logo

М О Я    О С Е Т И Я



КЪОСТА ХЕРСОНЫ

"Плачь! – я в грядущее наше поверю,
Слушая плач твой, родимый Кавказ!"
Коста


Æхсæв бæстыл сау нымæт æмбæрзы.
Кæс Херсонмæ, тарф фынæй хуыссы.
Ам Тарас Шевченкойы цъæх фæзты
Днепр хъазгæ, абухгæ бырсы.
Бæстæ  сабыр. Стьалытæ нæ зынынц.
Æрдз ныссабыр, ног чындзау ныхъхъус.
Фæлмы иууыл хæдзæрттæ ныгъуылынц,
Фæлæ 'рттивы иу хæдзарæй рухс.
Уат – хуымæгæг. Рудзындæы зыхъхъырæй
Рухс æддæмæ хьуызæгау кæны...
Стъол, сынтæг, зæронд сынтæг рæбынæй.
Кьулыл ауыгьд сау цухъхъа зыны.
Æмæ бады стъолы раз æнкъардæй
Иры номдзыд, сахь поэт. Иæ сæр
Къухмæ 'руагъта. Сау æрфгуыты тарæй
Сау цæстытæ нал калынц цæхæр.
Цард-цæрæнбон фидарæй кæй хъардта
Уый йæ уд сæрибарыл рæстæй,
Ардæм уымæн паддзахы лæгмартæ
Уый фæсырдтой райгуырæн бæстæй.
Æмæ бады цырагъы мæнг рухсмæ,
Хуыссæг дард йæ цæстытæй фæлыгъд.
Цæсгом бахус. Бур мыдадзау – рустæ.
Сау рихитыл халас дæр фæзынд.
Уасæг уасы... Сæр нæ комы базмæ.
Бонмæ бирæ нал баззади, нал.
Зæрдæ 'хсайы райгуырæн Кавказмæ,
Цæстыл уайы райгуырæн хьæу Нар:
Арф уынгæг ком. Сау айнæдæы фахсæй
Нар бынмæ æргьæвст цъиуау кæсы.
Уад нынниуы стонг сырдау, йæ разæй
Сисы мит, фæлдзæгъдæнæй хæссы.
Уад дзыназы, уад æнцой нæ зоны,
Коммæ 'фцæгæй рацæйхæссы мит.
Куы бындзарæй къæйдуртæ ыстоны,
Куы ныккæны сау калмау æхситт.
Хъустыл уайы сидзæрты дзыназын
Тар ыскъæты стонг æмæ сыдæй.
Мад йæ цæссыг цуайнагмæ ызгъалы,
Зæрдæ риссы сабиты мæтæй.
О Ирыстон! О мæ мæгуыр адæм!
Хьусын, хъусын дардмæ дæр дæ хъæр.
Æмæ абон æз дæумæ кæд дард дæн,
У уæддæр дæ сæрвæлтау мæ сæр.
Ку уал, ку, мæ райгуырæн хæхбæстæ!
Кæс æнхъæлмæ, райгуырæн хъæу Нар!
Мæн уырны, кæй уыдзыстут мæ фæстæ
Смах æнæмæнг рухс æмæ хæдбар.

1939 азы 27 октябрь