logo

М О Я    О С Е Т И Я



ЦÆЙ, ХÆРЗБОН, MÆ УАРЗОН!

Цæй, xæрзбон , мæ уарзон!
Æз фæцæуын балцы,
Ма-иу кæ мæ фæстæ
Иунæгæй æнкъард.
Диссагау дæм абон
Ма фæкæсæд м' ацыд,–
Сиды мæм нæ бæстæ
Тохыфæзмæ тагъд...
Фидар лæуу, мæ дуне:
Æз цæссыг нæ уарзын,
Мa-иу ку маæ фæстæ
Тар æхсæв æдзух.
Фидæнмæ та ногæй
Фестдзынæн дæ разы
Æмæ та дын худгæ
Райсдзынæн дæ къух.
Акса, мæ хур, уæлæ
'Нкъард зарæг кæнгæйæ
Mæргътæ дæр куы кæнынц
Хъарм бæстырдæм тагъд.
Фæлæ та фæстæмæ
Уалдзæгмæ бæлгæйæ
Райгуырæн бæстæмæ,
Зон, уыдзæн сæ тахт.

1941 азы 10 декабрь
Ростовы облæст, Слепихины хутор