logo

М О Я    О С Е Т И Я



ЗÆХМÆ КУРДИАТ

Гъей, ныхæсты ныфс, мæнæй цæй дард дæ!
Гъей, цæй тыхджын дæ, зæрдæйы рад!..
О нæ зæхх, цæрынæн мæ ныййардтай
æмæ мын дæ урс æхсырæй ратт!

Мæн дæуыл дунейы уаг ныббаста.
Демæ ахицæн мæ хъару нæу.
Уарзын æз дæ хæхтæ судзгæ уарзтæй,
Уарзын æз дæ фæйлаугæ мæнæу.

Уарзын, о, фæлæ, зæгъ-ма, нæ дуджы
æз нæртон уæйгуыты 'хсæн цы дæн!
Курын, бауадз фидар тых мæ туджы.
Ма мæ бамбæхс де 'рттиваг тæмæн.

Мæн хъæуы дæуæй поэты хъару
æмæ 'ндон фæттæ æппæт дзырдтæн.
Гъей, кæм дæ, сæрибар дуджы уари,
Рахæсс-ма дæ базыртæ мæнæн!

1940 азы 29 июль Елхот