logo

М О Я    О С Е Т И Я



ФÆСТАГ САЛАМ

Мыййаг, хæсты быдыры искуы
Куы фæуон мард
Æмæ куы аскъуыйа æмбисыл
Мæ рæзгæ цард...
Мыййаг, куы нал фæуон кæронмæ
Мæ зарæг æз
Æмæ куы бамыр уа бынтондæр
Мæ сонт хъæлæс...
Мыййаг, куы фæсыкк уой мæ фæндтæ,
Мæ рухс фæндаг...
О, курын уæ, зынаргъ æмгæрттæ,
Æз иу хъуыддаг.
Зæгъут-иу мын мæ зæронд мадæн,
Куы фæуа хæст:
Хæсты быдыры, зæгъ, фæмард дæн
Цытимæ æз.
Зæгъут-иу нодæыдæр Кавказæн
Салам мæнæй.
Æцæг хъæбулау дæ, зæгъ, уарзтон
Зæрдæбынæй.

1942 азы 11 январь
Ростовы облæст, Слепихины хутор