logo

М О Я    О С Е Т И Я



ГУДЗУНА

I

Æ сæууон тунæ цъетемæ
Хор идзулгæ нивæндуй.
И сау хонхæнæ циргъ бекъæ
Сузгъæрийнæй фæлгъæндуй.

Уалае фахси, сурх тæмæнтæ
Кæми калуй бобона,
Фæццæйæскъæруйæ дзогæ
Фæлвæрай-фурт Гудзуна.

Лæузæнгойнæ, сæппæркъегин,
Дивилдунтæ, лацамарз,—
Фæццæйгъузуй, цæветтонгæ,
Дзебæлгæнгæ гъунтъуз арс.

И гъæугони, зур-зургæнгæ
Кæми ледзуй сауæдон,
Æристадæнцæ дондзаутæ
Æд къустелтæ сæумигон.

Гудзунабæл айуангæнгæ
Нихходунцæ къæл-къæлæй,
Фал не сдзоргæй, фæццæйцæуй
Фæлвæрай-фурт дзæидæлæй...

Гъей уæууæй, уæууæй, фæлтауги
Цард фесæфæд, цæй, бунтон,—
И силтæ дæр ма ходунцæ
Гудзунабæл сæ фæндон...

II

Устур фæзæ ее еу рауæн,
Кудзæфтауæн йе хуннуй.
Æнæ ехъæртгæ и тегъæмæ
Йе цæстæмæ нæ зиннуй.

Фал ку скастæуа уæлтегьæй,—
Фæзæ лигъзæма кæдзос,
Хуæнхтæ, гъæдтæ хæлæмултæй
Æрзилдæнцææ фалдзос.

Гудзунайæн йе —æ хезнæ...
Æ уодæнбал —æ хæтæл
Хебæрагиæ уæлдзогæ
Æривæруйæ цъухбæл.

Гъæйдæ-гъа, цæгъдун нийдайуй,
Æд хæтæлæдули нæй.
Уой десгæнгæ ниффæнзунцæ
Хуæнхтæ, кæмттææмбурдæй...

III

Æхсæрдзауæни кизгайтæ
Гъаст саразунцæ фæстунд.
Нæ син фæууй сæ цинæмæ
Гудзуна дæрæнæ хунд.

Лæседæхсæрæй горентæ
Фæлкъевунцæ зилдæгæй,
Кафгæ-кафгæ низзурунцæ
Уони сæрти гæпгæнгæй...

Уониæрдзæфæнæ фæнзгæ
И зæгъæн дор нæ лæууй,
Уони цинæй, уони гъазтæй
Арв сæ сæргъи идзулуй...

Фал ци 'нкъардæй Фæлвæрай-фурт,
Фæлвæрай-фурт Гудзунаæ
Йе гъæуама и медгъазтæ
Æнгулдзæхтæ искæна...

Уæзбунгомау дзæндæл-кафæ
Æрцæйкæнуй нæ фиййау.
Бæргæ гъавуй гæпп кæнунмæ
Йе горенбæл, фал—уæууау!

Æризгъæлунцææхсæртæ,
Æрихæлуй и горен,—
Æвæццæгæн, цурддзинадæй
Фæлвæрай-фурт нæй Кермен.

Гъæр ходунцæ и кизгайтæ:
— Дæ ниййерæг, Гудзуна,
Дæ тæрегъæдæй ингæни
Æ дзиккотæ ниттона!

Гъей, уæууæй, уæууæй, фæлтауги
Цард фесæфæд, цæй, бунтон,—
И кизгуттæ фæххудтæнцæ
Гудзунабæл сæ фæндон...

IV

Гъазт фехалдæй... Сæ дзæкъолтæ
Æхсæрдзагæй, уотемæй
Ниуурдуг унцæ кизгуттæ
Далæ гъæумæ авдемæй.

Æ лæдзæгбæлæ уæлдзогзе
Фæрсæнцойнææркæнгæй,
Къех истуй фиййау уæлтегъæ
Уони фæсте фæлгæсгæй...

Æ зæрди бунæй гузавæ
Лæкъунгæнгæ игуруй,
Цæветтонгæ ма фæстегъæй
Таруг мегъæ исбуруй.

Цæмæнæй цумаæгадæ
Йе фæсевæдиæхсæнæ
Кæбæл гъараæ тæрегъæд,
Ка 'й и дзиллиæ лимæнæ

Цæмæннæ зонуйæ радæ
Йе цийни усми мед гъазтæ
Цæмæн римæхсуй кизгаййæй
Йе зæрди хурфиæ уарзтæ

Цагъарау хæссуйæ догæ
Æнæтхалгæ,æвæндон...
Гъей, уæууæй, уæууæй, фæлтауги
Цард фесæфæд, цæй, бунтон!

Гъеуæддæр, мæгур,æ зæрдæ
Æ хæтæлмæ нæ лæууй,
Исæргъувуй уойæ цъухмæ,
Нæртон цæгъдæ никкæнуй...

