logo

М О Я    О С Е Т И Я



МÆ ФÆНДЫРМÆ

Зар ды дæр, мæ хъисфæндыр, зæллангæй!
Цардæн мах дæр бафидæм йæ хæс.
Зон дæуæн мæ зæрдæйæн йæ тагтæй
Хъистæ скодтон, фидар хъистæ, æз.

О мæ фæндыр, уарзын дæ æз, уарзын!
Демæ 'рвитын алы бон мæ цард.
Демæ æз зындзинадæн фæразын,
Демæ æз нæ фæкæнын æнкъард.

Ды мæнæн мæ царды 'мбал – æнусмæ,
Махæн нæй фæцух уæвæн зæххыл.
Æз дæуимæ никуы кодтон бустæ,
Æз дæуимæ никуы кодтон хыл.

Уарз мæ, уарз, мæ хъисфæндыр, мыггагмæ!
Æз сæрыстыр, бузныг дæн дæуæй.
Æз дæу никуы 'руадздзынæн æгадмæ,
Æз дæу никуы акæндзынæн уæй!..

1939