logo

М О Я    О С Е Т И Я



Кæм дæ, кæм дæ, мæ райгуырæн хæхбæстæ

Кæм дæ, кæм дæ, мæ райгуырæн хæхбæстæ,
Цы фæдæ, цы, мæ ивгъуыд бонты цард?
Кæмдæр кæугæйæ ихсийут мæ фæстæ,
Нæ сæгдзыд къæс, мæ иунæг хо, мæ мад.

Цы ран ыстут, мæ рагбонты лымæнтæ,
Кæдæм фæлыгъд уæ хъæлдзæг худт, уæ хъазт?
Тæрсын, æваст куы фæсыкк уой мæ фæндтæ,
Æмæ æууилы ме взонг зæрдæ маст.

Мæ фæстæ-иу зæрдырай ут уæ цардæй,
Фæсурæд фарн уæ зын, уæ рынтæ дард.
Æз цалынмæ нæ амæлон нæ бартыл,
Уæдмæ æлвæстæй дардзынæн мæ кард!

1942 азы 8 мартъи
Сталинграды облæст, Суровикинойы станицæ