logo

М О Я    О С Е Т И Я



Дæ сусæг каст

Дæ сусæг каст,
Дæ мидбылхудт
Æхст фатау раст
Ныццæвынц уд.

Цыфæнды кæн,
Уæддæр дын нæй
Фæцух уæвæн
3æххыл мæнæй.

Æфсис мын нæй
Дæ уындæй, зон:
Æхсæв – мæ мæй,
Мæ рухс хур – бон.

1939 азы 21 июль