logo

М О Я    О С Е Т И Я



ФЫСТÆДЖЫТÆ

Нигермæ

Дæ бон хорз, зынаргъ Иван!
Фыссын дæм, фæлæ нæ зонын, мæ фыстæг дæм фæхæццæ уыдзæн æви нæ. Куы йæ райсай, уæд, æвæццæгæн, дис дæр кæндзынæ, уымæн æмæ дæм никуыма ныффыстон, цы хорз зæрдæ мæм дардтай, уый кæд рагæй æмбарын, уæддæр. Тагъд 18 мæйы аивгъуыйдзæн, Иры зæххæн хæрзбон куы загътон, уæдæй нырмæ. Æвæццæгæн дæ нæ бауырндзæн, æз уæдæй ардæм иунæг æмдзæвгæ дæр кæй нæ ныффыстон, уый. Мыййаг, удæгасæй куы баззайон, уæд мæ бон нывыл исты ныффыссын куы нæуал суа, уымæй дæр тæрсын. Фæлæ мын кæд литературæйы ницы бантысти (уæвгæ та мæхицæн стыр ныфсытæ æвæрдтон), уæд уыйхыгъд не 'фсæддон хайы нымад дæн дзæбæх хæстоныл. Æрæджы мын уый тыххæй саккаг кодтой майдан «Хъæбатырдзинады тыххæй», стæй мæ бавдыстой дыккаг хицауадон хæрзиуæгмæ. Цыбырдзырдæй, иугæр куы мæлон, уæд – кадимæ, ирон дзыллæйы намыс нæ фæчъизи кæндзынæн.
Мæ зæрдæ дын зæгъы, зынаргъ Иван, цæмæй нæ адæмы фарнæн бирæ азты æнæнизæй фæцæрай. Мæ зæрдиаг саламтæ ратт, уым ма дæ цуры чи баззад, уыдонæн – Тæтæрийæн, Созырыхъойæн, Хадзыбатырæн, Хъазыбегæн æмæ иннæтæн.
Зæрдæбынæй дын аргъ чи кæны, уыцы
Кочысаты Мухарбег

15.03.43 аз. 2194 хæстон посты станцæ, 240 хай.

 

Йæ бинонтæм

Уæ бон хорз, мæ ахсджиæгтæ!
Хъусын уын кæнын: дæн сæрæгас æмæ æнæниз, сымахæн дæр уый зæгъы мæ зæрдæ. Цалдæр боны рацыди, ногæй фронты куы дæн, ууыл. Санчъехгай цæуæм ныгуылæнырдæм, сæрибар кæнæм нæ райгуырæн зæхх. Ног хабарæй мæм ницы ис, уæхæдæг кæй хъусут, уыдонæй дарддæр. Бацыдтæн ÆК (б) П-йы рæнхъытæм, тагъд хъуамæ мæ партбилет райсон. Уæхи хъуыддæгтæ куыд сты, ногæй уæм цы ис? Куыд у Надайы æнæниздзинад? Кæм и Зойæ? Мæ аттестатæй ницыма уайы. Куы йæ райсон, уæд уын цалдæр мæйæн æхца арвитдзынæн. Æндæр гæнæн нæй. Цæй уал. Фыст фæдæн. Мæ зæрдæ уын зæгъы бирæ хæрзтæ.
Быдырон пост 25771 «Л», Кочысаты Георгийы фырт Мухарбегмæ, 30-1-44.