logo

М О Я    О С Е Т И Я



ФÆЗЗÆДЖЫ НЫВТÆЙ

Фæззæг ралæууыд йæ рады,
Бон фæлладхуызæй кæсы.
Дымгæ сау мигътæ цæгатæй
Хуссармæ хæссы.
Дон ныссабыр и, ыстæнæг,
Комæн нал хьуысы йæ сидт.
Халас быдыртыл хæрзтæнæг
Байтауы æвзист.
Хъæд йæ бур сыфтæр ызгьалы,
Хъæды булæмаргъ ныхъхъус.
Кæрдæг бур-бурид зæлдагау
Къуылдымтыл ныххус.
Фæлæ» акæс, хуымтæ – райдзаст
Хуымтæ сой æмæ бæркад.
Фынг бæрæчет уыдзæн ац' аз.
Хъæлдзæг та – нæ цард.

1939 азы август