logo

М О Я    О С Е Т И Я



МА КÆН ХЪЫГ

Хæрзбон, хæрзбон, мæ уарзон,
Æз дард балцы цæуын.
У а дудæы фæразон,
Ныууадз, мæ хур, кæуын.
Цæуын, цæуын æз абон
Хæсты быдырмæ раст,
Цæмæй уа рухс дæ амонд,
Дæ рæзгæ цард – æдас.
Цæмæй цагъарау бастæй
Ног ма 'рвитæм нæ цард,
Гъе уый тыххæй мæ фарсыл
Æз бабастон мæ кард.
Фыцы мæ уæнгты ног тых.
Æхсарæй мæ фæрсыс?!
Дæ цардамонд – мæ хотых,
Дæ уарзонад – мæ ныфс.
Æмæ хæсты фыдафон
Ызнадæы сау нæмыг
Мæн ку' амара, мæ уарзон,
Уæд-иу мыл ма кæн хъыг.
Нæ райсдзынæн хæдбарæй
Цагъайрадæы къæлæт,–
Хуыздæр æгады цардæй –
Сæрибарыл мæлæт!

1942 азы 27 февраль
Сталинграды облæст, Суровикинойы станицæ