logo

М О Я    О С Е Т И Я



Митыл мæйы æртхутджытæ хъазынц

Митыл мæйы æртхутджытæ хъазынц,
Зæхмæ ивæзы бæлæсты фист.
Уæ мæ пыхцыл сæр! Быдыр — дæ уазæг.
Нал та уромын
                      зæрдæйы рис...
Ниуы бæстæ
             зындоны цæхæры.
Лентау сау уадздзаг —
             фæндаджы тар...
Мигъты уæлæ
              зынг æвзæгтæй сдæры
Хъæуы сæрмæ
              æнæрмынæг арт.
Æз цæуын
             мæлæты фыддæрадæн.
Немыцаджы туг
             мæ джебогъæй фæтагъд...
Мæн цæрын фæнды,
             фæуром-ма дæ тахт,
Сау нæмыг!..
Æрра дæн...


1943
Калинины фронт