logo

М О Я    О С Е Т И Я



ЦÆРГÆС

Ды хохы айнæгыл цæрыс,
Ды арвы бæрзæндты тæхыс.
Ды арвы хæтæнты хæтыс.
Ды дуне, дард рæттæ уыныс.
Цыфæнды дымгæ æмæ уад,
Цыфæнды тымыгъты зынад
Дæуæн нæ асæтдзæн дæ ныфс.
Ды уадæи акæныс хъæбыс.
Ды 'хсар дæ базыртыл хæссыс.
Ды мигътæй арвы 'хсæн вæййыс.
Бæллын дæ сахъдзинадмæ æз,
Хæххон æндонзæрдæ цæргæс.

1939 азы 19 апрель