logo

М О Я    О С Е Т И Я



СОВЕТОН ХÆСТОНТЫ ЗАРÆГ

Ныннæрыд хæст,
Лæгæвзарæн бон – абон.
Æмбу кæнынц
Мæлæтхæссæг тыхтæ.
Æмæ цæуæм
Фыдыбæсты сæраппонд,
Æмæ цæуæм
Фыдызнаджы ныхмæ.

Уадз не знагмæ
Нæ судзаг додой
Хъуыса.
Нæ уарзон зæхх,
Дзæбæхæй баззай, цæй!
Нæ советон,
Нæ намысы тырыса
Фæхæсдзыстæм
Уæлахизмæ
Фæрнæй!

Цагъары ном нæ райсдзыстæм фæндонæй.
Фæлтау цъæх арты райсдзыстæм адзал.
Тыхджын у знаг, фæлæ куы уа æндонæй,
Уæддæр йæ ныхмæ ссардзыстæм мадзал!

Нæ бавналдзыстæм искæй зæхмæ никæд,
Фæлæ кæд хъавут халынмæ нæ цард —
Нырттивдзæн та Чапаевы фæринк кард,
Æрыздæхдзæн Суворовæн йæ фарн.

Фыдгулы гæнах басгуыхæд болатæй –
Нæ тыхы фæрцы фалгæрон уыдзæн.
Уæдæ, цæй, размæ
Абырсæм хъазуатæй –
Уæлахиз нæм
Æрвгæронæй зындзæн.

Уадз не знагмæ
Нæ тызмæг додой хъуыса!
Нæ уарзон зæхх,
Дзæбæхæй баззай, цæй!
Нæ советон,
Нæ намысы тырыса
Фæхæсдзыстæм
Уæлахизмæ
Фæрнæй!                                                                                                             

1941