Ниффæнзунцæ уой десгæнгæ
Хуæнхтæ, гъæдтææмбурдæй,
Нигъгъæрзуицæ, цæветтонгæ
Фæттæрсунцæ лæбурдæй...

Йес еу рауæн и цæгати
Десæ-месæ сор лæгæт,
Гъеуой медæг фæййеуæнцæ
Гудзунаæма Бæбæт.

Цилпæ рехæ, гебенагин,
Уги хæццææмæнгæс,—
И зæронд Бæбæт берæ 'нзти
Æрцæйхаттæй —æр сæгъгæс.

— Уо, зæронд лæг,— исцæйдзоруй
Фæлвæрай фурт Гудзуна,—
Æз корун ди, цæй, байгъосæ,
Æхсицгон дин ку нæ уа,—

Гъеуæддæр мæ загъд абони
Ду фегъосæ мæ цъухæй.
Нæ фæдздзордзæнæн изолти,
Зæгъдзæнæн дин цубурæй...

Идтæг рагæй мин дæ кизгæ
Æй мæ зæрди бæлдатгонд.
Гъей, зæроид лæг, мæн абони
Ду ма схонææнамонд...

Ду абони барвæндонæй
Банимайæ Гудзуиай.
Агорун ди уодæмбалæн
Дæ еунæг кизги — Гудзай...

Ма мин кæсæ мæ мæгурмæ,
Кæд нæ дæн абони хъал,
Нифс хæссун уæддæр цæрунмæ,
Нæ уодзæнæнæн' амал...

Æрцаейдауйæ роцъотæ
Уæзбун къохæй нæ сæгъгæс,
Бэезгии хъурæй ниццæйходуй:
— Мæпæ десæма тæмæс!

Гудзунайæн, дан, дæ кизги
Исцæй кæнæ уодæнкъай!
Æвæццæгæн, нæ фæууидæ
Уæд и гобиæнæ хай!..

Уæхæн лазæ, уæхæн незæй
Байергъæв кæнæд хуцау!
Мабал истæ, цæй, мае цори,
Фæттæргай уо, цæй, фæлтау...

Æхсæйвон мæйау нийзадæй
Фæлвæрай-фурт Гудзуна.
Уотемæй истуйæнцойнæ.
Ци ма зæгъа, ци кагнаæ

Гъей, уæууæй, уæууæй,æнгартæ,
Цард фесæфæд, цæй, фæлтау,
Фæццæйхудтæй Гудзунабæл
И сæгъгæс дæрæнæвгъау...

VI

Арви стьалутæ цæфсунцæ,
Æйæхсæвæ ирд, кæдзос.
Мæйæ ленк кæпуй уæлхуаенхтæ,
Рæдзæхсуй дуйпебæл рохс...

Фалæхсæви гъос ихалгæ
Форд не 'нцайуй, гъæр кæиуй...
Æ фур мæстагйæ цæхъалтæ
Йе бил-дорбæл ниццæвуй.

Зуст фентъохуйæ пурфаентæ,
Дортæ, къолтæ пурфгæнгæй,
Цæветтонгæ,æ зин тохи
Йе унгаеги исгъигæй...

И уæлайнæг и донгони,
Кземи зайуй цагъана,
Цæмæн бадуйæнафони
Фæлвæрай-фурт Гудзунаæ

Кæд сирадæй Гудзунайæн
Æ мæгур зæрди зин мает,
Ма и донмæ багæлдзунмæ
Хе гъавуй нур баæвастæ

На, не 'рхæедзæнæйæ сæрмæ
Уæхæн фæндæ нæ мæгур,
Æидæр фæндæ,æндæр сагъæс
Уой тухсун кæнунцæ нур...

Йе гъæуама нур мед-адæм
Федис дарæг мабал уа,
И дуйней тохиæд кадæ
Йе фæлтауги рамæла...

VII

Æрбахъæртуй Дигоргоммæ
Æвепнайди фуд хабар:
Æрбацæунцææфсæдтæ,
Сæ сæргъи цæуæг — Мулдар...

Рафæдесæнцæ Дигорæ
Далæ коммææнгурфæй.
Æрцæйистунцæ тæрхони
Далæ Моргиæмбурдæй...

Ци кæнонцææ Истохунмæ
Ку нæ бæззуй сæ фадат.
Ку нæййес сæмæ сæ фагæ
Тохæн гæрзтæ, тохæн фат!

И фæдесонтæй еуетæ
Æрхæссунцæ уæхæн загъд.
Фал медæмбурдæй амонæ
Йеу рацæйцудæй уайтагъд.

Æ уæл суйнææ кæрдбадзæ,
Лæузæнгойнæ, сæппæркъе,
Топп йе рагъи, уотемæйти
Гъæр зæгъуйæмбурдæн йе:

— Гъей, хуарз адæм, гъей,æнгартае
Цæй, ма 'рниллæг уæд нæ ном,
— Цæй, ма 'рбауадзæнæлдари,
Байертъæв кæнæн нæ ком!

