынтон кæй нæма радта, уый. Стæй æваст йæ бынатæй расхъиудта æмæ æрбадæлдзæх. Хаугæ-хауыны ма йæ зынг къæдзилæй æхсаргардау иу дзæхст фæласта, æмæ арв йæ астæуыл дыууæ дихы фæци. Цыма сæуæхсиды фæзындыл цин кодтой, уыйау нæрыдысты сармадзантæ, сæ хъæрахст, се 'рдиагæй не 'нцадысты æфсæнбырынкъ уаритæ. Бон æрбасырх æфсæрмдзæстыг чызгау, мидбылты худти æмæ дунейæн рæдауæй хаста рухс.
Æгас цæуай, цард!..
Дæуæй адджындæр ницы ис хæстоны удæн, цæсты гагуыйау дæ хъахъхъæны зындоны сау тыхтæй, бындзарæй сафы, дæ фæндагыл цы цæлхдуртæ ис, дæ алыварс цы хъылма æрæмбырд, уыдон. Ды дæ, хæхты къæйтыл чи æрзад, ахæм уагъылыйы дидинæгау. Дæхимæ ивазыс хуры тынтæй нывæст арвы сыгъзæрин фæдджи. Ды тæрсыс фыдбоны тымыгътæй, мылазон мигътæй, фæлæ æнцон басæттæн нæ дæ, сындзджын уагъылыйы дидинæг æнцон æртонæн куыд нæу, афтæ.
Нæ!.. Дæуæй раскъуынæн нæй махæн!
Зын у дæуæй фæхицæн уæвын...
Тыхгæнджытæн – мæлæт!..