logo

М О Я    О С Е Т И Я



ГЪОНГÆСИ ФУРТ МÆГУР   МÆХÆМÆТ

I

Цæй, байгъосетæ мæ кадæнгæмæ,
Мæ кадæнгæмае, нæ рæсугъд ахил!
Фидтæлти доги нæ бæрзонд хуæнхти
Ку исцæй кодта æнæуаг æстонг.
Нæ цъæх хонсæрттæ, нæ цъæх будуртæ
И хори тъæпмæ ку ниссугъдæнцæ.
Æнæ хуаллагæй нæ фонси мортæ
Уæд райдæдтонцæ цæгъдуни кæнун.
Нæ паз-рæбунти, нæ къозæ гъæдти
Ку нæбал цудæй мæлхъи зарунгъæр.

II

Ку рацæйцудæй уæд даргъ гъæунгти
И гъонгæси фурт мæгур Мæхæмæт,
Ку рацайцудæй къолæ бæрзæйтæй,
Æ пихцил ходи бæгънæг арæзтæй.
Æ рахез къохи æ фиййау-лæдзæг,
Æ галеу фарсæй æ сау кæрдбадзæ,
Æ еу суйнæбæл æ медгæрз-ронæ,
Æ дуккаг зæрдæ — æ зарæн хæтæл.

III

Ку æрхæццæ уй устур нихæсмæ,
Устур иихæси и зæронд адæм
Сæ геугæ бадти ку егаунцæ,
Ку егаунцæ мæгур фæлгæлæс.
Хуарз байрайетæ,  уæ фæрнгун   адæм!—
Исдзоруй сæмæ мæгур Мæхæмæт.
Æгас æрцæуай, уæ лæппо-лæгай!
Кæцæй цæуæг дæ, ци хабар зæгъай?
—Ци хабар зæгъон?  Мæ зæронд фиди
А мæгур доги цæмæй фæддарон,
Гъеуой амалæн нæ мæгур гъæуæй
Æз фесхъæтæг дæн куст агорунмæ.
Ку зæгъунцæ ин и зæронд адæм:
—Ауæхæн заман, ауаехæн доги
Неке бон бал æй ихуæрст бакæнун.
Фал цæугæ, нæ хор, и хани гъæумæ,
Кæдимайди дæ хан байхуæрсидæ.
IV

Æризæрмслтæ 'й, и мæргъти зарун
И гъæди медæг ку фæссабур æй,
Уæд гъонгæси фурт мæгур Мæхæмæт
Ку бахæццæ уй и хани гъæумæ.
И гъæугæрони бæргæ æрлæууй,
Бæргæ æрлæууй, æ даргъ хæтæлæй
Борæмæлгъи зар бæргæ никкæнуй.
Ку фæдздзоруй уæд хан косгугæмæ:
—Ци дессаг æй йе, ке зарун цæуй?
Ка уодзæнæй йе, ке зæрдæ зæгъуй
А мæгур анзи хæтæлæй цæгъдун?
Ракæсетæ 'ймæ, æрбакæнетæ 'й!

V
Æрбакæнунцæ уæд хани цормæ
И гьонгæси фурт мæгур Хæмæти.
Бæронд мæсугæй и хани кизгæ,
И хани кизгæ, Гиданнæ-рæсугъд
Уæд ку ракастæй хæтæлдзæгъдæгмæ.
Мæхæмæт адтæй иуонггин лæхъуæн,
Урух цæститæ, бæзæрхуг арæзт.
Æ фиццаг уиндæ, æ фиццаг бакаст
Гиданни зæрдæ бæргæ ниццæвуй.
Ку æрфæрсуй хан мæгур Хæмæти:
—Кæцæй  цæуæг дæ,  кæмæй уодзæнæ?
Циуавæр хъал дæ, нур æстонг анзи
Хæтæлæй цæгъдун ке зæрдæ зæгъуй?
Ку зæгъуй Хæмæт уæд хестæр ханæн:
—Нецæмæй хъал дæн.  Мæ фур гузавæй
Кæуни фæлтау хæтæлæй цæгъдун.
Мæ зæронд фиди цæмæй фæддарон,
Гъеуой амалæн æз рацæйцудтæн
Нæ мæгур гъæуæй куст агорунмæ,
Дæн   гъонгæси   фурт   мæгур   Мæхæмæт.

VI
Бацудæй Хæмæт хани зæрдæмæ,
Æрæйуорамуй ихуæрсти номæй:
—Цæй, косæ мæмæ анзи нимæдзæй,
Дæ зæронд фиди цæмæй фæддарай,
Гъе уой фагæ дин мизд ку ратдзæнæн!
Исарази æй мæгур Мæхæмæт
'Ма ку рапдайуй и хани тургъи
Цæрун-хуæрунтæ ихуæрсти номæй.