Нæ бæлстæнцææлдайрадæ
Нæ фидтæлтææппундæр,—
Нурæлдарæй фæттæрсунмæ
Кудæрхæссæн мах нæ сæрæ

Фæкъкъехæнцæ сæ фур десæй
Нæ игъосгутæ куддæр,—
Кæцæй фæцæй Гудзунамæ
Уæхæн зæрдæ, уæхæн сæрæ

VIII

Тох райгонæй Дигоргоми
И дуккаг сæуми уайтагъд.
Æд-æхсæвæ,æд-æбонæ
Нæ гъос кæнуй топпадзагьд ...

Скъотт кæнунцæ фæдтæ коми,
Уони гъæрмæ гур-гурæй
Ниййазæлунцæ и хуæнхтæ
Нигъгъæрзунцææмбурдæй...

Далæ коми ес хуггойнæ,
Æйæ хурфæ фур гъуна.
Гъе уордæмæ бацæйбурдæй
Фæлвæрай-фурт Гудзуна...

Гъе уордиги фæрсæнцойнæй
Йе фудголмæ фæлгæсуй,
Ниццæйгъавуй и тумугъмæ,
Фат не 'вгъаугæнгæй,æхсуй...

Æртæ 'хсæви,æртæ бони
Тох не 'ргъосæйæппундæр.
Бæзгин хъурæйæвеппайди
Фæгъгъæр киндæй кæцæйдæр:

— Гъей, фæсевæд, ци фæцайтæ,
Знагæрбампурсуй, фæдес!
Знагæрбампурсуй,æхсетæ,
Нифс,æхсарæ кæмæ йес!..

Тох ситингæй... Скъотт кæнунцæ
Фæттæ коми гув-гувæй...
Уони гъæрмæ нигъгъæрзунцæ
Хуæнхтæ, гъæдтææнгуфæй...

Уалæ мегътæ пъæстугæйттæй
Фæццæйледзунцæ мед арв,—
Æ фуртæссæйæнæзмæлгæ
Сирд нинцъулдæй хункъи арф.

Фал ци 'рцудæйæ Ку фæгъгъосæй
Æвеппайди тугъд куддæр.
Гудзуна дæр и хуггойнæй
Æрцæйкæсуй 'дзинæгдæр.

Исцаейцæунцæ бæхгинтæ
Далæ коми фæд-фæде.
Фал Дигорæ ци фæцæнцææ—
Фæттæ сæмæ извбал йе.

Гудзуна, мæгур, нинкъардæй...
Зæрдæдзæугæ нæй и хуæст.
Йеугурæй маæ бæрцдони
Æртæ фати йесæрмæст.

Æртзе фати истохунмæ
Нæ бæззунцæ, фал уæддæр
И фудголæй фæттæрсунмæ
Йс не 'рхæсдзæнæйæ сæр.

Гудзунабæл уотæ 'нцонæй
Хает не 'рцæудзæнæй фæндаг.
Толп ралхъевуй,— фæддæлвазæй
И бæхгинтæй сæ фиццаг.

Фæссидзмудзæнцæ бæхгин-тæ,
Тох фезмæлдæй нæуæгæй.
Скъотт кæнунцæ фæттæ коми,
Ком байдзагæй сæ нæгæй...

IX

Фæлвæрай-фурт,æнæ равги
Ду ку скодтай хъазауат,
Фал тугъдон зинги симбалдæй
Раст дæ зæрди издин фат...

Бацæйкалдæйæнагъоми
Дæхе барæй дæ зин цард.
Далæ коми и хуггоми
Нур лæууй, лæууй дæ мард.

Сах не 'ркалдзæнæй хебари
Кедæр кизгæ цæстисуг,—
Дæ фæсмæрдæ коми кадæн
Гъæу не сдасдзæнæй мæсуг.

Фал нæ дæ уæддæрæгадæ,
Уо, мæгурдæйраг фиййау!
И дуйней хæстиæд гæрзтæ
Ду фесавдтæ сæрвæлтау.

Далæ коми, и къундæги
Ниццæйсагъдæй сау къæйдор
Стæн зиннуй си и фецауæг,
Стæи кæсуй имæ и хор.

Ку фæззинуйæстæй-астмæ,—
Гъе уой фалдзоси лæгай,
Æринцайгæй и къæйдорбæл
Æримисуй Гудзунай.

Бæзгин хъурæй ниццæйзаруй,
Над игайгæ еунæгæй.
Уой сæ деси ниффæнзунцæ
Хуæнхтæ, гъæдтææмбурдæй.

Уалæ фахси сурх тæмæнтæ
Кæми кæиуй бобона,—
Нæбалæскъæруйæ дзогæ
Фæлвæрай-фурт Гудзуна.

И гъæугони, зур-зургæнгæ
Кæми ледзуй сауæдон,—
Нæ ходунцæ Гудзунабæл
Нур дондзаутæ сæумигон.

1934

Мостиздæх