logo

М О Я    О С Е Т И Я



КОЧЫСАТЫ РОЗÆЙЫ ЦАРД ÆМÆ СФÆЛДЫСТАД

Уæрæсейы пролетариаты тохы цæхæртæ апырх сты æгас бæстæйыл. Се стъæлфæнтæ схæццæ сты Ирыстоны фæллойгæнæг дзыллæтæм дæр. Уыдонæн сæ сæргъы про­грессивон интеллигенци æмæ кусæг адæм, афтæмæй социал-демократты (большевикты) партийы разамындæй сыстадысты сæ бартæ райсынмæ, революци фæуæлахизы тохмæ.
Уыцы æхсæнадон-политикон цаутæн æвдисæн уыди нæ фыццаг сылгоймаг-фыссæг Кочысаты Розæ дæр. Уый 1904-1905 азты ахуыр кодта Дзæуджыхъæуы. Куыд рабæрæг ис, афтæмæй Розæ баст уыдис уæды рæстæджы революцион куыстгæнæг раззаг фæсивæдимæ. Уыдоны руаджы уымæн йæ бон баци йæ дуджы алы цаутæм раст социал-политикон цæстæнгасæй акæсын.
Ирон театры хъуыддаг æппæты разæй райдыдта Олгинскæйæ. Ацы хъæуы 1904 азы фыццаджыдæр æвæрд æрцыдысты Брытъиаты Елбыздыхъойы пьесæтæ «Худинаджы бæсты мæлæт» æмæ «Уæрæседзау». Уыдоны нæ уыди сылгоймаджы рольтæ. Уымæ гæсгæ Розæ сфæнд кодта, сылгоймæгтæ æмæ нæлгоймæгтæ кæм архайдтаиккой, ахæм пьесæтæ ныффыссын.
Ноджы ма Розæйы æмæ иннæ прогрессивон олгинскæйаг сылгоймаг-фæсивæды цырен кодтой æмæ æхсæны куыстмæ арæзтой революционертæ Мамсыраты Саханджери æмæ Байаты Чермен. Уыдоны уынаффæмæ гæсгæ Олгинскæйы ахуыргæнинаг чызджытæ сарæзтой сылгоймæгты драмон къорд, уымæн æмæ, уыцы рæстæджы чызджытæй лæппутимæ сценæйы чи ахъазыдаид, уый æмбисонд фæкодтаиккой. Фæлæ уæддæр революцийы тæваг фæуæлахиз, æмæ Олгинскæйы 12 чызджы, семæ – Розæ дæр, афтæмæй райдыдтой æхсæнадон-политикон æгъдауыл ахуыр кæнын. Къорд æппæты фыццаг бакастысты æмæ равзæрстой Чернышевскийы роман «Что делать?». Уый сын бацамыдта легалон уавæрты адæмы рухсдзинадыл кусыны мадзæлттæ. Уыцы рæстæгмæ Ро­зæ ныффыста 3 пьесæйы: «Зæхх – ме 'вдисæн, хур – мæ комдзог», «Мæ уарзондзинад æви мæ фыды ныхас?», «Гæды лæг», кæнæ æндæр номæй «Нæ пъырыстыф сæрра».
Уыдон æвæрд æрцыдысты Олгинскæйы «театры». Уый та уыди æлдаттаты Татыны сарайы. 12 «артисткæйы» æрвылбон æмбырд кодтой уыцы ранмæ. Уырдæм цæуыны тыххæй сын фидис ничи бакодтаид, уымæн æмæ уым цардысты æрмæст сылгоймæгтæ. Татыны чызджытæ сæхæдæг дæр уыдысты сылгоймæгты драмон къорды уæнгтæ æмæ Розæйы пьесæты сæ рольтæ хъазынмæ хорз арæхстысты.
Олгинскæйы фæстæ Розæйы пьесæтæ 1906 азы æвæрд æрцыдысты Дзæуджыхъæуы. Гъе, афтæ уыдоны руаджы ирон чызджытæ зынын байдыдтой сценæйы, нæлгоймæгты рольтæ дæр сæхæдæг хъазгæйæ.
