Page 38 - книга, гастроном
P. 38

Нæртон лæгæн йæ гуыл гуыдыны йас.

                         Нафы гуылау ыспух и.
                         Хом хал – æнтысаг, фых хал – ахадæн.
                         Ахадæн бæркадæн æвдисæн лæууы.

                         Фых хойраг бирæ нæ хæссы.
                         Фых хойраг мыггагæн нæ бæззы.
                         Дзулы хом – зæнджы магъз.

                         Сиры хæрд – къæсæрмæ, дзыккайы хæрд – хохмæ.
                         Сиры хæрд – къæсæрмæ, цæкуыйы хæрд – хохмæ.
                         Сир-мир – къæсæрмæ, цæкуы-мæкуы – хохмæ.
                         Сир – сыффытт, дзыкка – хъуыррытт.

                         Сирхæрæг – цингæнаг.
                         Дзыккайы сой – сиры дзыхъхъы.

                         Хомыс сирæн – ирхæфсæн.
                         Къæлуа фынгмæ хæссынæн нæ бæззы.
                         Къæлуа дзуары бынмæ нæ хастæуы.
                         Къæлуайæн дæндæгтæ нæ хъæуы, мылытæ дæр æй баууилдзысты.

                         Касхæрæгæн йæ уидыг йæ сины вæййы.
                         Мисыны номыл йæ ком ысуагъта.
                         Чидæр мисыны номыл мархо бахордта.

                         Æхсæвæрæгæй комуадзæгау.
                         Ком ысуадзынæн хъолоджын дæр бæззы.
                         Тыппыронæй ком ничи уадзы.

                         Сæндæгхор фидиссаг у.
                         Булкъ судзаг у, фæлæ ахсæны хорз тайы.
                         Булкъ æмæ мыд иумæ фидауынц.

                         Мыд алы хæринагимæ дæр фидауы.
                         Мыды къус – цæлы хос.
                         Хохаг хæринаг хæрзад у.
                         Арс мыд хæры!

                         Хойраг хойрагæн рын у.
                         Маст хæринаг адджынæн нæ бахæрдзынæ.

                         Лæг царв æмæ мыдæй дæр хъыг кæны.
                         Æндæр хор æндæр ад кæны.
                         Хæрам хойраг нæ тайы.
                         Сатанайæ фæзæгъынц, нозт кæнын, дам, уымæй баззад.

                         Æлутоны ронг.
                         Æлутоны ронг бахсидут!
                         Сатанайы цонгæй æнтыд фæу!

                         Сатанайы къухæй æнтыд фæут!
   33   34   35   36   37   38   39   40   41   42   43