logo

М О Я    О С Е Т И Я



МÆ ХÆС

Ирыстон, зын бонтæ æрвыстай,
Зын уавæрты бахауд Кавказ.
Дæ сæрмæ хæсты уад æртыхсти,
Æрбадти бæздæын мигъау раст.

Фæлæ нын нæ байста нæ амонд –
Раст айнæгау разынд нæ тых.
Æркодта йыл ацы ран сау бон.
Ныссаста йæ тугæйдзаг ных.

Ныр дæр ма мæ цæстытыл уайы
Гъе уыцы уæззау бонты таг,
Ирыстон, мæ уарзон ныййарæг,
Нæ хæхтæм куыд бырста ызнаг.

Кæйдæртау нæ фæлыгътæн тохæй,
Нæ бамбæхстон пыхеы мæ сæр.
Дæ хъахъхъæнæг сау айнæг хохау
Æрлæууыдтæн фидар æз дæр.

Фæуагътон уæд фæндыр рæстæгмæ,
Рæстæгмæ фæуагътон мæ зард,–
Мæ къухмæ æз райстон мæ гæрзтæ,
Æз райстон мæ топп æмæ кард.

Гъе уый тыххæй абон, Ирыстон,
Дæ разы мæ цæсгом у рухс.
Гъе уымæн дæн афтæ сæрыстыр,
Гъе, уымæн дæн афтæ хъал æз.

1942