logo

М О Я    О С Е Т И Я



АДÆМЫ МАСТ

Мæ мастæн æрæнцайæн нæй.
Мæ фæндтæн тызмæг у с æ ахаст.
Зæгьут-ма, æмбæлттæ, цæмæй,
Цы карздæр, цы фыддæр дзырдтæй
Зæгъон æз мæ зæрдæйы сау маст!

Мæстæлгъæд фыдхорты æрдонг
Æрбабырста абон нæ бæстæм.
Æгъгъæд сын нæ уыди ныронг
Æмæ та сæ бафæндыд ног
Ысфæлварын тохы нæ гæрзтæ.

Знаг йе сæфт æдзухдæр уыдта
Нæ сæрибар адæмты цардæй,
Æмæ нæм кæд худгæ дзырдта,
Уæддæр æй мах тынг хорз зыдтам,
Кæй ныл цæудзæн иу бон мæнгардæй.

Нæ фыдæлтæм иу ныхас уыд,
Цæргæйæ сæдæ азты баззад,
Ыстыр раст ныхас у, бæлвырд:
Мæлдзыгæн, дам, йæ сæфт æрцыд
Æмæ, дам, ыл базыртæ разад.

Цы кæны, кæд афтæ у – хорз.
Кæд сæрра сты абон лæгмартæ
Уæд сын мах ыссардзыстæм  хос –
Ызды æмæ сау топпы хос,
Куыд никуал ысдзæбæх уой, афтæ!

Æмбæлттæ! Æрцыди рæстæг! –
Йæ фæстаг бон тугдзых лæгмарæн.
Нæ къухмæ, цæй, райсæм гæрзтæ.
Куыд уарзæм нæ Фыдыбæстæ,
Уый равдисæм абон ызнагæн!

Æмбæлттæ! Мæ дзырд у рæстмæ:
Фыдгулæн йæ бæрзæй сæтдзæнис.
Йæ сау рыг ыскæлдзæн хæрдмæ.
Рæстдзинад у мах фарс, æмæ
Уалахиз дæр мах фарс уыдзæнис!

1941 азы 23 июль