logo

М О Я    О С Е Т И Я



Идыл рæдзæ-мæдзæ кæны...

Идыл рæдзæ-мæдзæ кæны...
Йæ уылæнтæ ма узы,
Фæлæ сын уддзæф дары ронг...
Мæй доны ферттывта
сыгъзæрин къусау,
Æмæ ныттынг йæ налхъуыт рон.
Идыл,
фæлас-ма мæ, цæй, демæ,
Дæ цины цæстысыг мыл тау...
Æз дæн хæларзæрдæджын Демон,
Мæстыгæр, сонт
дæ уылæнтау.
Фыдуаг дымгæ цæры мæ риуы,
Сабыр – мæ бакаст та, мæ уынд,
Мæнæн æхсызгон у фæхудын,
Кæнæ æгомыгæй лæууын.
Идыл!
Фæнды мæ дуне фенын,
Æмæ мæ лас,
æмæ мæ лас...
Æз кувдзынæн дæуæн
æхсæвæй-бонæй,
Куыд кувы дымгæйæн бæлас...

1941 (?)