Кочысаты Псийы чызг Розæ райгуырдис Олгинскæйы. Йæ райгуырæн бон дæр æмæ йæ амæлæты бон дæр бæлвырд бæрæггонд нæма сты. Иу æрмæгмæ гæсгæ Ро­зæ райгуырди 1888 азы 12-æм майы, иннæмæ гæсгæ та – 1886 азы. Йæ ныййарджытæ уыдысты рæстæмбис цæрджытæ, æнахуыргонд. Йæ фыд Пси уыди æрдзæй зондджын æмæ курдиатджын адæймаг, дзурынмæ æмæ ирон аргъæуттæ, таурæгътæ кæнынмæ дæсны. Уыдон Розæ йæ зæрдæмæ айста æмæ сæ спайда кодта йæ пьесæты.
Розæ астаздзыдæй бацыд Олгинскæйы сылгоймæгты 2-къласон скъоламæ. Каст æй куы фæци, уæд бацыд ирон чызджыты приютмæ Дзæуджыхъæуы. Уым Розæ бакаст æртæ азы, фæлæ фæстаг, цыппæрæм кълас нæ фæци, уымæн æмæ йæ фыд Псийæн йæ бирæ бинонтæ зын дарæн уыдысты.
Уыцы рæстæджы Розæйы æфсымæр уыд афицер æмæ куыста Ташкенты. Уый йæ хойы уым 1901 азы бацæуын кодта сылгоймæгты гимназы 3-аг къласмæ. Дыууæ азы фæстæ Розæ фæстæмæ Дзæуджыхъæумæ ссыд æмæ йæхи цæттæ кæнын байдыдта сылгоймæгты 1-аг гимназы 6-æм къласмæ. 1904 азы экзаментæ радта æмæ йæм ба­цыд, фæлæ дзы афæдзы æрдæг йедтæмæ нæ фæци.
1907 азы Розæ мой скодта æмæ фыццаг цардис Лабæйы, стæй та Алагиры æмæ æрыдоны. Амарди 1910 азы.
Кочысаты Розæ уыди курдиатджын фыссæг æмæ публицист. Уый бæрæг у йæ уацмысты, стæй сæ куыд тагъд фыста, уымæй дæр. Розæ йæ рæстæгмæ гæсгæ уыди зондджын æмæ ныфсджын сылгоймаг. Йæ ныййарджытæ йын цы зæронд патриархалон фæндæгтæ амыдтой, уыдоныл цæуыныл разы нæ кодта æмæ уыцы зæронд æгъдæуттимæ хæцгæйæ рагафон фæхъуыд.
Кочысаты Розæйы сфæлдыстад кæд бæрцæй бирæ нæу, уæддæр йæ уацмыстæ сæ идейон-аивадон бæрæггæнæнтæ æмæ политикон ахадындзинадæй ирон адæмæн зынаргъ сты.
«Гæды лæг», кæнæ «Нæ пъырыстыф сæрра». Ацы пьесæ у ирон аргъаумæ гæсгæ фыст, æрмæст пъырыстыфыл худындзинад аргъауы афтæ æргом нæу. Розæ пье­сæ фыста 1905 азы революцийы бонты æмæ аргъауы политикон арæзт йæ пьесæйы фергомдæр кодта. Дыккаг ном «Нæ пъырыстыф сæрра», зæгъгæ, дæр ыл уый тых­хæй сæвæрдта.
«Гæды лæджы» Розæ æвдисы мæгуыр Умарханы. Уый ссардта бирæ æхца æмæ йæ ус Мызылонæн бафæдзæхста, хабар куыд никæмæн загътаид, афтæ. Фæлæ йе 'фсин йæ дзыхыл нæ фæхæцыд, йæ сыхаг Къомианы хъусы йæ бацагъта. Уымæй æмæ æндæртæй та хъуыддаг базыдта пъырыстыф. Уый фæсидти се 'ппæтмæ дæр, фæрсы сæ æхцайы тыххæй тызмæгæй. Умархан барæй йæхи ницы зонæг скодта, Мызылон та йыл комдзог цыд. «Мæнæ, зæгъ,– тæлмацгæнæгмæ дзургæйæ зæгъын кæ­ны пъырыстыфæн Мызылон,– ды куы сæрра дæ, æмæ дæ, зæгъ, куы сбастой, æмæ, зæгъ, хъыллистытæ куы кодтай, раст, зæгъ, гъеуæд уыди уыцы æхцайы ссард». Пъырыстыф устыты æцæг æрра фæхуыдта æмæ тæл­мацгæнæгмæ дзуры: «...этих двух женщин посадите в хо­лодную, это им будет полезно; там до вечера посидят и глупости не будут болтать».
