logo

М О Я    О С Е Т И Я



ХЪАМА

Гъе, фыдæлты сау хъама,
Гъей, фыдæлты ныфс
Цалдæр азы ауыгъдæй
Къулыл ды лæууыс.
О, зæгъ-ма, дæ хорзæхæй,
Зæгъ, кæцы ран, кæд,
Цал сонт риуыл акодтай
Хъарм тугæй ды фæд?
Цал хатты мæйдар æхсæв
Калдтай ды тæмæн?
Цал тудæдæыны барвыстай
Цардхъуагæй мæрдтæм?
Абон рæстæг аивта,
Аивта дæ дуг.
Бафидыдтой тудæдæынтæ,
Нал кæлы сæ туг.
Фæлæ, баууæнд, не сивта
Абон дæр дæ ныфс,
Фидæн тохы, карз тохы
Ды, мæ хур, хъæуыс.
Гъей, фыдæлты сау хъама!
Аддæын дæ мæнæн.
Ды ныфс дæ, хъæбатыр ныфс,
Карз тохы лæгæн.
Знагæн ды цæстысындз дæ,
Ме 'рттиваг хæзна!
Ехх, цæй тынг дæ бауарзтон
Дæу, мæ сау хъама!
Айдæнау æрттив, мæ ныфс,
Хуры рухсмæ хъаз,
Знаг куыд риза 'мризæдæы
Хус сыфтæрау раст.
Æз дæуæй зæрдæрухс дæн,
Дæн дæуæй ныфсхаст.
Макуы æруадз худинаг
Ды мæ сæрмæ 'васт.
Гьей, фыдæлты сау хьама,
Аддæын дæ  мæнæн.
Ды ныфс дæ, хъæбатыр ныфс,
Карз тохы лæгæн.

1941 азы 3 май