logo

М О Я    О С Е Т И Я



ФЫСТÆГ МÆ МАДМÆ

Мæ фын фæлыгъди. Хуыссæг та мæ н 'ахсы.
Хæстæг у бон, æвæццæгæн, хæстæг...
Уæдæмæ, цæй, мæ райгуырæн Кавказмæ
Ныффыссон æз, гъе ацы 'хсæв фыстæг.

Ыссыгътон цырагъ ныккæнды æдæрсгæ.
Мæ чысыл пецы бафу кодтон арт...
Салам дæуæн, мæ райгуырæн хæхбæстæ,
Æнæниз у, мæ ныййарæг, мæ мад!

Æрвитын дын хæсты быдырæй абон,
Æрвитын дард Украинæй салам! –
Дæ буц хъæбул, дæ иунæг фырт, дæ уарзон
Нæ рох кæны дæу иу минут дæр ам.

Мæ цæстыл уайы райгуырæн хъæубæстæ,
Нæ хъæдынкъул, нæ æлыгбын хæдзар,
Дæ дæлбазыр кæм рæзыдтæн æдæрсгæ,
Кæм æрвыстон мæ рæзгæ бонты цард.

Мæ цæстыл уайыс алы бон, ныййарæг,
Цыма та бадыс рудзындæы раз ныр,–
Кæсыс æнхъæлмæ: «Искæцæй, мыййаг, кæд,–
Фæзæгъыс ды,– æрбазынид мæ фырт...»

Æз зонын хорз дæ хъуыдытæ, дæ фæндтæ,
Кæй у дæуæн æнæ мæн, нана, зын.
Æмбарын æз, кæй мыл риссы дæ зæрдæ,
Кæй дæм фæзыны хаттæй-хатт цæссыг...

Нана, дæ зæрдæ ма дзурæд мæнимæ,
Дзæгъæлы ма кæ, ма, нана, æнкъард,–
Куыд нæ дæн æз хæсты быдыры иунæг,
Нæ дæ ды дæр гъе афтæ иу, мæ мад.

Фæуыдзæн хæст! Нæ рæстдзинады кардæй
Ызнаг æрцæудзæн тагъд рæстæдæы саст.
Æмæ дæм уæд, ныййарæг мад, æз дардæй
Фæзындзынæн сæрæгасæй æваст.

1943
Хæцæг æфсад