logo

М О Я    О С Е Т И Я



Охх, цæмæн райгуырдтæн æз æвзæрæй Ирæн!..

Охх, цæмæн райгуырдтæн æз æвзæрæй Ирæн!..
Кæнæ амæлын цæуылнæ мæ фæнды.
Уæ фæдæлдзæх уай, мæ ницæйаджы лирæ,
Кæд мæ худинаггæнæг дæ ды!

Уынгмæ рацу – худæгæй фæмæлынц адæм:
«Мæнæ ацы къæбæда – фыссæг.
Иу минут ын нæй йæ хæдзары æрбадæн,
'Хсæв дæр æй нæ фæахсы хуыссæг.

Цырагъ суанг боны 'рбацъæхтæм фæсудзы,
Раст æррайау фехъуысы йæ хъæр...»
Ахæм фаутæм зæрдæ та куыннæ рæмудзы!
Ехх, цæуылнæ асæттын мæ сæр!

Уæвгæ ницы дæн... мæхæдæг дæр æй зонын.
Тагъд ысбаддзæн ме 'мдзæвгæтыл сæг.
æмæ курын Ирæй: мачи мæ ысхонæд,
Мачи мæ ысхонæд мæн фыссæг.

1939 азы 4 октябрь