logo

М О Я    О С Е Т И Я



ДЗАНТИАТЫ АНАТОЛИ
"КЪОСТА НЫВГÆНÆГ"

Нывкæнынадмæ Къостайы цы сразæнгард кодта, зæгьгæ, уыцы фарстæн нæ бон у ахæм дзуапп радтын. Зæгьæн ис афтæ, æмæ Къостайæн йæ туджы уыд нывгæнæг суæвын. Уымæ гæсгæ уый ахуырмæ бацыд Санкт-Петербурджы Нывкæнынады академимæ. Фæахуыр дзы кодта 1881-1884 азмæ. Уым базыдта æмæ йæ зæрдæмæ арф айста нывкæнынады профессионалон зонындзинæдтæ.
Академийы размæ Къоста ахуыр кодта Стьараполы классикон гимназы. Фыццагдæр ам банкъардта уæд Къоста, нывкæнынады аивад æй йæхимæ кæй æлвасы, уый. Нывкæнынады предметæй йæ ахуыргæнæг уыд Василий Ива­ны фырт Смирнов (1840-1922). Уый уымæй размæ йæхæдæг каст фæцис Санкт-Петербурджы Нывкæнынады академи. Уый сразæнгард кодта уæд Къостайы дæр, цæмæй дарддæр ахуыр кæнынмæ бацыдаид Санкт-Петербурджы Нывкæнынады академимæ.
Къоста æнтыстджынæй радта фæлварæнтæ æмæ ссис Санкт-Петербурджы Нывкæнынады академийы студент. Къостамæ нывгæнæджы стыр курдиат кæй ис, уый фыццаджыдæр бафиппайдта æмæ йын зæрдиагæй æххуыс кодта Академийы зындгонд педагог, профессор Па­вел Чистяков,
Уыцы рæстæджы Къостаимæ Академийы ахуыр кодтой, фæстæдæр, XIX æнусы зындгонд чи ссис, уыцы номдзыд нывгæнджытæ Серов, Врубель, Самокиш, скульптортæ Гинзбург, Бе­клемишев.
Академийы студентты профессионалон ахуыры æййафындзинадæн аргьгонд цыд баллтæм гæсгæ. Къостайы конд нывтæн ахуыргæнджытæ фæлварæнты рæстæг æвæрдтой æппæты уæлдæр баллтæ.
Æрыгон Къоста-иу Петербурджы нывгæнджыты равдыстытæм, нывты галереймæ, Эрмитажмæ куы бафтыд, уæд-иу æй уыцы диссаджы нывтæм кæсгæйæ йæ къах æддæмæ нал хаста. Уый тыххæй мæнæ куыд фыста йæ писмотæй иуы:
"Картинных выставок открыто здесь видимо-невидимо. Скитаюсь по ним до одурения, пока прислуга, перед тем, как запереть выставку, не берет меня за шиворот и, как загипнотизиро­ванного, не спускает с лестницы".
Йæ фыссæн блокноты фыстытæй иуы 'хсæн ссарæн ис номдзыд уырыссаг нывгæнæг В.В.Верещагины ном æмæ мыггаг (1840-1904), ноджы – Ян Ционглинскийы (1858-1912) æмæ Л.Е. Дмитриев-Кавказагы (1849-1916) мыггæгтæ.
Петербурджы Нывкæнынады Академи кастфæуæг Ционглинский бирæ хæттыты балцы уыд Азийы, Африкæйы, ахуыр кодта æмæ йæ зæрдæмæ арф айста Уæрæсейы æмæ Ныгуылæн Европæйы æрдз, Дмитриев-Кавказаг та уыд зындгонд нывгæнæг-гравер. Академийы ахуыр кæнгæйæ Къоста рауагьта дыууæ офортты альбомы. Уыдон баст уыдысты Кавказаг тематикæимæ.
