logo

М О Я    О С Е Т И Я



ФЫСТÆГ ХÆСТЫ БЫДЫРÆЙ

Абон акъоппы кастæн дæ фыстæг,
О мæ уарзон, мæ ныййарæг мад.
Ехх, куы зонис, фырцинæй куыд тыхстæн,
Æмæ Иры зæхх цæстыл куыд уад!

Цыма ме уæнгтыл базыртæ базад,
Уыйау айсæфти иу уысммæ тох.
Лæг Фыдызæхх зæрдæйæ куы уарза.
Уæд йæхи зынтæ авæййынц рох.

Фæлæ сыстад æхситгæнгæ тымыгъ,
Ногæй райста йæ сау кард адзал.
Атылд карз тох уæззау цалхау хуымыл,
Оххай, цалы фæкодта æдзард.

Фæлæ сау фыдгул царæфтыд баци,
Калмау алæсти мах цæфтæй дард.
Ног та хæсты хъæр цадæггай банцад,
Ног та сагъæстыл бафтыд салдат.

Сисын фыстæг, лыстæг æм фæкæсын,
У мын алкæм ныфсы рухс, мæ бон.
О ныййарæг мад, де стыр фæдзæхст дын
Æз тырысайау дарын бæрзонд!