logo

М О Я    О С Е Т И Я



МÆ ДЫРГЪДОН

Цæй-ма, цы ныджджих дæ тархуызæй?
Бон дæр æнкъард у, ай-гъай...
Æви кæд фæсæврагъ арвыцъæх
Дысон дæ фынты уыдтай?..

Дымгæйы внæлдæй цы сызнæт дæ?..
Оххай, кæд уæгъды фæрсын!..
Баууæнд мыл, уалдзæг та 'рыздæхдзæн,
Фестдзынæ дидинæг – зынг...                                                                               

1941 азы октябрь