Верещагин Кавказ бирæ кæй уарзта, уымæ гæсгæ йын хæлар ахастдзинæдтæ уыд Къостаимæ дæр. Верещагин 1860 азы райдианы балцы ссыд Цæгат Кавказмæ. Уырдыгæй йемæ сласта бирæ куыстытæ – сæдæйы бæрц. Уым ирд æмæ бæлвырдæй равдыста хохаг адæмы уæззау царды уавæртæ, сæ бæрзонд культурæ æмæ рæсугъд æгьдæуттæ, сæ диссаджы алæмæты æрдз. Уым Верещагинимæ хæстæгмæ базонгæ Къоста. Верещагин ын ахорæнтимæ цы этюдник радта, уый йын ссис тынг зынаргъ лæвар. Фæлæ йын уыцы зынаргъ лæвар 1896 азы Дзæуджыхъæуы адавдæуыд. Къоста йыл тынг фæмаст кодта. Бынæттон газетмæ дæр ма радта ахæм хъусынгæнинаг: "13 сентября, око­ло 10 часов вечера, с открытого окна в кварти­ре художника Коста Хетагурова, проживающего в доме Михайловой по Воронцовской улице, похищен неизвестно кем ящик с масляными красками, подаренный г. Хетагурову известным художником В.В. Верещагиным".
Фæлæ йын уыцы хъусынгæнинаг дæр ницы феххуыс. Нал разынд,   Верещагин  ын цы зынаргь лæвар ракодта, уый.
Академииы ахуыр кæнын æнцон нæ уыд æрыгон  Къостайæн. Гимназы ахуырад йеддæмæ йæм кæй ницы уыд, уымæ гæсгæ йæм фаг нæ уыд профессионалон зонындзинæдтæ. Фæлæ Къоста йæхиуыл зæрдиагæй кæй куыста, уымæ гæсгæ йе 'мкурсонты 'хсæн нымад уыд хуыздæр студенттæй иуыл.
Фæлæ Къостайæн йæ ахуыр фæкьуылымпы, Кубаны облæстæй йын стипенди кæй нал æрвыстой, уый тыххæй. Къоста æхцайæ тыхст кæй æййæфта, уымæ гæсгæ фæсахуыр наулæууæнты кодта алыхуызон уæззау куыстытæ. Æхсæвæддæ дæр-иу баззад уым. Материалон æгъдауæй тыхст кæй æййæфта æмæ йæ бон ахуырæн æхца фидын кæй нæ уыд, уымæ гæс­гæ Къостайы бахъуыд академи ныууадзын.
1885 азы сæрды Къоста Петербургæй ссыд Ирыстонмæ. Ам баххуырста фатер. Уым ныв кæнынæн радих кодта иу чысыл æрмадз. Зæгъæн ис афтæ, æмæ йæ хуыздæр нывтæ скодта уыцы рæстæг, ацы æрмадзы кусгæйæ. Сфæлдыстадон куыстæй уæлдай активонæй архайдта æхсæнадон хъуыддæгты дæр: бынæттон нывгæнджыты æрбаввахс кодта йæхимæ, арæх арæзтой сæ иумæйаг куыстыты равдыстытæ, Дзæуджыхъæуы театрæн йæхæдæг фыста декорацитæ. Фæлæ йын уыцы куыстытæн фыстой капеччытæ. Æмæ йæхæдæг куыд фыста, афтæмæй уый æхца сфæлдыста­дон куыстæй уæлдæр никуы æвæрдта. Къоста стыр кæттагыл сныв кодта æмæ 1887 азы Дзæуджыхъæуы адæмы размæ рахаста йæ стыр куыстытæй иу "Святая равноапостольская Нина, просветительница Грузии". Йæ хæдфæстæ та Къоста аивадуарзджыты размæ рахаста йæ иннæ куыст "Хъыггæнæг зæд". Уыцы аивадон уацмысы тыххæй газет "Терские ведо­мости" фыста: "Картина как живая и положительно всех приводит в восторг. Произведение г. Хетагурова может удовлетворить любой изящ­ный вкус. "Скорбящий ангел" была написана художником в 29 лет, в полном расцвете твор­ческих сил. Это одно из наиболее выразитель­ных, возвышенно-романтических полотен Коста-живописца".
Аивадуарзджытæ йын стыр аргъ скодтой йæ иннæ уацмыс "Сывæллæттæ-дурсæтджытæ"-йæн дæр. Къоста уым ирдæй, зæрдæмæхъаргæ  æнкъарæнтимæ равдыста  дыууæ хохаг чысыл  лæппуйы сурæттæ. Ацы  ныв  Къостайæн йæхи зæрдæмæ дæр тынг цыд. Стыр аргь ын скодта йæ рæстæджы номдзыд нывгæнæг Тугьанты Махарбег. Уыцы уацмысы, зæгъæн ис афтæ, æмæ нывкæнынады æппæт жанртæ дæр иумæ баиу сты: портрет, пейзаж, натюрморт...
