logo

М О Я    О С Е Т И Я



21 ЯНВАРЫ

Тырысаты æгæндæг хъæд нындзыг,
Æгас æрдзыл уæззау æрхæндæг бафтыд.
Цытджын фæтæг фæстаг балцы фæцыд,
Фæлæ нæ зонды нæй йæ номæн рафтæн.

Уынгæджы бон Фыдыбæстыл куы уыд,
Фæйнæрдыгæй ныл тымыгътæ куы ниудтой,
Нывондагæн æрхаста уæд йæ уд,—
Нæ фыдгултæ нæ къæхты бын куыд хитой.

Адзалмæ дæр йæ фæстæ дзыллæ цыд —
Æнкъуысыд зæхх сармадзанты æмбуйæ,
Уæддæр сæ ныфсæн ахуыссæн нæ уыд,
Тæссаг цæлхдур сæм касти мæнæ 'рдуйау.

Йæ ном мыггагмæ арвы бын нæрдзæн,—
Æгас дунемæ хурзæринау худдзæн.
Нæ фарны зынг æнус-æнус цæрдзæн,—
Хæдхæцæгад, æнæраст митæ судздзæн.

О, уыцы ном у дзыллæйæн йæ цард,
О, уыцы ном – бæрзонд тырыса махæн.
О, уыцы ном нын – хуры тын фæсуард,
О, уыцы ном – фæндагамон цырагъау.

Тырысаты æгæндæг хъæд нындзыг,
Кæд æрдзыл дæр мæнау æрхæндæг бафтыд...
Цытджын фæтæг фæстаг балцы фæцыд,
Фæлæ нæ удты нæй йæ номæн рафтæн.

Кæдæмфæнды куы азилын мæ сæр,—
Æгуыппæг марой, судзгæ катай фенын...
Мæ хьустыл хатгай ауайы уæддæр
Æппæт дзырдтæн сæ тæккæ уаздæр – Ленин.