logo

М О Я    О С Е Т И Я



ЗАР

Мæ синхон киææн æ зæрдæ
Ку зонинæ, ку, бæлвурд,—
Уæд зæгъинæ ин цидæтæ,
Уæд зæгъинæ ин еу дзурд...

Фæццæуидæ минæвари
Гъур-гъургæнгæ нæ тикис,—
Æрхæссидæ мин лæвари
Æрхи агæ æд рæхис.

Десæ-месæ уæд сор-сера
Исфицинæ  аги дзаг,—
Бахуæринæ уотæ берæ
'Ма фæууинæ кæуйнаг...

1909

Киристонгъæу