logo

М О Я    О С Е Т И Я



МÆ ФÆДЗÆХСТ

Фыдыбæсты сæраппонд тохы,
Мыййаг, куы фæмард уон рæстæй,
Уæд-иу мæ мард фæласут хохмæ,
Мæ Ир, мæ фыдæлты бæстæм.
Æмæ-иу бавæрут, æмгæрттæ,
Мæн рагон сау къæдзæхты 'хсæн,
Цæмæй æхсырхуыз цъитидæгтæ
Рæвдауой с' аив зардæй мæн.
Цæмæй мæ ингæнмæ мæ уарзон
Фæсивæд хъазынмæ цæуой
Æмæ тæгæр бæласы аууон
Фыдæлты зардæытæ кæной.

1942 азы 13 январь
Ростовы облæст, Слепихины хутор