logo

М О Я    О С Е Т И Я



БУНДОРИ   ГЪАРÆНГÆ

Æмбес æхсæви мæйрохсмæ
Ку æрхуссуй гъæу æнцад,
Бакæнуй, цид, æрхунбадæ
Нзе зæронд бундор уæлнад...

Гъæйда-гъа, кæун нийдайуй,
Нæ уорамуй цæстисуг:
— Рацæйевгъудæй мæ догæ,
Ниццæйкалдæй мæ мæсуг.

Нур сиййивтонцæ дзамантæ,
Æристадæй æндæр цард,
Нур феронх æнцæ бундортæ,
Фæттæргай æнцæ идард...

Исфæлхаттæй нур дзилагæ,
Неке хонуй мæн хуцау,
Нурмиккон мæмæ зæнхонтæй
Некебал æй æнгъæлдзау...

Нецибал дæн æз мед адæм,
Нецибал æй мæ амонд,
Нæбал ерун фæтки адæ,
Кувд, минасæ 'ма нивонд...

Ка нæ зонуй мæн гузавæ,—
Ку лæдæридæ мæнау...
Тæходуй æма и зæнхæ
Ку ниттонидæ фæлтау!

Нæ зæронд бундор мæйрохсмæ,
Ку æрхуссуи гъæу æнцад,
Гъе уотæ кæуй æноси
Далæ коми и уæлнад.

1927