Ыстыр хæстæй æрцæугæйæ
Фæбадтæн æз нæ ныхасы.
Ыстыр хæстæй æрцæугæйæ
Фæмысыдтæн мæ тухитæ...
Ехх, мæ ныййарæг мад,
Нал уыди мæ бон!..
Иннабонæй-иннабонмæ
Фæцыдыстæм кæйдæр зæххыл.
Иннабонæй-иннабонмæ
Хæцыдыстæм кæйдæр зæххыл.
Фыдызнагимæ карз тохы
Нæ басасти нæ тых...
Æхсæв-иу мæй куы сцæйтылди,-
Мæхи-иу ыл ныффæдзæхстон,
Нылхъывтон-иу мæ дæндæгтæ,
Æд кард-иу размæ атахтæн...
Ехх, мæ ныййарæг мад,
Нал уыди мæ бон!..
Лæгæн тæригъæд чи кодта!
Лæджы цард ма кæмæ цы каст!..
Уæддæр фæстæмæ 'рцыдыстæм
Сæрæгасæй нæ хъæубæстæм...
Фыдызнагимæ карз тохы
Нæ басасти нæ тых...
Ыстыр хæстæй æрцæугæйæ
Фæбадтæн æз нæ ныхасы.
Ыстыр хæстæй æрцæугæйæ
Фæмысыдтæн мæ тухитæ...
Ехх, мæ ныййарæг мад,
Нал уыди мæ бон!..
1941 азы октябрь
Камышин