logo

М О Я    О С Е Т И Я



ФЫДЫБÆСТÆ

Лæгæн зынаргъ куыннæ вæййынц
Йæ бинонтæ, йæ мад!
Лæгæн зынаргъ куыннæ вæййы
Йæ рæзгæ бонты цард!
Фæлæ уæддæр, ныййарæг зæхх,
Дæуæн æмбал кæм и!
Дæуæй зæрдæйæн аддæындæр,
Зæгъ-ма мын, чи у, чи?!
Нæ урс хæхтæ, нæ тар хъæдтæ
Нæ хъал дæтты хъæлæс,
Нæ зад хуымтæ, нæ быдыртæ,
Нæ дидинæгдæын фæз,
Кæм хъазыдтæн æз сабийæ,
Кæм рæзыдтæн æдас,–
Мыггагмæ дæр сымахимæ
Мæ зæрдæ баст у, баст.
Нæ фыдæлтæ сæ хъарм тугæй
Дæу балхæдтой, мæ зæхх,
Нæ бæркаддæын фæллойæ дæ
Ысбуц кодтам дзæбæх.
Ды дæ мæ цин, мæ цардамонд,
Фыдыбæстæ, дæуæй
Мæнæн зынаргъдæр, аддæындæр
Нæ уыдис æмæ нæй.
Æрмæст дæ кой, дæ буц ном дæр
Ыстыр ныфс у лæгæн.
У суанг дæ сыгъдæг уæлдæф дæр
Æвдадзы хос мæнæн.
Æмæ дæ никуы ратдзынæн
Ызнагæн, зон уый ды.
Фæлтау мæлæт ыссардзынæн
Дæ сæрвæлтау хæсты!

1942