logo

М О Я    О С Е Т И Я



 

***
Рагон нæртон лæгау зарын куы зонин,
Арвмæ куы хъуысид мæ фæндыры хъаст, —
Дунеты се 'ппæт мæхимæ æрхонин,
Радзурин уыдонæн зæрдæйы маст.

 

САЛАМ

Хуыцауæй арфæгонд нæ фестæм,
Нæ сæртæ нал æсты нæ бар,
æмæ дзæбæх зæгъынхъом не стæм
Дæуæн, фæлæ нын æй ныббар!..

Нæ зонд — цыбыр, мæгуыр — нæ зæрдæ,
æдых, фæллад лæгау, нæ дзырд...
Фыдæн нæ дзыллæйæн æгæр дæ,
æвгъау у мах хæхтæн дæ цыт!..

Дæ кад мыггагмæ у цæринаг,
Дæ ацард — гъеныр дæр — сæдæ:
Зæххыл дын нал баззад кæнинаг,—
Дæ мæсыг амайын фæдæ.

 

БАЛЦЫ ЗАРÆГ

Цæйтæ, æфсымæртау
Раттæм нæ къухтæ
Абон кæрæдзимæ,
Иры лæппутæ!..

Скæнæм нæ тырыса
Дзыллæйы номæй,
Рухсмæ æнæзивæг
Цомут æнгомæй!..

Растдзинад уарзынæй
Скæнæм нæ фæндаг...
Гъе, мардзæ, магуса!
Фесæф, нæуæндаг!..

ÆХСИНЫ ЛÆГ
Зарæг

Хæххон фыййау, йæ фос ривæд
Куы кæнынц, уæд нæ фæзары...
Цы уыл æрцыд, нæ фæсивæд,
Уæ зæрдæтæм цы маст хъары?

Лæджы, дам, бас куы басудзы,
Уæд фу кæны йæ доныл дæр...
Лæг сусæгæй куы нымудзы,
Уæд нал сæтты йæ номыл дæр...

Хæххон фыййау йæ фосимæ
Къæдзæхты дæр нæ фæллайы...
Нæ фæсивæд, кæрæдзимæ
Уæ зæрдæ дæр куы нæ райы!..

Хуыцау дын раттæд бирæ хъом,
Бæрæг зындзæн дæ хорз уоныг...
Нæу сусæг хорзæн йе 'цæг ном,
Налатæн та — йæ фæсномыг...

æзсхъомыл дæн уырысимæ,—
Нæ сæм фæдæн сæны хъæстæ...
Цы уайсадæм кæрæдзимæ,—
Зæгъут-ма раст уæ ныхæстæ.

Цы дын зæгъæм?— уæлæмæ дæр,
Дæлæмæ дæр нæ дзуринаг:
æхсины лæг — нæ сæфты хъæр,
Нæ фыдты фыд, нæ худинаг...

Гадза бирæгъ æнгом дзуджы
Быдыры дæр ныппырх кæны...
Цы ма кæнæм? — ныры дуджы
æхсины лæг æлдар кæны...

Гадза бирæгъ æфсæстæй дæр
Нæ ауæрды лæбурыныл...
æхсины лæг йæ бæстæй дæр
Нæ ауæрды мæнг дзурыныл.

æстур дæр ма йæхи рæгъау
Нæ нымайы кæйдæр хъомыл
æхсины лæг фыдызнагау
Арт бандзары йæхионыл.

æстур дæр ма йæхи рæгъау
Хуыздæр хоны кæйдæр хъомæй...
æхсины лæг цъæх хæрæгау
Ту нал сæрфы йæ цæсгомæй.

Рынчынæн, дам, æдзухæй дæр
Йæ низы кой — йæ дзуринаг...
æхсины лæг нæ ирæн дæр —
Нæ низы хай, нæ худинаг!..

 

УАЙДЗÆФ

Коммæгæсы ма цæв, –
Мастæн æй хæсдзæн;
Хивæндмæ дæ уайдзæф
Худæгау кæсдзæн...

Бирæгъмæ та раджы
Арс кæмдæр хæцыд.
Дзуры йын: дæ руаджы
Фесæфти нæ цыт...

