logo

М О Я    О С Е Т И Я



ДЫУУÆ ДЗЫРДЫ

Æз ацы дзырдтæ хъулон уарзтæй уарзын:
Сæ иу у «Лæг», у иннæ дзырд та «Цард».
Бæргæ куы уаин Рæстæгыл дæр барджын,—
Æнусты сæрты атæхид мæ зард.

Уæларв æмæ зæххы æмбæхст хæзнатæ
Ирон æвзагау базонин бæстон.
Ыстъалытæн сæ сусæг улæфт хатин,
Мæнæн кусиккой дымгæ æмæ дон.

Кæнин æмдзу фæлтæртимæ æмудæй,
Мæ хæтæн та – Æрфæны фæд уæрæх.
Æрдхæрдтыл уаин Ленинау æнувыд,
Фыдгултæй хизин уый хуызæн мæ зæхх.

Бæргæ, куы уаин Рæстæгыл дæр барджын,–
Æнусты сæрты атæхид мæ зард:
Æз ацы дзырдтæ хъулон уарзтæй уарзын –
Сæ иу у «Лæг», у иннæ дзырд та «Цард».

1941 аз.