logo

М О Я    О С Е Т И Я



ХЪÆМÆ

Мæ уарзон хъæубæстæ,
Мæ райгуырæн хъæу,
Æнæхъæн дæс азы
Æз нал федтон дæу.

Мæ цæстытыл уайы
Нæ ныллæг хæдзар,
Йæ сæгæйдзаг къултæ,
Йæ сæгæйдзаг цар.

Мæ цæстытыл уайыс,
Ныййарæг, ды дæр,
Цыма та мын сæрдмæ
Æмпъузыс цыдæр.

Куы 'рбайхъуысы уынгæй
Къæхтыхъæр, ныхас,
«Æрхæццæ мæ хъæбул»,–
Фенхъæлыс æваст.

О уарзон ныййарæг,
О ме схæссæг мад,
Кæд арæх æнæ мæн
Фæкæныс æнкъард.

Кæд фæндагмæ арæх
Фæцæуыс уынæг,
«Кæд искæцæй уаид
Мæ хъæбул зынæг»,–

Фæзæгъыс, фæлæ та
Æнкъардæй хъæмæ
Æрцæуыс, дæ зæрдæ
Æхсайы мæнмæ.

О, ма тыхс, ныййарæг,
О, ма кæн æнкъард.
Æнæ дæу мæнæн дæр
Нæу аддæын мæ цард.

Дæ сау гуырд дæр, ма тæрс,
Нæ фесæфт кæмдæр.
Зындзынæн та иу бон
Нæхимæ æз дæр.

Зындзынæн та ногæй,
Æмæ та, мæ мад,
Æрвитдзыстæм хъæлдзæг
Мах иумæ нæ цард.

1940