VII
Изæри усми æ даргъ хæтæлæй
Мæгур  Мæхæмæт  ку ниццæгъдидæ,
Уæд хани кизгæ Гиданнæ-рæсугъд
Бæрзонд мæсугæй сах нийгъосидæ.
Уарзт  райгъат уидæ уæд йе 'взонг зæрди,
Хори тунау йин барохс кæнидæ
Æ рæсугъд æнгæс, æ рæсугъд цæсгом.
Уотемæйти, иид, боневæнгæнгæ,
И афонæ дæр куд нæ лигъдайдæ?

VIII
Ци 'й, ци згули йес и хани тургъи?
Тарст мулдзугутау раледз-баледзæ,
Гъуди зелæнтæ цæмæн кæнунцæ
И тургъи медæг хани косгутæ?
Рæсугъд Гиданнæ — хани кизгæмæ
Минæвæрттæ йес æлдари фуртæй.
Хан саразта син устур хинститæ,
Устур хинститæ, цинæдзийнадæ.
Уалдзигон хорау ку идзулунцæ,
Ку идзулунцæ и минæвæрттæ.
Нæй   идзулд   æрмæст  рæсугъд   Гиданнæ,
Нæ цинæ кæнуй бæрзонд мæсуги.
Уæд ферветуй йе æ хан фидæмæ,
Æ хан фидæмæ æ косæг кизги.
Ку радзоруй ин лигъстæ гъæлæсæй:
—Мæ уарзон фидæ, ку нæ мæ фæндуй,
Ку нæ мæ фæндуй æлдари фуртмæ,
Цæмæн дæттис мæ æнæбарвæндæй,
Æнæбарвæндæй, дæ тухеуæгæй?

IX
Уæд дзоруй и хан йе 'взонг кизгæмæ:
—Кæд æлдари  фурт нæ бæззуй дæуæн,
Уæд бæззон æдта ка ма уодзæнæй?
Ку дзоруй кизгай æ хан фидæмæ:
—Мæ уарзон  фидæ,  зæгъдзæнæн дин æй,
Мæ кизгон зæрдæ хæстæгдæр кæмæ 'й,
Кæд дæттис мин ду зæгъуни барæ!
Æ кизги зæрдæ балæдæрунмæ
Æнæ мæстхузæй хан исарази уй.

X
Уæд зæгъуй ханæн Гиданнæ-рæсугъд:
—Йес еу адæймаг, мæ кизгон зæрдæ
Æхецæн æмбал, æхемæ хæстæг
Ке бакæнидæ барæвæндонæй.
Ка уодзæнæй йе, зæгъдзæнæн дин æй:
И гъонгæси фурт мæгур Мæхæмæт.
Нирризтæй и хан æ медбунати,
Неци исдзурдта дзæвгарæ усмæ,
Æрæгиау  ба мæстгун гьæлæсæй,
Къохæй æвзедгæ, нигъгъæртæ кæнуй:
– Уæ гъæла кизгай, ду аци бонæ
Ку фæууиндзæнæ, куд фæууарзунцæ
Ханти кизгуттæ гъонгæсти фуртти!

XI
Ци 'й, ци згули йес и хани тургъи?
Тарст мулдзугутау катайтæгæнгæ
Цæбæл зелунцæ хани косгутæ,
Хани косгутæ и тургъи медæг?
Уæд ракæнунцæ мæсуги цормæ
И гъонгæси фурт мæгур Хæмæти,
Циргъ фæрæтæй ин æ саудзикко сæр,
Æ саудзикко сæр ку ракъуæрунцæ.
Тогæйдзагæй æй циргъ мехи фийбæл,
Циргь мехи фийбæл æрцæйкæнунцæ.
Уæд радзоруй хан и косгутæмæ:
— Базонетæ нур, куд фæууарзунцæ
Гъонгаести фурттæ ханти кизгутти!

XII
Уотæ рæхги дин мæсуги хурфæй
И косæг кизгæ ку рацæйуадæй,
Кæун гъæлæстæй ку рацæйдзурдта:
— Уой, хани кизгæ Гиданнæ-рæсугъд
Болат кæрдæнæй ку рарæхуста,
Ку рарæхуста  æ тæккæ зæрдæ…
Ку рауæлгоммæ 'й мæсуги хурфи
Мосуги хурфи тоги аурхæнти!
Къех райзадæнцæ уæд игъосгутæ,
Цæветтонгæ ма сайди фæцæнцæ,
'Ма фестадæнцæ æмир цавддортæ.