logo

М О Я    О С Е Т И Я



РАЙСОМ

Æрхæндæг тар æхсæвы сатæг
Фæстагмæ – бонырдæм – фæсаст.
Æмæ цæхæркалгæ мæ уатмæ
Æрбакаст рухсы тын æваст.

Уат айдзаг рог уддзæфæй, хурæй...
Уæлæрвтæ акалдтой тæмæн...
Салам уæздан цъыбар-цъыбурæй
æрвитынц сыфтæртæ мæнæн

Кæнынц мын зараг мæргътæ арфæ –
Сæ тъæлланг азæлы уæлвонг...
Тæхуды, алы хатт дæр афтæ
Лæгыл æхсæв куы кæнид бон...                                                                               
1941