Алкæмæ лæбурыс...
Арæхстджын – дзыхæй,
Афтæмæй нæ курыс, –
Архайыс тыхæй!..

Кад к'уаид нæ сæртæн
Ахæм фыдгуыбын,
Уæд дæ хуызæн сырдтæм
Нал уаид æппын!

Нæ, фæлæ нæ кадæй
Мах нæ ивæм цæл, –
Мах фæрсчытæ надæй
Никуы вæййынц цъæл.

Фосæн æз зымæг дæр
Нал цæуын сæ фæд...
Ахæм цард дæумæ дæр
Худинаг кæсæд!
– О, о! – бирæгъ загъта, –
Ма рох кæ дæ дзырд...
Арсы уым фæуагъта:
Мехъхъ кæмдæр фæцыд.

 

УСГУР ЛÆППУЙТЫ МÆТ

     Мæ хуры хай,
Рæсугъд чызгай,
Куы нæ дæ федтаин, бæргæ!..
Дæ хъазынмæ,
Дæ зарынмæ
Кæм лæууы иунæджы зæрдæ!..

     Дæ дзыхы дзырд
æнæ рæдыд
Ныццæвы зæрдæйы кæрон!..
Цы кæндзынæн,
Куыд цæрдзынæн
æнæ дæу, амæддаг дын уон!

 

УСГУР ЛÆППУЙТЫ ХЪЫНЦЪЫМ

     Мæ сæфт хуры хай,
Дæргъæрфыг чызгай,
Куы нæ дæ федтаин, бæргæ!
Дæ фидауц хъазтмæ,
Дæ симгæ кафтмæ
Кæм лæууы иунæджы зæрдæ!

     Дæ мидбылты худт,
Дæргъæрфыг рæсугъд, –
Фæскъæвда хур бон у лæгæн.
Дæ рухс цæстæнгас,
Дæ рæвдыд ныхас
Мæгуырæн бирæ сты мæтæн.

     Куыд царæфтыд дæн –
Цæмæн амбæлддæн
Дæуыл, мæ иунæг сæры бон!
Цы ма кæндзынæн,
Куыд ма цæрдзынæн
æнæ дæу, амæддаг дын уон!..
ЦИУ?..

Амонд... æрра дæн, цæй амондмæ дзурын?..
Ацы рæстæджы та амондджын чиу?
Нæ,— æз Хуыцауæй æндæр цыдæр курын...
Базон-ма, циу?

 

НÆУÆГБОН ÆХСÆВЫ

Тæхуды, ныр уæ къæсæрæй
Куы базарин æз дæр:
“Хæдзаронтæ, хæдзаронтæ,
Уæ сæрвæлтау мæ сæр!”

æнæзивæг куы рауаис
Уæ уазæджы хъæрмæ!..
Мæ иу цæстæй куы бакæсин,
Мæ хуры хай, дæумæ!

Хæстæгдæр мæм зæрдæууæнкæй
Куы равдисис дæхи...
Дæ мидбылты куы бахудис,
Куы зæгъис: “Чи дæ, чи”?

Дæ къухмæ дын куы февналин
Куы зæгъин: “Гъей, чызгай!
Йæ царды йас дæу чи уарзы,
Гъе уый, мæ хуры хай”!

 

НÆУÆГБОНТЫ ЗАРÆГ

Хæдзаронтæ, хæдзаронтæ!
Фæцæуынц уæм дæрдбæлццонтæ...

æддæмæ-ма сæм ракæсут!
Уæ мæсыгмæ сæ бакæнут!

Хæдзаронтæ, хæдзаронтæ!
Фæцæуынц уæм нæуæг бонтæ...

Уæ алаз дæр хорзæй уынат!
Уæ фидæнмæ фæрныгдæр уат!
Уæ лæг уын саг куыд амара!
Уæ ус уын тыр куыд ныййара!

Хъæуваг куывд уæм куыд æрцæуа!
Уæ басылы къух мæн куыд фæуа!

Хæдзаронтæ, хæдзаронтæ!
Фæцæуынц уæм нæуæг бонтæ!

Фæхæссынц уын нæуæг бонтæ
Фыццаг хæрзтæй хуыздæр хæрзтæ!