Ацы уацмысы Розæ æвдисы, хæдхæцæг паддзахы хъузæттæ-иу мæгуыр фæллойгæнæг адæмы ницæуыл дæр куыд æфхæрдтой, уый. Фыссæг йæ пьесæйы архайджыты дзыхæй пъырыстыфы хоны æрра, адæмы удхарæй кæй мардта, уый тыххæй. Уыцы заман ахæм хицауæй афтæ зæгъын нымад уыдис фыдракæндыл.
Розæйы чысыл комеди «Гæды лæг» у юморæй йедзаг, Умарханы æмæ иннæ архайджыты фыссæг æвдисы зæрдæхъæлдзæгæй. æнахуыр хабæрттæ ис пьесæйы: пъы­рыстыфы сæррайæ уæлдай ма мæгуыр бинонтæн сæ къæппæг æрцахста кæсаг, се 'нгуыр та – тæрхъус.
Умарханы обрæз у ирд: кæд уый хицауы раз йæхи ницæйаг лæгæй æвдисы, уæддæр йæ зонд йæхимæ ис æмæ æнцонæй афæливын фæразы пъырыстыфы дæр, къулеры дæр æмæ йæ усы дæр.
Комедийы уæлдай зæрдæмæдзæугæ сты, Мызылон Къомианæн æхцайы ссарды тыххæй, кæсаджы æмæ тæрхъусы æнахуыр æрцахсты тыххæй кæм дзуры, пъыры­стыф æмæ устытæ æвирхъау сайды бынаты кæм баззайынц, уыцы сценæтæ.
Комеди у адæмон æвзагæй фыст. Уымæн æвдисæн сты сылгоймаджы æбуалгъ æлгъыстытæ, зæгъæм: «Исчи дæ амара, уæвгæйæ та, ахæм лæджы!», «Къомиан мæ æрбабын кодта, – йæ хъæбулы фыдтæ ахæра.», «Хæрзбын бауай, дæ туг баназай!», «Хæрæджы тъæнгтæ бахæр!» æмæ афтæ дарддæр.
Пьесæйы ис бирæ эмоционалон ныхæстæ, зæгъæм: «Мæ хæдзар фехæлд!», «Тæхуды, æмæ сæ къона!», «Дæдæй, нæ лæг, кæм та ныххырхтай, кæм?..»
Комедийы уыцы заман æвдыст цæуы, æцæгæй куыд уыди, афтæ æргомæй. Гъеуый тыххæй мах ацы уацмыс нымайæм, царды уаг реалон æгъдауæй чи ныв кæны, ахæм аив фыстыл.
Автор йæ пьесæ «Мæ уарзондзинад æви мæ фыды ныхас»-ы тох кæны зæронд æгъдæутты ныхмæ. Уый фæрсы: «Цы у тыхджындæр – уарзондзинад æви фыдæлты æгъдау æххæст кæнын?» æмæ йæхæдæг зæгъы: «Уарзондзинад фыдæлты æгъдæуттæй тыхджындæр у». Уый уымæй бæрæг у, æмæ пьесæйы герой йæ фыды ныхасмæ нæ байхъуыста, нæ фæхудинаг кодта йæ уарзон чыджы, фæлæ амардта уый дæр æмæ йæхи дæр. æппынфæстагмæ разынд, мадæй иу кæимæ у, фыдæй та хицæн, йæ уыцы хо.
Пьесæ тынг тыхджын у зæрдæйы быцæудзинадæй. Цы бакæна мæгуыр лæппу: йе стыр бæллицты фæдыл ацæуа æви сæ ныхмæ ныллæууа, йæ уарзондзинады сæрты ахиза?
«Зæхх – ме 'вдисæн, хур – мæ комдзог». Ацы пьесæйæн йæ къухфыст фесæфти. Баззад ма æрмæстдæр, Розæ йæ фыдæй кæй фехъуыста æмæ йæ уацмыс кæй бындурыл ныффыста, ахæм таурæгъ. Уымæ гæсгæ, стæй, пьесæ чи федта, уыдоны ныхæстæм æмæ, мæхæдæг куыд фехъуыстон, уымæ гæсгæ йын æз йæ апп сбæлвырд кодтон. Уый ацы чиныджы лæвæрд цæуы уæлæмхасæны хуызы.