Тугьанты Махарбег дзырдта, зæгьгæ, ныв "Сывæллæттæ-дурсæтджытæ" у Кьостайы "Додой"-йы халдих. Уыцы дыууæ сывæллоны уæззау куысты уавæртæм, сæ скъуыдтæ дзаумæттæм кæсгæйæ, цæстыты раз ирдæй сыстынц æппæт хохæгты, тынгдæр та сæ цоты хъизæмайраг царды уавæртæ. Фæлæ ацы сабитæ кæд цыфæнды цардæфхæрд сты, уæддæр сæ алыварсмæ се 'нæхин цæстытæй кæсынц сæрыстырæй, се 'взонг зæрдæты стыр ныфсы æнкьарæнтæ сæ зынынц ирдæй æмæ бæлвыр­дæй.
Хохаг сывæллæтты царды уæззау нывтæ ирд æмæ бæлвырдæй зынынц Къостайы иннæ ныв "Дон хæссынмæ"-йы дæр. Автор уыцы нывы бавæрдта йæ зæрдæйы хъарм. Уынæм дзы хуры хуызæн рæсугьд, аив, хæрзконд æрыгон сылгоймаджы æмæ фырыхъулы хуызæн, цардбæллон сывæллоны сурæттæ.
Сывæллонæн ис стыр, рæсугъд, æнæхин цæстытæ. Уый йæ чысыл къухы æнгуылдзтæй фидар хæцы йæ мады фæдджийыл æмæ ныфсджын къахдзæфтæй цæуы йемæ хохаг зындзæуæн гакъон-макъон фæндæгтыл. Ацы нывмæ кæсгæйæ, адæймаг ахъуыды кæны афтæ, æвæццæгæн, æмæ, Къоста ацы ныв скодта йæ уæззау сабидугыл хъуыды кæнгæйæ. Нывы цы æрыгон, хæрзконд, рæсугьд сылгоймаджы уынæм, уымæй та нын равдыста, уый хæстæгмæ кæй нæ зыдта, афæдз дæр ыл нæма цыд, афтæмæй цы ныййарæг мадæй фæхицæн, уый сурæт.
Хохаг адæмы социалон царды уæззау уавæртæ автор бæлвырдæй равдыста йæ иннæ куыст "Арахъуадзджытæ"-йы дæр.
Къостайы конд нывтыл цæст лæмбынæг ахæсгæйæ, æрцæуы ахæм хъуыдымæ: йе 'ппæт куыстытæ дæр ист сты цардæй, сæ бындур у царды рæстдзинад, æмæ зæрдæмæ дæр афтæ тынг уымæн хъарынц. Уый нывкæнынады аивады хуызтæй йе 'ргом тынгдæр здæхта портреты жанрмæ. Хуымæтæджы йын йæ хуыздæр куыстытæ аивадиртасджытæ нæ барынц Гольбейны æмæ Дюреры уацмыстимæ. Номдзыд нывгæнæг, Нывкæнынады Академийы уæнг-уацхæссæг Евгений Кацман та Хетæджы-фырты тыххæй ахæм зæрдæмæхъаргæ ныхæстæ загьта: "Тропинины портреттæ уырыссаг адæмæн куыд зынаргъ сты, афтæ зынаргь сты Къостайы конд портреттæ дæр ирон адæ­мæн". Къостайæн йæ фæстæ баззад фараст конд портреты. Уыдонæй фондзы равдыста нæлгоймаджы сурæттæ, цыппары та – сылгоймаджы. Абоны онг бæрæг нæу, цал ын дзы фесæфт, уый.
Къоста ма Санкт-Петербурджы куы ахуыр кодта, уæд фыццагдæр кæй скодта, уыцы нывтæй иу у "Жукъаты Кошерханы портрет" (1882). Дзæуджыхъæуы цæргæйæ та, 1887-89 азты кæй скодта, уыдонмæ хауынц Аннæ Поповайы, Гуытъиаты Мысырбийы, Тхостаты Тутийы, Байаты Хуысинæйы портреттæ.
Къоста аив, зæрдæмæ арф чи хъары, ахæм æнкъарæнтæй равдыста æрыгон, цардбæллиц рæсугьд чызг Аннæ Поповайы сурæт. Уымæн йæ сыгъдæг зæрдæйы уаг бæлвырдæй зыны йæ хæлар, уарзæгой цæстæнгасыл.
