logo

М О Я    О С Е Т И Я



ХÆРЗБОН

Цæуын хæсты тыгъд быдырмæ,
Кæм судзы артау зæхх.
Хæрзбонтæ ут. Дæ хъæбулæн,
Мæ Ир, фæндараст зæгъ.

О, ма ку, ма, ныййарæг мад,
Мæ фæстæ ма кæн хъыг.
Нана, лæгæн уынгæг сахат
Зæрдæныфс нæу цæссыг.

Мæ рухс дуне, мæ удлæууæн,
Ды та цы 'руагътай сæр?
Ныууадз, ныууадз дæ сусæг куыд,
Дæхиуыл схæц уæлдæр.

Фæлтау мын ратт мæ фæндагмæ
Дæ уарзондзинад ды,
Цæмæй мын уа ныфсы суадон
Лæгæвзарæн хæсты.

1943 азы 7 октябрь