Розæ йæ уацмысы æвдисы стыр хъуыды: æвзæрдзинад уæлдайдæр та стыр фыдракæнд, лæгмарын никуы басусæг уыдзæн. Зындгонд у, Октябры агъоммæ-иу ирон адæм ницæйы тыххæй дæр хаттæй-хатт кæрæдзийы туг куыд калдтой, уый. Уымæ гæсгæ, Розæйы пьесæ дзыллæты арæзта хи уромыны æгъдаумæ.
«Нæ Иры чызджытæм». Ацы публицистикон статья у ирæды ныхмæ арæзт. Уыцы хъуыддаг Октябры революцийы размæ ирон адæмы æхсæн ахста стыр бынат. Уый фæдыл-иу æрцыди бирæ фыдбылызтæ. Чызгæн нæ уыд йæхицæн къай равзарыны бар, йæ бинонтæ йæ ирæдыл уæй кодтой бонджындæрæн – æхца, мулк фылдæр чи радтаид, ахæм адæймагæн.
Нæ Иры прогрессивон ахуыргонд адæмæн уыцы хъуыд­даг сæ зæрдæмæ рагæй дæр нæ цыд, æмæ-иу йæ ныхмæ тох кодтой. Уыдон бирæ тæрхæттæ рахастой, стыр ирæд цæмæй мауал истаиккой æмæ йæ фæдыл бæллæхтæ куыд нал цыдаид, уый тыххæй.
Кочысаты Розæйæн æнæзонгæ нæ уыдысты уыцы хабæрттæ, уымæн æмæ Олгинскæйы дæр ирæды хъуыддаг тыхджын уыдис.
Уыцы рагон зианхæссæг æгъдау фесафынмæ Розæ йæ хъару сарæзта æмæ йæ ныхмæ ныффыста зынгджын статья – «Нæ Иры чызджытæм».
Æрвнæрæгау айхъуысти уый канд Олгинскæйы æмæ Цæгат Ирыстоны нæ, фæлæ Хуссар Ирыстоны дæр. Ро­зæйы размæ ахæм прогрессивон хъуыдытæ мыхуыры иу ирон сылгоймаг дæр нæ радзырдта.
Фыссæг йе статьяйы сиды æгас Ирыстоны сылгоймæгтæм, цæмæй уыдон сæхæдæг райдайой сæ бартыл хæцын, цæмæй сæхи уæй кæнын ма уадзой ирæдыл, цæ­мæй сæ ма дæттой моймæ æвæндонæй, æнæуарзон лæппутæн, уæгъд уой патриархалон æгъдæуттæй...
Ирон сылгоймаджы цагъарæй фервæзыны хъуыддаг Розæ æргомæй бæтты Уæрæсейы 1905-азы революциимæ æмæ йе статьяйы фыссы: «Адæм сæрибардзинады тых­хæй сæ туг куы калынц æмæ талынг ахæстæтты куы мæлынц, уæд нæ алчидæр йæ фыдмæ афтæ бадзурын нæ уæнды: «...æз дæ хъæбул дæн æмæ мæ цагъайраджы уæй ма кæн!»
Розæйы статья йæ ныййарджыты, стæй адæмы иу хайы зæрдæмæ нæ фæцыд, æмæ йын стыр мæт асайдта. Уымæ гæсгæ, куы йæ ныффыста, уымæй дыууæ азы фæстæдæр мыхуыргонд æрцыд. Фæлæ уæддæр амынд уыд æрмæст йæ фæсномыг – «Ирон чызг. Олгинскæйæ.»
Розæ канд ирæды ныхмæ нæ лæууыди, фæлæ, фыдæлты æвзæр æгъдæуттæй чи баззади, уыдонæн се 'ппæты ныхмæ дæр: чызджы скъæфты, уайсадыны, туг исыны, хист кæныны æмæ æндæр ахæмты ныхмæ.
Кочысаты Розæ бирæ нæ ацард, бирæ саразын ын нæ бантыст, фæлæ уæддæр йæ чысыл сфæлдыстадæй амыдта, сылгоймаджы бартæ фæхуыздæрыл куыд хæцын хъæуы, ирон зæронд æгъдæуттыл бахъоды кæнын кæй хъæуы, уый.

Проф. ÆЛБОРТЫ Барис