logo

М О Я    О С Е Т И Я



КАВКАЗ

Мæ уарзон райгуырæн Кавказ,
Мæнæн зынаргъ дæ ды.
Мæн демæ акæнын ныхас
Зæрдиагæй фæнды.
Ды дæ ныййарæг мад мæнæн,
Дæ хъарм хъæбысы æз
Ысхастон хъæлдзæгæй, фæрнæй
Сывæллонæй мæ рæз.
Зымæг дæ тымыгътæ, дæ уад
Мæ авдæн-иу уызтой,
Сæрд та дæ хъал дæттæн сæ зард
Æз хъæлдзæгæй хъуыстон.
Æз уарзтон сау айнæг хæхтæн
Сæ къуылдымтыл хæтын,
Сæ зардæытæ нæ хъал мæргътæн
Мæ зæрдæмæ хæссын.
Ды радтай царды цин фæрнæй,
Æнæвгъауæй мæнæн.
Æмæ, гъе уый тыххæй дæуæй,
Кавказ, æз бузныг дæн.
Кæрон мæ уарзонадæн нæй,
Зынаргъ мын дæ, зынаргъ!
Тæхуды, чи скæны дзырдтæй
Дæ конд, дæ уындæн аргъ!
Дæ сонт, æрра дæттæн сæ хъазт,
Уынгæг кæмтты сæ дугъ,
Дæ урссæр цъититæн сæ каст –
Сæрыстырæй æдзух.
Æнусон тар хъæдты уынæр,
Дæ хъал мæргъты хъæлæс,
Кæнæ æхсæрдзæнты сæр-сæр
Куыд нæ уарзон, куы, æз!..
О, курын, сахуыр кæ мæн дæр,
Цæмæй æмбарон æз
Дæ диссадæы рæсугъд дæттæн
Сæ диссадæы хъæлæс.
Цæмæй хæххон донау рæсуг
Мæнæн мæ зæрдæ уа.
Цæмæй йæ зарæгау рæсугъд
Мæнæн мæ зард цæуа.
Цæмæй уа айнæг хохау раст
Æндон мæнæн мæ зард,
Цæмæй æхсæрдзæнау мæ хъазт
Зæрдæйы хиза арф.
Цæмæй кæддæриддæр æз уон
Нæ хъал Теркау ныфсхаст.
Цæмæй мæ зæрдæмæ хæссон
Хæстæг дæ цин, дæ мæт.
Цæмæй ды искæд бон, Кавказ,
Мæнæй зæгъай рæстмæ:
«Уый уарзта уарзон мадау раст
Йæ райгуырæн бæстæ».
1943