logo

М О Я    О С Е Т И Я



Хæссы та нæ уынгты фæлдзæгъдæн

Хæссы та нæ уынгты фæлдзæгъдæн.
Нынныгъуылди æврæгъты мæй.
Зыдтон æй, чызгай та кæй зæгъдзæн
Йæ ацы фыстæджы дæр «нæй»...

Уæддæр дыл мæ зæрдæ нæ худы,—
Дæ уарзон дæуæн ис хæсты...
Уым быдыр уæззау цæфтæй дуды,
Сырхзынгæй уым уары ызды...                                                                               

1942 азы мартъи