Page 37 - книга, гастроном
P. 37

Махмæ, Нартæм, ахæм æгъдау ис: цалынмæ цы хъуыддаг аразæм, уымæй

                  нæ ныфс бацæуа, уæдмæ искæй хойрагмæ не ’вналæм.
                         Нартæм уыди ’гъдау: сæ туджджынимæ дæр хордтой иумæ, фæлæ йæ
                  хъуамæ зыдтаиккой.

                         Дæ цæхх æмæ дæ кæрдзын кæимæ хæрай, уый хъуамæ зонай.
                         Кæд дæ хæрд æмæ нозт хъæуы, уæд дын нанамæ бадзурæм; кæд дæ загъд
                  æмæ маст хъæуы, уæд та дын дадамæ бадзурæм.

                         Кæрдзынхъус лæг йæ фынджы сбадтыл бæрæг у.
                         Нард фынгыл сау лæгмæ хорз зæрдæ вæййы.
                         Фынджы уæлхъус иууылдæр ысуарзон вæййынц.
                         Сау лæгимæ дæ кæрдзын ма асæтт.

                         Нарты Уырызмæг зæгъ – æмæ цард цæуа, Сатана зæгъ – æмæ бæркад цæуа!
                         Фынджы бæркад бирæ у.

                         Бæркад бæркады хуызæн хъуамæ уа, фынг фынджы хуызæн.
                         Алы фынг дæр йæ фарн йемæ хæссы; йе ’гъдау ын æххæст хъæуы.
                         Афоныл бахæр, æмæ дæ фарсыл бахæца.
                         Хæрын худинаг нæу.

                         Чысыл комдзаг дæр æххормаг лæгæн цæджындз у.
                         Фиййауы рæвдауæг – дзаг къус.
                         Фиййауæн цы вæййы, уый – йæ гуыбыны.

                         Фиййауæн йæ къæбиц – йæ хызын.
                         Фарн сасир æмæ арынгæй цæуы.
                         Хыссæ арынджы фыцын хъæуы.

                         Хæссынæн – рог, хæрынæн – адджын.
                         Рагъæн – рæуæг æмæ хъæстæн – дзæбæх.
                         Мыдамæст хæрынæн адджын у, хæссынæн – рог.

                         Нæ фыдæлтæ хъæбæрхоры кæрдзынæй хаст уыдысты.
                         Хъæбæр кæрдзын – нæ хæринаг, цъитидон – нæ нуазинаг.
                         Цъæмæлтæй кæрдзын нæ цæуы.
                         Æдзæхх кæрдзын гуыбыны нæ тайы.

                         Фæнычы фых кæрдзын адджындæр у.
                         Кæрдзын номгæнæг у.

                         Кæрдзын кадæн дæр у ’мæ номæн дæр.
                         Хъарм донгонд дзул æмæ хъæбæр цыхт иумæ фидауынц.
                         Æнæ ахсæнæй цыхт нæ ахсы.
                         Сылыдзыхтæй къæдор чындæуы.

                         Ай дын бæрдын, ай дын хъуылæг, æмæ нын иæ цæгъдинагæй царв
                  ысцæгъд!
                         Сæрæй – исгæ, бынæй – ахадгæ.

                         Уæлейæ –  исгæ, бынæй – ахадгæ.
   32   33   34   35   36   37   38   39   40   41   42