logo

М О Я    О С Е Т И Я



КАРД
(Балладæ)

Уæд æнафоны цыдысты хæстмæ,
Бæстæ уыд фæлладхуыз æмæ тар.
Мад йæ фыртæн разтыргъы фæдзæхста:
«Ма ныууадз дзæгъæл дæ фыды кард.

Уый дын тохæй рарвыста лæварæн...
Рызт йæ уæлæ хъарм тудæы æртах...
Æз дæуыл, мæ хур, мæ зæрдæ дарын,
Ды уæлахизæй кæй раздæхдзынæ тагъд».

Рæстæг уади, рæстæг маргъау тахти,
ÆÆмæ ракалд бутъыро бæлас...
Мæнæ рудзынгыл йæ урс сæр мад æруагъта,
Фæзы даргъивæзт фæндагмæ каст.

Æмæ чидæр бадзуры: «Æвгъау уыд...
Фæлæ кад... Æнæвидигæ кад...
Рухсаг, уæд, æна, дæ фырт, æрхауди
Æмæ рарвыста мæнæн йæ кард».

1941 аз