logo

М О Я    О С Е Т И Я



НÆУÆГБОН

Абон нæуæг аз æрцыди,
Алы хатт дæр уыл хорзæй цæуæд!
Бирæ хорзтæ уын дæттæд
Сыгъдæг хицау, мах Чырысти!
Сывæллæттæ сой-сой кодтой.
Зæронд лæгтæ афтæ куывтой:
«О хуыцау, нæ сыгъдæг зæдтæ!
О быдыры, хохы дзуартæ!
Мах куывд смахæн барст фæуæд.
О хуыцау! нæ тæригъæдтæ
Нын ныббар! Нæ фос, нæ хортæ,—
Мах дæм дзыназæм,— бирæ уæд!»
Кæстæртæ та худтæ систой:
«Оммен, оммен, оммен,— загътой,—
Хорз раттæд хуыцау махæн!»
Кувæггаджы хай æмæ нуазæн
Уырдыджыстæг ралæвæрдта
Фæсивæдæн: базыг радтой
Сывæллонæн, иу та сыкъа анызта.
Хистæр чи уыд — дзæбидыртæй
Уастырджийы рæгъ æркодта.
Не 'фсин худгæйæ къæбицæй
Дзултæ, дурынтæ нын хаста.
Фынгтæ байдзаг кодтой фыдæй.
Хæбизджынтæн, сойылфыхтæн
Бынат нæ уыди, сау бæгæны,
Урс фынк калгæ,дзæбидырты
Хъазгæ-хъазгæ, йæ нуазæгæн
Цыма дзырдта: «Уыдзæн хæлар дын.
Тæккæ бынмæ кæд аназай,—
Фидæнмæ та мæн нуазын
Бафæнддзæн дæ амондджынæй!»
«Гъа нæ хай, нæ нуазæн чындзæн!» —
Загъта Лекси. Лæууæг уайтагъд
Балæвазрдта. Лекси сыстад.
Сыстадысты иннæтæ дæр
Чындзы фæдыл: Гук, Сидæ,
Стæй Иуан, Адам, Цамел,
Ноджыдæр Барсæг, Габрел.
Сыстади, æнхъæл дæн, Михел.
Иннæ фынгыл чи бадтысты,
Уыдон дæр ыслæууыдысты.
Уым уыди Симон, Тасо,
Ноджы чидæртæ — Никъо.
Чындз сын арфæ ракодта,
Райста нуазæн, атылдта
Дзы йæ был æмæ йæ фæстæмæ
Радта, ракодта ма арфæ
Уыдонæн. «Хæлар дын уæд,—
Загътой лæгтæ,— райзæрдæ у!
Ысбад, хуыцауы тыххæй, ысбад!»
Чындз æрбадти: «Амондджын ут!»
Хуым кæнджытæ рабадтысты.
«Цæй, Леуаны цæрæнбонтæ
Ануазæм! — загъта Сидæ.—
Бирæ уæд дæ цæрæнбонтæ,
О Леуан! Фæцæр нын бирæ!»
«Арфæ дын хуыцау кæнæд!» —
Загъта Леуан.— «Гук, хуыцауæн!
Леуан бирæ нын цæрæд!»
«Хорзæх дыл хуыцауы, Сидæ,—
Загъта Гуку,— æнæниз уæд!»
Тæккæ бынмæ сыкъа Сидаэ
Акъул кодта: «Бирæ цард
Ратт Леуанæн, хуыцау сыгъдæг!»
Дæллæгтæм куы ралæвæрдтой
Царды нуазæн, царды зарæг,
Зардтой уыдон, ыстæй нуæзтой.

 

МОЙ  ÆМÆ  УС

Райсом у бæрæгбон!
Ус æхсæвæр афон
Фондз дзулы ыскодта,
Бурбурид сæ сфыхта.
«Цæй-ма рацу!— усмæ
Мой дзырдта йæ уатæй,—
Ма байрай дæ куыстæй,
Кæд æрдæгæхсæвмæ
Фондз дзулы нæ фæдæ!»
«О, о! Ма мыл хъæр кæ!—
Дзуры ус йæ моймæ,—
æз фæдæн ныртæккæ!»
Ус ныххуыссыд. Дымгæ,
Къæвда хостой дуар...
Бакодтой йæ... Уазал
Байдзаг кодта къуымтæ.
«Марадз, дуар ассон!» —
Загъта мой йæ усæн.
«æз ныртæккæ схъарм дæн!
Цу æмæ йæ ды ассон!»
Лæг йæ усæн «цу, цу»
Кодта. Ус йæ лæгæн:
«Нæ, нæ! Ды, ды ацу;
Ды йæ цуры дуарæн!»
Бирæ, бирæ хъæр ма кодтой,
Стæй сæ чъылдымтæ сыздæхтой,
Урс нымæтты бануæрстой
Сæртæ; гом дуар ферох кодтой.
Кæйдæр сау куыдз баирвæзти
Тынг къæвдайæ гом хæдзармæ.
Разылд къуымты, дзулты тæфмæ
æнæхуынд уазæг бахæццæ и!..
Ракъахта сæ. Дыууæ дзы уайтагъд
Ахордта. Фæзылди къуымты
Ноджыдæр... æвзæр цуаны
Кæд фæци, уæддæр та бауад
Уыцы дзултæм. Ауагъта та
Бурфых кæрдзын йæ гуыбынмæ,
Иу та ноджыдæр йемæ айста;
Бинонтæн ма бæрæгбонмæ иу ныууагъта

 

***
Аргъау уа,
Биргъау уа,—
Раджыма-раджы
Иу сæгуыт
Нал лæууыд
Сырдты хъуыддаджы.
Ахицæн,
Нард хизæн
Хуссары ссардта,
Дох дзæгат,
Хъарм лæгæт
Бадынæн дардта.

 

МЫСТ ÆМÆ ТÆРХЪУС

Галтæ дæм куы нæма вæййы,—
Маараз уæрдон...
Зонд дæр хорз у, кад дæр хорз у,
Фæлæ зон дæ бон!

Раджы иу мыст ацыд цуаны
Тынг æвзæр азы,—
Хор дæр фесæфт, хос дæр басыгъд,—
Дуне дзыназы...

Бирæ фыдæбон фæкодта,
Бирæ фæхатти...
Иу ран иу картоф куы ссардта,
Уæд мыст æрцарди.

Цин кæны: «Мæ хур акæнай,
Куыд дынджыр дæ, куы!
Растæн, уалдзæгмæ мæ фаг дæ,
Дæ цуры циу фæткъуы?!.»

Тулы йæ йæ цæрæн хуынкъмæ...
Бахæццæ... кæсы,—
Хуынкъ уынгæг у, картоф стыр у,
Картофæн тæрсы...

Мыст йæ хуынкъ уæрæх куы кодта,
Уæд иу стонг тæрхъус
Картоф тынг адджынæн хордта,—
Ды уал хуынчъы кус!