logo

М О Я    О С Е Т И Я



РАЙЫ АРВ

Райы арв мæ цинæй иууыл,
Дзуры мæм цыдæр æдзух...
Ахсæв сауæрфыдæы риуыл
Æз æвæрын ризгæ къух.

Æмæ судзгæ былтæй нуазын
Хъазгæ цардамонды хай.
Дымгæ сыфтæртыл дзыназы
Æмæ куры уый мæ къай...

Фæлæ буцхаст уæнгты ризын
Æмæ сусæггаг улæфт
Мæн фæлмæст хъуыдытæй хизынц
Ацы цинæйдзаг æхсæв.

Риуы хъарм улæфтæй гуыры
Ног сæнтты сырхзынг рæхыс...
Æмæ цæстытæм лæбуры
Худгæ ног амонды хуыз.                                    

1940 азы 3 август