Аннæ Попова Къостайæн стыр аргъ кæй кодта, уый бæрæг у йæ боныджы мæнæ ацы фыстытæй дæр: "Мæ царды мидæг æз æппæтæй тынгдæр бæллыдтæн уымæ, æмæ куы фембæлдаин зондджын, хæларзæрдæ адæймагыл, кæцы мын йæ арф зонындзинæдтæй фæхъæздыгдæр кодтаид мæ миддуне, мæ удыхъæд, зын рæстæджы мын уыдаид ныфсдæттæг, æмæ йæ схуыдтаин, мæ зæрдæмæ хæстæгдæр чи уыдаид, ахæм иузæрдион æмбал. Æмæ, Хуыцауæй разы, мæ царды фæндагыл фембæлдтæн ахæм адæймагыл. Уый уыд Къос­та. Фæлæ хъысмæты, цæмæдæр гæсгæ, нæ бафæндыд, нæ фæндаг куы баиу уыдаид, уый. Хъыгагæн, алкæй дæр нæ цæуын бахъуыд йæхи фæндагыл"...
Аннæ Поповайы уарзты сыгъдæг æнкъарæнтæн дзуапп дæтгæйæ, Къоста уый тыххæй иу æмæ дыууæ хатты нæ ныффыста æмдзæвгæтæ, лæвар ын кодта йæ конд нывтæ, суанг ма йын йæ конд портрет "Хъыггæнæг зæд"-ы дæр равдыста йæ сурæт.
"Мах зындоны дзæмбытæй дæр ратондзыстæм нæ амонд", – фыста Къоста йæ иу писмойы Аннæ Поповамæ. Фæлæ... Уыцы амондæй сæ дыууæ дæр æнæхай фесты.
Къостайы нывты 'хсæн уæлдай зынгæдæр бынат ахсы "Цæлыккаты Аннæйы портрет" (1898). Уыцы нывы Къоста ирд æмæ бæлвыр­дæй равдыста йæ сыгъдæг, æнæкæрон уарзондзинады æнкъарæнтæ Аннæмæ куыд тыхджын уыдысты, уый. Къоста йын йæ хуыз скодта ирон аив, рæсугьд къабайы, йе уæхсчытыл цыллæ кæлмæрзæн æппæрст, афтæмæй. Ацы портрет ахæссæн ис, мæнæ "парадно-декоративон" кæй хонынц, уыцы портретон хуызмæ.
Аивадуарзджыты арф хъуыдытыл бафтауы Къостайы конд "Автопортрет". Скодта йæ, æвæццæгæн, 1900 азы. Уыцы портреты уынæм Къостайæн æрмæстдæр йæ сæр. Тымбыл сау фæлгæтæй нæм кæсынц Къостайы æнкъард цæстытæ, сæ уæлæ сын уынæм йæ зондджын, дардмæуынаг цæстæнгас. Цыма нын уый зæгъынмæ хъавы йæ цавæрдæр сусæг ныхас, æууæнды ныл, фæлæ нæм нæ хъуысы йæ зæр­дæйы мидхъарæг.
Къостайы конд "Автопортрет"-мæ кæсгæйæ, зæрдыл æрбалæууынц, уый йæ хæстæг къабаз Гайттаты Иналыхъмæ йæ иу писмойы цы рæнхъытæ фыста, уыдон: "Нет! Я могу предло­жить только вечно тревожную и неизменно трудовую жизнь, полную смысла и целесообразно­сти, проникнутую горячей любовью не только к семье и родственникам, но и к бедной нашей родине, ко всему страждущему, униженному и оскорбленному".
Къоста йæ Ирыстоны цы æнæкæрон уарзтæй уарзта, нæ урссæр айнæг къæдзæхтæ, нæ диссаджы алæмæты æрдз йæ зæрдæйы цы стыр бынат ахстой, уый бæлвырдæй равдыста йæ конд нывтæ "Зикъарайы æфцæг", "Æрдзон хид", "Тибердайы ком"-ы.
Къоста нывкæнынады аивады æппæт хуызты архайгæйæ, алкæцыйы дæр йæхи равдыста дæсны, курдиатджын, стыр нывгæнæгæй æмæ йæ алы конд ныв дæр зæрдæмæ афтæ арф уымæн хизы.

(Материал взят из газеты «Рæстдзинад», 2009, 14 октября)